Гæбулты Мелитоны райгуырдыл сæххæст 95 азы

95 азы æххæст кæны нæ нывæфтыд литературæйы цæрдæгдæр зиууæттæй иу – Гæбулты Мелитоны райгуырдыл. Мелитон царды бонтæй нæ бафсæст, фæлæ хæзнадонмæ аккаг хуынтæ бахаста. Йæхи арæхстджынæй равдыста куыд поэзийы, афтæ прозæйы, стæй уæд публицистикæйы фадгуыты дæр.

Мелитоны хорз чи зыдта, уыдонӕй дӕн ӕз дӕр. Йӕ уынд, йӕ конд, йӕ ацыд ӕмӕ йе ‘рбацыд, йе сныхас ӕмӕ йӕ мидбылты худт кӕддӕриддӕр уыдысты зӕрдӕмӕдзӕугӕ, зӕрдӕмӕхъаргӕ. Уыд ӕмгӕртты уарзон, алы хъуыддаджы дӕр уӕздан, хӕдӕфсарм, хиуылхӕцгӕ. Ӕнӕууылд, сӕртӕг ныхас дзы никуы фехъуыстаис.

Бирӕ бӕрнон бынӕтты фӕкуыста Мелитон. Алы ран дӕр ын уыд кад æмæ ӕгъдау.

Лӕгъз фӕндӕгтыл нӕ рацыд Мелитон, цард йӕхи къухӕй аразинаг уыд, куыста физикон ӕгьдауӕй дӕр, куыста ӕмӕ кодта сфӕлдыстадон куыст дӕр. Куырыхон зонды хицау æмæ стыр курдиаты хицау кӕй уыд, уыдоныл та дзурӕг сты йе сфӕлдыстадон бынтӕ.

Гӕбулты Алыксандры фырт Мелитон райгуырдис 11 сентябры 1928 азы Знауыры районы Мугуты хъӕуы зӕхкуыстгӕнӕг бинонты хӕдзары. Уым арвыста йӕ сабибонтӕ, уым фӕцис райдиан скъола дӕр. Уый фӕстӕ каст фӕцис Аунеуы астӕуккаг скъола.

Ахуырмӕ ӕвзыгьд разынд, чиныгимӕ тагъд схӕлар. Астӕуккаг скъолайы фӕстӕ ахуырмӕ бацыд Цхинвалы педагогон ахуыргӕнӕндонмӕ. Каст ӕй фӕцис ӕн-тыстджынӕй 1948 азы.

Нига йӕ мысинӕгты Мелитоны тыххӕй афтӕ фыста: «Уый йӕ хӕрзконд уӕнгтыл бӕрзондгомау схӕцыд ӕмӕ байдыдта дзурын, къласы уӕвджытӕм комкоммӕ кӕсгӕйӕ, Плиты Харитоны поэмӕ «Сӕлимӕт». Ахуыргӕнинӕгтӕ йӕм хъуыстой цымыдисӕй. Радзырдта ӕнӕкӕсгӕйӕ, ӕнӕфӕрӕдигӕйӕ сӕрӕй кӕронмӕ «Сӕлимӕт»-ы. 1920 азты лидзӕг ӕмӕ ӕвзонг чызг Сӕлимӕты трагикон хъысмӕты цаутӕ афтӕ эмоционалон, аивадон хъӕлӕсы хаттӕй каст ӕмӕ мӕ зӕрдӕ суынгӕг» («Фидиуӕг», 1978, №8.45).

Мелитон педахуыргӕнӕндоны райдыдта ӕмдзӕвгӕтӕ фыссын. Кӕд сӕ райдианы йӕ цӕсгом равдисын нӕ хъӕцыд, уӕддӕр бӕлвырд уыд иу хъуыддаг – ныфсджынӕй къахдзӕф кодта размӕ. Ӕмбӕрста Мелитон уый дӕр, сфӕлдыстадон куыстӕн дарддӕр ахуыр кӕй хъӕуы.

1948 азы Гӕбулы фырт йӕ ахуыр адарддӕр кодта Хуссар Ирыстоны Паддзахадон педагогон институты ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы факультеты. Ам йӕ авналӕнтӕ фӕуӕрӕхдӕр сты, ирон литературӕйы историимӕ лӕмбынӕгдӕр зонгӕ кӕнын райдыдта, зонадон кружокы куыст цайдагь кодта студентты зонадон ӕмӕ сфӕлдыстадон куыстыл, уыдонимӕ уыд кӕддӕриддӕр Гӕбулты Мелитон дӕр.

