Ирыстоны хӕхтӕ царды  хабӕрттӕ ӕмӕ фӕндӕгтыл  иууыл  зӕрдӕбындӕрӕй  чи зарыд, сӕ хӕрзиуӕгӕн чи куыста, уыдонӕй  иу уыдис  Хъуысаты  Хъасболат.

Йӕ сагъӕсы  сӕйраг  уыд Ирыстоны  рӕсугъд  сомбон, йӕ адӕмы  бӕллиццаг  фидӕн, ирон лӕджы кад.

Национ  культурӕйы  райрӕзтыл хъардта  йӕ уд, йӕ  тыхтӕ  лӕвӕрдта  Ирыстоны цардуаджы аппаринаг  ӕгъдӕуттӕ фесафынмӕ, ног дуджы  хӕрзиуджытӕ  ныббиноныг  кӕнынмӕ  ӕмӕ  йын  ӕнтысгӕ дӕр  бирӕ бакодта.

Кӕд  аивады  жанрты  йӕ тыхтӕ  фӕлвӕрдта алы  ран дӕр,  уӕддӕр  Хъасболатӕн иууыл  фылдӕр  бантыст  драматургийы фадыджы. Уый нымад  цӕуы  Ирыстоны  зӕронддӕр  драматургтӕй  иуыл. Хъасболат йӕ куысты  фӕллад нӕ зыдта, уыдис  хъӕлдзӕг, ӕрдхӕрӕны  хъаруйы  хицау, зӕрдӕхӕлар  адӕймаг. «Хъӕлдзӕгдзинад ӕмӕ йӕ цӕрдӕг  фезмӕлдмӕ  адӕймаг  арӕх  кӕсгӕйӕ  баззайы  ӕмӕ  йӕ  нӕ фӕуырны, ууыл фараст  ӕмӕ  ӕртиссӕдз азы кӕй цӕуы, уый» ( газет «Рӕстдзинад», 1958 аз,  май)

Хъуысаты  Хъасболат (Дмитри)  райгуырдис  1899 азы  сахар  Владикавказы службӕгӕнӕг бинонты  хӕдзары. Йӕ фыд Ипполит  царды  рахӕцӕнтӕй цух  уыд,    цардӕн фӕрӕзтӕ агуырдта, фӕлӕ цы ссардтаид уӕды  ихсыд дуджы, мӕгуыр цард кодтой бинонтӕ. Фӕцыд цардагур ӕд бинонтӕ  Иркутскмӕ. Ницы дзы ссардта хорзӕй, бахауд тӕдзынӕгӕй  цыхцырӕджы  бынмӕ. Рафтыд  уӕззау  куысты  ӕмӕ йӕ мӕлӕт  дӕр  ӕрцыд  уым.

Хӕдзарвӕндаджы уавӕр  фӕзындӕр, царды  уӕз  ӕрхауд  мадмӕ, уый  та хуыздӕр  фӕрӕзӕн  равзӕрста  фӕстӕмӕ  Ирыстонмӕ ӕрыздӕхын. Ӕрыздӕхт зӕрдӕрыст  ӕмӕ мӕгуырӕй. Иркутскы  зӕххыл ныууагъта  йӕ цардӕмбалы, йӕ хистӕр фырт  Къостайы, уый  фӕмард  революцион демонстрацийы рӕстӕджы  полицийы къухӕй.

Уӕззау  уыдысты  йӕ сабион  бонтӕ Хъасболатӕн. Иркутскы фӕцис авд азы. Кӕд ын маст  ӕмӕ фыдӕбӕтты азтӕ  уыдысты, уӕддӕр  ӕвзонг  лӕппуйӕн  иу хъуыддаджы  стыр  ӕххуыс фесты, уым фӕцалх  уырыссаг ӕвзагыл, фӕстӕдӕр ын ссис  йӕ дыккаг  мадӕлон  ӕвзаг. Ӕмдзӕвгӕтӕ  дӕр  уырыссаг ӕвзагыл райдыдта  фыссын.

1909  азы  Хъасболатӕн  йӕ  къухты бафтыд  Владикавказы  сахарон  ахуыргӕнӕндон фӕуын. Уӕдӕй фӕстӕмӕ  йӕ тыхтӕ  радта  литературон куыстмӕ, царды  ахсджиаг  фарстатыл уынаффӕ кӕнынмӕ.

