Йӕхи загъдау, ӕмыр сабыр ныцци Нафи… Фондз ӕрхӕндӕг азы рацыд йӕ мӕлӕтӕй – фондз азы йын нал хъусӕм йӕ ныфсдӕттӕг хъӕлӕс, йӕ куырыхон, йӕ зондамонӕн ныхас… Æмӕ ма уыцы ныхасӕн аргъкӕнынхъом чи у, уыдонмӕ афтӕ кӕсы, цыма уый Нафи нӕ бамыр, фӕлӕ ӕнӕхъӕн уӕлион дуне. Æмӕ дам, ахӕм адӕймаг нӕй, пахуымпар кӕмӕй саразай… Уӕдӕ уый цы у – йӕ ацыдӕй дуне афтӕ чи фӕкъахыр кӕна, уымӕ ӕндӕр цы номӕй хъуамӕ  бадзурӕм, нӕ рыст дӕр ӕмӕ нӕ сӕрыстырдзинад дӕр цы хуызы хъуамӕ равдисӕм?..

Йӕ сау сӕрӕй йӕ урс сӕрмӕ йӕхи цы дзырдаивадӕн снывонд кодта, уый сӕр-вӕлтау, цырагъау судзгӕйӕ, рыст уыцы дзырдаивад сфӕлдисӕг адӕмӕн сӕ алы рыстыл дӕр. Йӕ ӕвӕллайгӕ сфӕлдыстадон куысты уӕлдай йӕ ӕндӕвта ӕмӕ риссын кодта алцы дӕр – царды рӕстдзинад дӕр ӕмӕ ӕхсӕндзарды кӕнинаг хъуыддӕгтӕ дӕр.

Цыппарссӕдз азы йыл куы сӕххӕст, уӕд ын Цӕгат Ирыстоны (ам, Ирыстонӕн йӕ хуссар хайы – нӕ) цы стыр юбилей сарӕзтой, уыцы юбилейы раныхасгӕнджытӕ йӕ афтӕ бӕрзонд систой, ахӕм амӕй-ай рӕсугъддӕр ныхӕстӕ фӕкодтой Нафийы тыххӕй ӕмӕ ма фӕстагмӕ  Джыгкайты Шамил сценӕмӕ куы схызт, уӕд залы бадӕг адӕм ахъуыды кодтаиккой, ныр ма Шамил цы хъуамӕ зӕгъа, зӕгъгӕ, фӕлӕ… Шамил загъта, ӕрмӕстдӕр, цалдӕр дзырды: «Адӕмы хуыздӕртӕн сӕ кой скӕныны бар дӕр куынӕуал уыд, уӕд сыл Нафи та монографитӕ фыста»… Æндӕр ницы. Фӕлӕ уыцы цалдӕр дзырды уӕлдай хуыздӕр ӕмӕ ирддӕрӕй равдыстой Нафийы удысконд ӕмӕ царды мидис. Нафи йӕ тынг хорз ӕмбӕрста, Елбыздыхъо ӕмӕ уый хуызӕн лӕгты сфӕлдыстадыл уӕззау дуртӕ цы дывыдон дуг ныффӕлдӕхта, уыцы дуджы фыдӕхӕй ӕвыдӕй кӕй нӕ аирвӕздзӕн йӕхӕдӕг дӕр, йӕ амӕттӕгтыл ын уый та монографитӕ куы фысса, уӕд. Фӕлӕ арвӕй зӕххы ‘хсӕн, ӕрмӕстдӕр, лӕджы цардӕй цӕрын нымадта йӕ хӕсыл. Нафи зыдта ӕмӕ ӕмбӕрста, Елбыздыхъо дӕр ӕмӕ иннӕтӕ дӕр знӕгтӕ кӕй не сты, фӕлӕ уыдоны онг чи нӕ ӕххӕссыд, ахӕм лыскъзӕрдӕты хӕрам ӕмӕ ирон хӕлӕджы азарӕй кӕй баисты ныгӕнинаг сӕ нӕмттӕ дӕр ӕмӕ се сфӕлдыстад дӕр. Абон ӕй иу-стӕмты йедтӕмӕ зонгӕ дӕр ничиуал кӕны, нӕ дра-матургийы бындурӕвӕрӕг Брытъиаты Елбыздыхъойы сфӕлдыстадон бынтыл авд дуары ӕхгӕд кӕй уыд. Йӕ пьесӕты йын нал дӕр сценӕйыл ӕвӕрын уагътой, нал дӕр – мыхуыр кӕнын. Фӕлӕ Нафи уый бӕрц бакодта, уый бӕрц фӕфыста ССР Цӕдисы Уӕлдӕр Советмӕ, партийы Централон комитетмӕ, ӕмӕ ӕппынфӕстаг бафтыд йӕ къухы Елбыздыхъойы ном ӕнӕбындур азымтӕй ссӕрибар кӕнын.