Мелитон йӕ факультет ӕнтыстджынӕй каст фӕцис 1952 азы. Уыцы аз Мелитон кусын райдыдта Хуссар Ирыстоны зонад-иртасӕг институты литературон хайады.  Уый уыд йӕ фыццаг кусӕн бынат, уым йӕхи равдыста ӕвзыгъд кусӕгӕй, ӕмгаруарзонӕй. Канд йӕхиуыл нӕ тыхст, тыхст фылдӕр йе ‘мгӕрттыл. Уыцы хорз миниуджытыл дзуры профессор Тъехты Баграт: «Мелитонимӕ иумӕ ахуыр кодтам нӕ пединституты. Арӕх ӕмбӕлдыстӕм. Бирӕ-иу ныхас кодтам ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр фарстытыл, ӕрымысыдыстӕм-иу не ‘мгӕртты, кӕимӕ ахуыр кодтам, уыдоны, не студентон бонтӕ, нӕ зындзинӕдтӕ, фӕлӕ ацы фӕстаг азты нӕ адӕмы сӕрыл цы уӕззау уавӕр ӕртыхстис, уый уыдис, сӕйраджыдӕр нӕ дзуринаг». (г. «Хуссар Ирыстон» 1992 аз, 15 май).

Зонад-иртасӕг институтӕй фӕстӕмӕ бирӕ ахсджиаг бынӕттӕм хызт Гӕбулы фырт. Газет «Советон Ирыстон»-ы редакцийы куыста культурӕйы хайады сӕргълӕууӕгӕй. Фӕкуыста дзы 1956 азӕй 1972 азмӕ.

Мелитоны ӕрбацыд ацы хайадыл тынг фӕзынд. Ам фӕуӕрӕхдӕр сты йӕхи авналӕнтӕ дӕр ӕмӕ Иры интеллигенцийы авналӕнтӕ дӕр.

Фӕстӕдӕр Мелитон кусын райдыдта Хуссар Ирыстоны радио ӕмӕ телеуынынады комитеты хистӕр редакторӕй. 1982 азы йӕ ракодтой рауагъдад «Ирыстон»-ы директоры бынатмӕ, фӕкуыста дзы хъаруджынӕй, цӕсгомджынӕй, уӕнгрогӕй суанг йӕ амӕлӕты бонмӕ. Йæ цардæй ахицæн 13 майы 1992 азы.

Фыссӕг нӕ мӕлы, йӕ фӕстӕ цы мӕсыг ныууадзы, уый йӕ рох кӕнын нӕ уадзы. Гӕбулты Мелитон цы литературон бынтӕ ныууагъта, уыдон ын йӕ рухс ном рох кӕнын никуы бауадздзысты. Ӕмӕ уыдон та цъус, мыййаг, не сты.

1954 азы мыхуыры рацыд йе ‘мдзӕвгӕты ӕмбырдгонд «Царды гуылфӕнты», зӕгъгӕ, ахӕм номимӕ. Уырдыгӕй фӕбӕрӕг  Мелитонӕн йӕхи ӕрмдзӕф кӕй ис. Алыгъуызон у, ацы чиныгмӕ цы ӕмдзӕвгӕтӕ ӕрцыд хаст, уыдоны тематикӕ. Поэт зары партийыл, адӕмты хӕлардзинадыл, фӕсивӕды ӕнтыстытыл, адӕ-мы уӕлахиздзинӕдтыл, сабырадыл. Ам зыны поэты фӕлмӕн хъӕлӕс, уарзӕгой уды ахастытӕ, стыр уарзондзинад йӕ адӕммӕ, Фыдыбӕстӕмӕ.

Уымӕн зӕгъы Дзугаты Георги: «Гӕбулты Мелитон нӕ литературӕмӕ ӕрбацыд ӕнӕлаз удыхъӕдимӕ. Рухсдзӕсгом ӕмӕ лӕгуарзонӕй».

Гӕбулы фырт тагъд ахызт прозӕйы быдырмӕ ӕмӕ нӕ фӕрӕдыд, йӕ егъау курдиат уым разынд, йæ хосгӕрст уым заддӕр уыд.