1915 азы  Хъасболатмӕ ӕрсидтысты  ӕфсӕддон  службӕмӕ, цыран фӕцис  1917 азмӕ. Йӕ службӕйы фӕстӕ  ӕрцыд Тифлисмӕ ӕмӕ уӕд бындуронӕй   бавнӕлдта  литературон  куыстмӕ. Тифлис  уӕдмӕ  зындгонд уыд  Хъасболатӕн. Уый  зӕгъӕм  уымӕн, ӕмӕ  1914  азы Тифлисы  ирон драмкъорд  сӕвӕрдта Хъасболаты  пьесӕтӕ «Зауырбег» ӕмӕ «Къуыхцы скъӕфт».

Октябры  социалон революцийы фӕуӕлахиз  Хъасболатӕн  радта  ныфс, циндзинад, фӕндӕгтӕ ӕхсӕнадон  ӕмӕ литературон  куыстмӕ.

1920  азтӕй  фӕстӕмӕ  кӕрӕдзийы  фӕдыл ивылдысты  йӕ уацмыстӕ. 1920  азы фыст  ӕрцыд  йӕ зынгӕ пьесӕ «Урс мигъ», 1923  азы та- «Абырӕг  Зауыр».

1927 азы  Хъасболат ӕрцард  сахар Ростов-Доны. Уым дӕр ӕнувыд  уыд  йе сфӕлдыстадон  куыстыл. Уым ӕрцыд фыст йӕ диссаджы пьесӕ «Мариам».

Хъуысайы фырт царды  ахсджиаг  фарстатыл  хъуыдыгӕнгӕйӕ, иуран  нӕ бадт, зылдис  Кавказыл, ӕмбырд  кодта ӕрмӕджытӕ  ӕмӕ фыста  диссаджы  очерктӕ, мыхуыр  сӕ кодта  Ростовы  чиныгуадзӕн «Северный Кавказ»-ы  ахӕм номимӕ «Хӕххон сылгоймаг» («Горянка»).

Драматурджы  сфӕлдыстады, стӕй  уӕд  ирон  литературæйы  историйы  стыр  нысаниуӕг ис  Хъасболаты пьесӕтӕ «Зӕхх» ӕмӕ «Адӕмы зарӕггӕнӕг»-ӕн. Фыст ын ӕрцыдысты 1938-1939  азты. 1940  азы  Ростовы сценӕйыл фӕзынд  йӕ пьесӕ «Хъӕбатыр  Мишуткӕ».

Нӕ уыд  рох  Хъасболатӕй  Хуссар Ир дӕр.  Ӕрцыд  ардӕм  1934 азы. Цхинвалы бавнӕлдта  поэтикон  куыстмӕ, ам  ӕрцыдысты  фыст йӕ пьесӕтӕ  «Урмули» ӕмӕ «Ӕлгъыст». Ӕнтыстджынӕй цыдысты  нӕ театры  сценӕйыл. Фӕсхӕсты  азты  Хъасболат  рӕгъмӕ рахаста  дыууӕ зынгӕ  пьесӕйы – «Рӕмонты Хадзымӕт» ӕмӕ «Адӕмы хъӕбул».

Бирӕ  ис  драматургмӕ, иуактон  пьесӕтӕ дӕр. Уынӕм дзы  нӕ царды  хорздзинӕдтӕ, стӕй  уӕд  нӕ царды  хъӕндзинӕдтæ  дӕр.

Йӕ  фӕндтӕ  дардыл  уыдысты  Хъасболатӕн, фӕлӕ  хъысмӕт ӕгъатыр у, 1964 азы ахицӕн йӕ цардӕй, йӕ адӕмӕй, литературон зиууӕттӕй.

Хъуысайы  фырт  йе  сфӕлдыстадон  фӕндаг райдыдта   ӕмдзӕвгӕтӕй, фӕлӕ  йӕ сӕйраг  тыхтӕ радта  драматургийы фадыгмӕ. Йӕ фыццаг  ахуыргӕнӕг  уыдис  Къостайы  сфӕлдыстад, хӕрз ӕвзонгӕй  базонгӕ  «Ирон фӕндыр»-имӕ.

