Кæд нæ хъуыдыкæнынад бынтон нæма сафтид æмæ йæ хæйрæджытæ нæ бацахстой, уæд ма хъуамæ нæ зæрдыл лæууа, нæуæдзæм азты райдианы нæм иу цыппурсæхсæв гуырдзиаг лæгхортæ æд куыйтæ куы ‘рбафсæрстой, уæд цы æнагъæттаджы митæ кодтой, сæ фæстæ цы фæд ныууагътой, уыдæттæ… Кæдæмдæриддæр сæ къух баххæссыд, кæмдæриддæр сæ къах æрæвæрдтой, уым алы ран дæр ныууагътой, зæххон адæм сыл хъоды кæй тыххæй хъуамæ бакодтаиккой, ахæм æнæзæрдæмæдзæугæ фæдтæ. Уæлдайдæр – нæ театры, нæ фарны артдзæсты…

Нæ хъæбатыр лæппутæ сæ горæтæй куы амæрзтой æмæ адæмæн, сæ куысты бынæттæм æдæрсгæ бацæуыны фадат куы фæцис, уæд бамбæрстой, цалдæр бон æмæ æхсæвы сыл тугуарæн цы гуырдзы кодтой, уыдонæн сæ æгъатырдзинадæй сæ хуыдзинад цъаммардæр кæй у. Хуы дæр ма, чи йæ нал фæхъæуы, уыцы фæлхортыл йæ бырынкъæй иуæрдæм ахæцы… Уыдон та  –  дыкъахыг хуытæ, сæ фæдтæм гæсгæ цы арæзтой, хæргæ æмæ фынæй дæр уыдон уæлæ кодтой… Ахæм цыдæртæ сæрмæ чи бахæсса, уыдонæн адæм схонæн нæй. Æмæ сæ нæ хонæм. Нæ хуыздæрты нын кæй ныццагътой, иу геноцид нын иннæйы фæдыл кæй арæзтой, уыдæттæй нын уый бæрц нæ ракодтой, сæ чъизи, се лгъагдзинад нæ куыд фæриссын кодта. Уымæн æмæ де знаг дæр хъуамæ знаджы хуызæн уа!..

Æппæт уыцы нывтæ зæрдыл уæлдай тынгдæр æрлæууынц, нæхимæ дæр ахæм æнæраны æмæ æнæзæрдæмæдзæугæ истытæ куы фенæм, уæд… Æмæ бар-æнæбары адæймаджы цæсгом фырæфсæрмæй ссудзы. Ссудзы уымæн, æмæ не знæгтыл цæй тыххæй худæм, ахæм худинаджы митæн хаттæй-хатт нæхи аххосæй дæр кæй вæййы фенæн… Æмæ знаг знаг у, нæ дыл ауæрды. Дæ цард дын кæм исы, уым ма дын дæ культурæйыл дæ сыгъдæгдзинадыл ауды?.. Фæлæ нæхæдæг та цæмæн фыдаудæн кæнæм нæхицæн, нæ диссаджы æрдзы рæсугъддзинадæн, нæ горæты фидауцæн?..

Уалдзæг нæм йæ бартæ æххæстæй куы нæма райсы, уæдæй нæм суанг зымæджы райдайæнтæм вæййы «æрдзы хъæбысмæ цæуыны сезон». Æмæ уымæй хуыздæр цы ис – иугæр нын Хуыцауы цæст ахæм диссаджы æрдз бауарзта, уæд ын цæмæннæ хъуамæ пайда кæнæм йæ фидыц, йæ хæрзиуджытæй?.. Фæлæ нын чидæртæ æнад кæнынц уыцы фидыц æмæ рæсугъддзинад. Кæмдæриддæр бадæн бынæттæ ис, уыдон иууылдæр брондæттæ свæййынц, бирæтæ фынгæй куыд сыстынц, афтæ йæ ныууадзынц, кæд ма сæхи фынг сисыныл батыхсын кæнынц, уæд та сæ брæттæ ныууадзынц уым. Æмæ нал цæуынц зæрдæмæ, сæрды æнтæфы нæ сæхимæ чи фелвасы, уыцы алæмæты бынæттæ.