Йӕ къаннӕг радзырдтӕ тагъд ссардтой фӕндаг чиныгкӕсджыты зӕрдӕмӕ. Ууыл уал дзурӕг у, 1957 азы йын цы радзырдты ӕмбырдгонд рацыд «Уарзт ӕмӕ фыдӕх», зӕгъгӕ, уый дӕр. Ӕниу Мелитоны уӕдмӕ ирон прозӕуарзджытӕ зыдтой журнал «Фидиуӕг»-ы руаджы, куыд сомбоны курдиатджын прозаик, афтӕ.

Чиныг «Уарзт ӕмӕ фыдӕх»-мӕ цы радзырдтӕ ӕрцыд хаст, уыдон алыгъуызон темӕтыл дзурӕг сты. Автор дзуры йе ‘мрӕстӕгон фӕлтӕры удыхъӕды алыгъуызон миниуджытыл, хӕрамдзинад ӕмӕ рӕсугъддзинады ‘хсӕн цы ахастытӕ вӕййы, ӕппӕт уыдӕттыл.

Радзырдты сӕйраджыдӕр дзырдӕуы фӕсхӕсты азты царды вазыгджын нывтыл. Фашизмыл фӕуӕлахизуӕвӕг адӕм алы хъуыддаджы дӕр сты цины уылӕнты мидӕг.

Рӕзы нӕ прозаик къуыригай дӕр, мӕйгай дӕр. Фыссын райдыдта гуырахстджындӕр уацмыстӕ. 1960 азы мыхуыры фӕзынд йӕ уацау «Тагъд дон фурды не ‘ййафы».

Гӕбулты Мелитон дарддӕр ӕмӕ арфдӕр лӕгӕрды прозӕйы денджызы. Фӕегъаудӕр йӕ прозаикон уацмысты гуырахст, сӕ темӕтӕ, сӕ сюжетон хахх.

1966 азы мыхуыры фӕзынд Мелитоны роман «Гӕдыйы къах цыбыр у». Ам дӕр та автор йӕхи сбаста фӕдагурӕн органтимӕ. Уыдон вазыгджын куыст равдисынӕн равзӕрста ахӕм хъайтарты, кӕцытӕ ӕвзарынц стыр зындзинӕдтӕ, хауынц хъуыдыты стыр зилдухӕнты. Фӕлӕ сты фӕразон, зонынц, рӕстдзинад кӕй фӕуӕлахиз уыдзӕн, уый.

Гӕдиаты Цомахъ ӕмӕ Хъуылаты Сикъойӕ райдайгӕйӕ, ирон фысджытӕй бирӕтӕ бавнӕлдтой, Ирыстоны коллективизаци куыд ӕмӕ цы уавӕрты цыд, уыцы хъуыддӕгтӕ ӕвдисынмӕ. Фыстой йыл поэмӕтӕ, радзырдтӕ, уацаутӕ, пьесӕтӕ, романтӕ. Уыцы романты ‘хсӕн аккаг бынат ӕрцахста Мелитоны роман «Дӕ тугӕй фыст», кӕцы мыхуыры рацыд 1971 азы.

Романы сӕрӕй кӕронмӕ уынӕм дыууӕ ныхмӕвӕрд къласы, бафидауӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм кълӕстӕ. Иуӕрдыгӕй кулӕктӕ, иннӕрдыгӕй та мӕгуыр зӕхкусӕг адӕм. Мелитон кӕддӕриддӕр у раст, ӕнӕхин, куыстуарзаг адӕмы фарс. Авторы роман сӕрӕй кӕронмӕ у Ирыстоны колхозон арӕзтад куыд ӕмӕ цы уавӕрты цыд, уыцы хабӕрттыл дзурӕг. Реалон ныв-ты ӕвдисы кулӕкты фӕлгӕнцты, реалон ын сты мӕгуыр зӕхкусӕг адӕмы фӕл-гӕнцтӕ дӕр. Адӕмы царды раствӕндагыл чи ӕфтауы, уыцы саразгӕ фӕлгӕнцтӕ дӕр сты зӕрдӕмӕдзӕугӕ.

Мелитон ирон лӕг уыд. Уарзта ӕгъдау, фарн, лӕджыгъӕд, ирондзинад ӕмӕ уыдон рӕгъмӕ рахӕссыныл бирӕ фӕхъуыды кодта ӕмӕ йын ӕнтысгӕ дӕр бакодта сӕ равдисын йӕ роман «Цардиппӕрд»-ы, кӕцы мыхуыры рацыд 1974 азы.