Хъасболат  йӕ рӕстӕджы  хорз зонгӕ уыд С.М.Кировимӕ. Уӕд  уый куыста  газет  «Терек»-ы, зонгӕ уыд  зынгӕ режиссер Вахтанговимӕ. Ацы зынгӕ  адӕймӕгтӕ  бирӕ  баххуыс  кодтой  Хъасболатӕн, цӕмӕй  йӕ  пьесӕтӕ   ӕвӕрд  цыдаиккой.

Хъуысайы фырт  драматургимӕ  уӕндон  цыд  ӕрбакодта  1909 азы. Уӕд ӕрцыдис  фыст  йӕ зынгӕ  пьесӕ  «Хӕхты хъӕбултӕ» («Дети гор»). Уый фыцаг хатт сценӕйыл  ӕвӕрд  ӕрцыд  1912 азы  Владикавказы. Фӕстӕдӕр  стыр ӕнтыстытимӕ  ӕвдыст  цыдис Тифлис, Мӕздӕг, Прохладнӕ ӕмӕ  ӕндӕр сахарты  сценӕтыл.

1914 азы  фӕзынд  Хъасболаты  зынгӕ  драмӕ  «Зауырбег». Уацмысы  дзырд  цӕуы  революцийы  агъоммӕйы  тухийаджы цардыл, ӕфхӕрд  ӕмӕ ссӕст  дугыл, хӕххон  адӕмы  ӕбардзинадыл. Хъасболат  карзӕй ӕфхӕры ирон  адӕмы фӕстӕзад ӕгъдӕутты дӕр.

Хъасболат хӕрзиуӕгон  цӕстӕй  акаст  ног  дугмӕ. Ӕрыгон  советон  хицауады  цы стыр  тох  бахъуыд  цард  ӕрфидар  кӕныныл, ууыл дзурӕг  сты  йӕ пьесӕтӕ  «Урс мигъ», «Хъазуат  бырст» ӕмӕ  «Ӕндон фӕндаг».  Автор реалон  нывты  ӕвдисы  дзыллӕйы тохы  фӕндӕгтӕ, сӕрибардзинад  агурӕг  адӕмы  удуӕлдай тох.

Фесты  мидхӕсты  азтӕ. Ныр  хӕххон  адӕмӕн  фӕндӕгтӕ  байгом  сты  быдырмӕ. Цӕрӕнбонты  зӕхмӕ  йӕ былыцъӕрттӕ  чи хордта, зӕхмондагӕй  чи мард, быдыр  йе нусон  бӕллиц  кӕмӕн уыд, уыдон  ныр бахаудтой  цины  малмӕ. Уыцы  стыр циндзинад, ног  хицауады  хорздзинӕдтӕ арӕхстджынӕй  ӕвдисы  Хъасболат йӕ пьесӕ  «Зӕхх»-ы.

Йӕ  пьесӕ  «Ног фӕндаг»-ы  та автор  ӕвдисы  колхозон  арӕзтады  фӕндӕгтӕ, къласон  знаджы  цӕсгом, дуджы  раззагон фӕлтӕры  змӕлд  ӕмӕ  архайд.

Ног  ӕхсӕнад  хӕххон  сылгоймагӕн  цы бартӕ радта, дзыллӕйы  хсӕнмӕ  йӕ куыд  ракодта, адӕймаджы  бартӕ  йӕм  куыд ӕрхауд, нӕлгоймаджы ӕмрӕнхъ  куыд слӕууыд, уыдӕтты  арӕхстджынӕй  ӕвдисы  Хъасболат  йӕ пьесӕ  «Заретӕ»-йы.

Хъуысайы фырт  зӕрдӕрыстӕй  каст хӕххон сылгоймаджы  цардуагон  уавӕртӕм. Сылггоймаджы суӕгъд ӕмӕ сӕрибарыл  уыд  йӕ тох, йӕ сагъӕс. Зӕронд  царды  баззайӕццӕгтӕ, сылгоймаджы  ссӕрибар  кӕныны  фарстытӕ – уыдӕтты ӕвдисы  драматург  йӕ пьесӕтӕ «Мариам» ӕмӕ «Сыгъзӕрин зӕрдӕ»-йы.

Пьесӕ  «Мариам»-ы сӕйраг  хъайтар  у  чындздзон чызг Мариам, уый йӕ къух исы  зӕронд  ӕгъдӕуттыл, фӕлыгъд  йӕ фыды  хӕдзарӕй, райста  ахуырдзинад, сыздӕхт  сӕхимӕ  ӕмӕ ныр  у  иннӕ  сылгоймӕгты хъомылгӕнӕг, уыдонӕн  фӕндагамонӕг.