Нафи у ирон литературӕйы историйы дӕр, ирон прозӕйы дӕр ӕмӕ ирон поэзийы дӕр фылдӕр ӕмӕ хуыздӕр кӕмӕн бантыст, уыдоны фыццӕгтӕй. Æмӕ йӕ царды бонтӕ иууылдӕр сфӕлдыстадон куыстӕн, ома, фӕлдисынӕн куы бахардз кодтаид, уӕд ын ноджы фылдӕр ӕмӕ хуыздӕр бантыстаид, фӕлӕ уый афтӕ нӕ бафӕндыд, уымӕн нӕ уыд ахӕм позици – ӕз цы къуыппыл лӕууын, уымӕй бӕрзонддӕр къуыпп ма хъуамӕ уа. Уымӕн йӕ позици уыд, йӕ уды цырагъ цы адӕмы сӕрвӕлтау сыгъд, уыцы адӕмӕй цыдӕриддӕр хӕрзтӕ уыд, уыдоны адӕмы рӕгъмӕ рахӕссын, сӕ нӕмттӕ сын сӕнусон кӕнын. Æмӕ йын уӕлдай нӕ уыд, уыдонӕй йӕм искӕй тыххӕй маст ӕрхаудзӕн ӕви йын бузныг зӕгъдзысты. Уымӕн ӕмӕ, кӕд кӕйдӕртау,  дугивӕнты коммӕ кӕсгӕйӕ йӕ кӕрц нӕ рафӕлдах-бафӕлдах кодта, кӕд йӕ амӕлӕты бонмӕ дӕр ӕнувыдӕй баззад, раджы кӕддӕр кӕй рӕнхъытӕм бацыд, уыцы Коммунистон партийыл, уӕддӕр ын табуйаг никӕцы дуг уыд. Нафийӕн уыд, ӕрмӕстдӕр, ӕртӕ табуйаг Хуыцауы – лӕг-дзинад, рӕстдзинад ӕмӕ ӕцӕг сфӕлдыстад. Æмӕ йӕхӕдӕг, ӕцӕг фӕлдисӕг уӕв-гӕйӕ, ардта рӕстӕг уыцы ӕртӕ табуйаг хӕрзиуӕджы сӕрвӕлтау тох кӕнынӕн дӕр. Æмӕ кӕд рыст ӕмӕ ӕфхӕрды йедтӕмӕ ницы ӕвзӕрста уыцы тохы фӕндагыл цӕугӕйӕ, уӕддӕр дзы иуварс никуы ахызт, гадзрахатӕй никуы рацыд йӕ удысконды ӕндонвидар позицитыл. Кӕддӕр, уартӕ йе ‘взонджы бонты фысджыты цӕдисмӕ йӕ айсыны тыххӕй цытӕ бавзӕрста, ахӕм цыдӕр ӕндӕртӕн амардтаид се уонг, сӕ къух систаиккой рӕстдзинадыл дӕр ӕмӕ сфӕлдыстадон куыстыл дӕр, фӕлӕ Нафи уӕд дӕр баззад Нафийӕ.