Ахæм уавæры ис нæ горæт дæр… Мацы нын уа – хъаст æмæ хъыллист кæнæм, уа нын, уæд та йæ сафгæ æмæ халгæ кæнæм… Нырма дæр нæ зæрдыл хорз лæууынц фараст азы размæйы хабæрттæ. Миллиардтæ чи аныхъуырдта, уыцы къахт æмæ змæст уынгты астæумæ цъыфы куыд лæгæрстам, уый. Ныр, табу Хуыцауæн, нæ горæт горæты хуыз исын райдыдта, уынгты, ног арæзт агъуыстытæм кæсгæйæ, зæрдæ хуры фарсмæ бады, фæлæ бафæлвар, æмæ иу хатт дæр æнæ истæуыл фæрисгæйæ, зæрдæйы фæндиаг бацин кæн, цин кæнын кæуыл æмбæлы, ахæм циндзинадыл… Куыднæ стæй! Иу цæмæдæр цингæнгæ кæсыс, иннæ цыдæр та дын дæ зæрдæ риссын кæны. Цас фæхъуыр-хъуыр кодтам, нæ уынгтæ горæттаг уынгты хуызæн кæй нæ уыдысты, уый тыххæй. Ныр сты æмæ уый тыххæй, цы? Ногарæзт, зынаргъ фæхсбандæттæ, алыгъуызон рæсугъд рухсдарæнтæ цъæлтæй, хъæдхъиутæй лæууынц, цыма сыл къуылых Тимуры æфсæдтæ сæ тых фæлвæрдтой… Кæй къух хъуамæ фæтаса ахæм цæмæдæр, цахæм дурзæрдæ хъуамæ уа ахæм адæймагæн?.. Цавæр сылгоймагон намысы хицау хъуамæ уа уыцы ирон сылгоймаг, уынджы астæу дидинджытæ чи ‘ртона æмæ сæ искæй мардмæ чи бахæсса?.. Цахæм хæдзарæй хъуамæ рацæуа уыцы ирон сылгоймаг, Къостайы цырты тæккæ раз уардийы къутæртæ чи скъаха æмæ сæ йæ цæхæрадоны чи ныссадза?!. Ахæм ирон хæдзары цы фарн хъуамæ уа, йæ куывд Хуыцаумæ куыд хъуамæ фехъуыса?..

Нæ горæты сæйраг улæфæн бынат, Хуыбылты Валерийы номыл парк цал азы фæцис æдзæллаг уавæры… Æнхъæл дæр ничиуал уыд, искуы ма йæ уагмæ æрцæудзæн, искуы ма исчи йæ сæрмæ бахæсдзæн, цæмæй йæм бацæуа, атезгъо дзы кæна. Ныр сырæзт уый дæр. Уæддæр кæронмæ нæ, цалынмæ дзы рæсугъд декоративон бæлæстæ æмæ къутæртæ сырæза, уæдмæ æххæстæй нæ рафидаудзæн. Фæлæ йæ чи уадзы рæзын, рафидауын? Бирæтæ зонгæ дæр нæма бакодтой, нæ парк кæй сырæзт, уый, афтæмæй дзы, чи йæм бацæуы, уыдонæй бирæтæ зæрдæцъæхæй, уынгæгзæрдæйæ раздæхынц…

Цавæр диссаг æрцыд – парк стыр армукъа кæнæ ресторан у, мыййаг, æхсæвæй райсоммæ дзы уый бæрц хæринаджы уæлдæйттæ æмæ афтид æвгтæ кæцæй февзæры?.. Цы рæсугъд орнаменттимæ бронкалæнтæ дзы ис, уыдоны йæ брæттæ ныппарын алчи йæ сæрмæ кæй нæ хæссы, уый иу æнæзæрдæмæдзæугæ хъуыддаг, иннæ та уый, æмæ ахæм дурнад вæййынц брæттæй, цыма дзы демократон Европæ дуæрттæ кæуыл рахгæдта, уыцы милуангай лигъдæттæ иу афæдзы бæрц фесты…

Кæстæрты азымы дарын, æппæт тæригъæдтæ дæр уыдоныл æвæрын æнцон у. Ирон æгъдау нал ис, зæгъгæ, афтæ хъæр кæныны тыххæй дæр къамбецтæ ифтындзын нæ хъæуы… Зындæр у бæрндзинад æнкъарын. Абон азымы цы кæстæрты дарæм, уыдон æгæр хорз дæр сты. Æгъдау æмæ фæтк нырма хъуамæ нæхицæй æрдомæм, стæй та – кæстæртæй. Куы ницы байтауай, уæд ницы æркæрддзынæ…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.