Фӕсхӕзты  азты  Хъасболат бавнӕлдта  ног  пьесӕтӕм. 1940 азы  7 ноябры  Цӕгат Ирыстоны  драмтеатры  сценӕйыл  ӕвӕрд ӕрцыд  йӕ пьесӕ «Рӕмонты Хадзымӕт».

Автор  егъау  хӕс  ӕрывӕрдта йӕ разы – равдисы  мидхӕсты  цаутӕ Цӕгат  Ирыстоны. Сӕйраг  хъайтарӕн та равзӕрста зынгӕ революционер  Рӕмонты  Хадзымӕты.

Хадзымӕт  у  историон фӕлгондз райгуырдис  1895 азы  Цӕгат Ирыстоны  Ӕрыдоны. Йӕ  ныййарджытӕ  нымад цыдысты  «рӕстӕгмӕ цӕрджытыл», уыдысты  мӕгуыр адӕм. 1914 азы  Хадзымӕт  конд  ӕрцыд  ӕфсадмӕ  ӕмӕ уырдыгӕй сыздӕхт  цӕттӕ революционерӕй. Ӕрыдонмӕ  сыздӕхт  йе мбӕлттимӕ 1918 азы  ӕмӕ куыстой  ног  хицауад ӕрфидар кӕныныл, уыдис партизанты рӕнхъыты  ӕмӕ тох  кодта  урс  бандӕты ныхмӕ. Уыцы  тохты  ссардта  йӕ мӕлӕт дӕр,  адӕмы  цыфыддӕр знаг  Бигъаты Сосланы   маргӕйӕ.

Автор  йӕ  трагедийӕн райста  хъӕуӕг  фӕлгӕндзтӕ хӕдзары, адӕмы ӕмӕ знӕгты  рдыгӕй  ӕмӕ  ӕмбӕлон  сюжет  снывӕста.

Хъуысайы  фырты  арӕхстдзинадыл  ма дзурӕг у уый  дӕр  ӕмӕ историон  факттӕм ӕввахс кӕй бацыд, Хадзымӕты  царды   фӕндӕгтӕ реалонӕй  кӕй  равдыста.

Уацмыс    фыст ӕрцыд  уырыссаг  ӕвзагыл, иронмӕ  йӕ раивта Цӕлыккаты  Маирбег.

Хъуысаты  Хъасболаты (Дмитрийы)  сфӕлдыстады  сӕйрагдӕр  фарстытӕй  иу уыд  Ирыстоны  сӕрбос  Къостайы фӕлгондз сценӕмӕ рахӕссын. Уый  ӕрмӕст  Дмитрийы бӕллиц нӕ  уыд, ирон  адӕмы  егъау  бӕллиц уыд – бӕллыдысты  удӕгас Къостайы фенынмӕ, йӕ дзыхы дзырд фехъусынмӕ.  Дмитри бирӕ уарзта  Къостайы, хуыдта йӕ  йӕ ахуыргӕнӕг.

Къостайы  егъау  хӕрзиудджытыл  хъуыдыгӕнгӕ,  Дмитри  1939  азы,  Къостайы  райгуырды 80  азы бон бахызт Цӕгат  Иры театры  дуарӕй  йӕ пьесӕ «Адӕмы  зарӕггӕнӕг» («Певец народа»)-имӕ. Театр ӕмӕ  сценӕмӕкӕсджытӕ  стыр райгондӕй  сӕмбӕлдысты ацы  драмӕйыл.  Ууыл  та  дзурӕг  у  иу хъуыддаг – драмӕ дзӕвгар  рӕстӕджыты нал хызт  сценӕйӕ.

Ныффыста  Къостайыл  дыккаг  пьесӕ дӕр. Уый  та  схуыдта  «Адӕмы  хъӕбул» («Сын народа»).