Йӕ царды фӕстаг азты ма Мелитонӕн йӕ зӕрдӕ барухс кодта йӕ чиныг «Зӕронд куыройдзау». Чиныг рацыд йӕ райгуырды 60 азы бонмӕ, рацыд, нӕ «уӕздан» сыхӕгтӕ нын нӕ царды хиды могортӕ ӕфсонмӕ-ӕфсонты къахын куы райдыдтой, раст ахӕм рӕстӕджы.

Ацы чиныг у авторӕн йӕ уацмысты ӕмбырдгонд. Уырдӕм хаст ӕрцыдысты йӕ равзаргӕ радзырдтӕ, йӕ уацаутӕ. Ӕхсызгонӕй сӕмбӕлдысты «Зӕронд куыройдзау»-ыл ирон чиныгкӕсджытӕ, хӕлӕфӕй йӕ ӕлхӕдтой, хӕлӕфӕй йӕ кастысты.

Нывы галиуæй рахизæрдæм: Гæбулты Мелитон. Мæргъиты Къоста, Бахъаты Нугзар, Гаглойты Владимир, Пухаты Алыксандр, Хъодалаты Герсан, Æлборты Х., Дзуццаты Х.

Ӕмткӕй, Мелитоны сфӕлдыстадыл цӕст куы ахӕссай, уӕд ӕнӕмӕнг ӕрцӕудзынӕ ахӕм хъуыдымӕ: куыд хорз зыдта йӕ адӕмы цард, ирон лӕджы вазыгджын характер, нацийы диссаджы удыгъӕд ӕмӕ ӕгъдӕутты.

Уыдонӕй сӕ хӕрзтыл цин кодта, сӕ мӕгуырӕутты ныхмӕ та тох. Тох ӕмӕ цахӕм тох? Ӕнауӕрдон тох, уыцы тохӕн та йын уыдис диссаджы хӕрзгъӕд ӕвзаг, кӕцы хъӕздыг у алы мадзӕлттӕй, уӕлдайдӕр та юмор ӕмӕ сатирӕйӕ.

Гӕбулты Мелитон йе сфӕлдыстадон куысты рӕвдз зиууон уыд. Йӕ къух цӕмӕ нӕ фӕкодтаид, бавнӕлдта тӕлмацгӕнӕджы куыстмӕ дӕр ӕмӕ нӕ фӕрӕдыд, сырӕхст уыцы къабазы дӕр. Ууыл та дзурӕг сты йӕ тӕлмӕцтӕ: Максим Шолоховы радзырд «Лӕджы хъысмӕт», Э. Сотон-Томсоны новеллӕ «Домино», Василь Быковы уацау «Балбирӕгътӕ» ӕмӕ ӕндӕртӕ. Тӕлмац кодта белорусаг фысджыты уацмыстӕй дӕр рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ.

Мелитон цӕргӕ цъус фӕкодта, ӕдӕппӕтӕй 64 азы. Цъус сты, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕлӕ йын аразын бирӕ бантыст. Уӕлдӕр ӕй загътон, Мелитоны зӕрдӕдзурӕнты фӕкодта гуырдзыйы геноцид, не сфӕрӕзта йӕ уарзон адӕмы тугахуырст цардмӕ кӕсын. Аскъуыд йӕ зӕрдӕ. Хæстон уавæры уыд нæ сахар, нæ бацис адæмæн сæ бон, цæмæй Мелитоны йæ фæстаг фæндагыл араст кодтаиккой, нæ сын уыд фадат, цæмæй йын рухс загътаиккой.

Мелитоны ацыды фæстæ йæ цардæмбал, нæ Иры фæсивæды хъомылгæнæг, бæргæ фидар фæлæууыд, фæлæ уый æрæййæфта йæ кæстæр фырт Ацæмæзы трагикон мæлæт.

Дзæвгар азты фæстæ сæ баййæфта мад Боболка дæр. Æртæ дæр сты ныгæд Тъбеты зæххыл. Хæдзары фарн æрынцад зæнæджы хистæр Вадик æмæ Индирæйыл. Хуыцау сын бирæ азты цæрæнбон раттæд, мад æмæ фыды кад дæр хъахъхъæнынц æмæ Иры кад æмæ намыс дæр.

Мелитон цардцухæй ацыд, фæлæ уый йæ литературон бынтæ рох кæнын никуы бауадздзысты.

Рухсдзæнæттаг уæд йæ ном!

ПЛИТЫ Гацыр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.