Къостайыл хъуыдыгӕнгӕйӕ,  бирӕ  бафыдӕбон  кодта Хъуысайы фырт.Агуырдта ӕрмӕджытӕ  Ленинграды  аивадон  академийы, Ставрополы, Хуссар Ирыстоны  зонад-иртасӕн  институты. Хъуысайы  фырт  Къостайыл  цы ӕртӕ  пьесӕйы  ныффыста, уыдонӕн  ын фаг  ӕрмӕг радтой  Къостайы хӕлӕрттӕ, Хъасболат лӕгӕй-лӕгмӕ кӕй зыдта, уыцы  адӕймӕгтӕ. Уыдон та уыдысты: Цӕлыккаты Алыксандр, Цоколаты Ципо, Цӕлыккаты Аннӕ, Дзанайты-Хетӕгкаты Садуллӕ, Байаты Гаппо ӕмӕ ӕндӕртӕ. Хъасболат хорз зыдта Къостайы «хӕрзгӕнджыты» дӕр. Уыдон  та уыдысты: Хоранты  Созырыхъо, Бигъаты  Иосиф, пъæлицӕйы кусӕг Фон-Унгер. Бирӕ ӕрмӕг уыд  Хъасболатмӕ Къостайыл  ӕмӕ йын уый фадат радта, цӕмӕй  ныффыстаид пьесӕтӕ «Адӕмы  хъӕбул» ӕмӕ  «Адӕмы зарӕггӕнӕг».

Дзӕвгар – нымӕцӕй, хъӕздыг – гъӕдӕй, ахӕм  у Хъуысаты Хъасболаты  сфӕлдыстадон  фӕндаг. Ӕртиссӕдзӕй  фылдӕр  сты  йӕ  пьесӕтӕ, иу  дыууын  фондзы  бӕрц  сты  йӕ  очерктӕ, йе ‘мдзӕвгӕтӕ.

Дмитрийы  хӕрзарӕхст  къухайстыл  дзурӕг  у иу  стыр хъуыдыйӕ  пьесӕ «Герой  Мишутка»  фыццаг  хатт  ӕвӕрд  ӕрцыд  Ростовы  сценӕйыл. Адӕм  ӕй афтӕ зæрдиагæй  райстой, афтӕ  диссаг  сӕм  фӕкаст ӕмӕ сценӕйӕ  нӕ рахызт, Ростовы  æвдыст ӕрцыд  500 хатты.

Сценӕтӕй  ӕнӕрахизгӕ  пьесӕтӕ  ма уыдысты Токаты Асӕхы «Усгуртӕ» ӕмӕ Саулохты  Мухтары «Усгур»

Хъасболат  уыдис  Хуссар  Ирыстоны  хӕлар, зӕрдӕрухсӕй  фӕцард  ӕмӕ фӕкуыста  Цхинвалы  цалдӕр  азы, йе мдзӕвгӕты  ӕмбырдгонд «Расцвет в горах»  дӕр Цхинвалы рацыд  1958 азы.

Хъасболат  фӕцард  75 азы. Лӕгау-лӕджы  азтӕ  йын уыдысты,  фидар уыд алы  хъуыддаджы  дӕр, хъару ӕмӕ зондӕй  ӕххӕст  уыд, курдиат  ӕм  егъау  уыд, арӕхстджын  литературон  фронты  алы  фадыджы  дӕр. Йӕ  пьесӕтӕй бирӕтӕ ӕвӕрд ӕрцыдысты  Ростовы, Владикавказы, Тбилисы, Прохладнӕйы, Мӕздӕджы. Ӕнгом бастдзинӕдтӕ йын уыд  Тбилисы  ирон театримӕ.

Хъуысаты  Хъасболат (Дмитри)  куырыхон  лӕг  уыд. Ӕмӕ  диссаг  у,  уал азы  Цӕгат ӕмӕ Хуссарӕн  нӕ бантыст уымӕн  йӕ бынтӕ рауадзын. Студент уыдтӕн, Хъасболат  нӕ  театримӕ уӕхски-уӕхск куы куыста, уӕд.  Зыдтон  ӕй  уӕздан, хӕдӕфсарм ирон лӕгӕй. Афон  у, ӕмӕ  ахӕм лӕгау  лӕгӕн Ирыстоны  истӕмӕй  ӕрымысой  йӕ ном.

Йӕ райгуырдыл  сӕххӕст 100 азы. Ирыстоны  интеллигенци хъуамӕ бӕстон  ныхъуыды  кӕной Хъасболаты  рухс  ном  сӕнусон  кӕныныл.

ПЛИТЫ Гацыр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.