Фысджыты цӕдисмӕ йӕ айстой, фӕлӕ йӕ сфидар кӕнын ӕмӕ уӕнгон билет райсын хъуыд Тбилисы, республикон Фысджыты цӕдисы. Ам ӕй нӕхи Фысджыты цӕдисы правленийы сӕрдар дуарахӕсты бакодта, Гуырдзыстоны Фысджыты цӕдисы дӕр дӕ айстой ӕмӕ ныццу, дӕ уӕнгон билет рахӕсс, зӕгъгӕ. Æмӕ ныццыд. Фӕлӕ, цасдӕр рацагур-бацагуры фӕстӕ, цӕдисмӕ кӕй райстой, уыдоны номхыгъды нӕ разынд. Куыд хъуамӕ фӕуыдаид ӕвзонг, сӕрыстыр, ӕнӕрцӕф ирон лӕппу, «хӕлар» цӕстӕй нӕм, ӕрмӕстдӕр, Мӕскуыйы тӕсӕй чи каст, уыцы адӕмы ӕхсӕн?.. Æмӕ диссаг куыд нӕу – сӕхӕдӕг ын фӕтӕригъӕд кодтой, сӕхӕдӕг сӕфсӕрмы сты. Æмӕ, дам, ӕххӕст, цӕдисмӕ кӕй нӕма айстой, уыдоны документты ‘хсӕн дӕр ацагурӕм… Ӕмӕ йын уым ссардтой йӕ документтӕ, фӕлӕ документтӕ цы фыстӕгимӕ ӕрвыст ӕрцыдысты, уыцы фыстӕгыл разынд, ам ӕй къуыммӕ чи бахаста, Тбилисмӕ ныццу ӕмӕ дӕ уӕнгон билет рахӕсс, зӕгъгӕ, уыцы сӕрдары къухӕй фыст фӕдзӕхсӕн, цӕмӕй йӕ Фысджыты цӕдисмӕ ма айсой, уый тыххӕй…

Куыднӕ фӕрыстаид ӕрыгон лӕппуйы зӕрдӕ, фӕлӕ нӕ асаст йе сфӕлдыстадон хъаруйы ныфс. Æмӕ Нафи куы ссис, алыварсонӕй дӕр уыцы лыскъзӕрдӕ сӕрдары сӕрты куы акаст, уӕддӕр ӕм никуы ӕрцыд, йӕ маст дзы райса, ахӕм хъуыды, уымӕн ӕмӕ йӕ уыдӕттӕм не ‘вдӕлд. Уый йӕхи ӕвӕрдта хуымон галы бынаты, уымӕн ӕмӕ йӕ царды сӕйрагдӕр нысан уыд кусын, иннӕтӕ йын иууылдӕр уӕлӕнгай, фӕсдуар ӕвӕринаг хъуыддӕгтӕ уыдысты.

Ӕмӕ ма иу диссаджы хабар: куыд литературон-сфӕлдыстадон куысты, афтӕ зонадон куысты дӕр Нафийӕн цы бантыст, уыдон иу адӕймагӕн нӕ, иу фӕлтӕрӕн дӕр ӕгӕр бирӕ сты, уыдон цалдӕр фӕлтӕры кӕнинаг хъуыдӕгтӕ сты, уый та ма хӕлардзинад тауынмӕ дӕр ӕвдӕлд! Нафи хӕларӕй, йӕхи загъдау, ӕфсымӕры цардӕй кӕимӕ фӕцард, уыцы номдзыд уырыссаг фысджыты номхыгъдыл цӕст дӕр нӕ аххӕсдзӕн – ӕрмӕст ын Расул Гамзатов ӕмӕ Хъайсын Кулиевимӕ цы хӕларадон ахастытӕ уыдис, ахӕм хӕларадон ахастытӕ сфидар кӕнынӕн дӕр рӕстӕг ӕмӕ хъару хъӕуы… Рӕстӕг ӕмӕ хъару – бирӕ хӕлӕрттӕ дын куы уа, уӕд дзы алкӕмӕн дӕр хъуамӕ де ‘нӕвдӕлон рӕстӕгӕй ратона кӕнай, йӕ рыст, йӕ цинтӕ йын йемӕ адих кӕнай. Уымӕн куыднӕ хъӕуы рӕстӕг дӕр ӕмӕ уды тых дӕр. Уӕлдайдӕр та, уыцы хӕлӕрттӕй дын исчи кӕнӕ исчитӕ се ‘нусон бӕстӕм ацӕуынӕй дӕ зӕрдӕ куы фӕриссын кӕной, дӕ уд дын куы амарой, уӕд… Фӕлӕ та ахӕм ӕрхӕндӕг риссаджы дӕр Нафимӕ уынӕм фӕразондзинад, хиуылхӕцыны ӕвидигӕ тых:

«Адӕймагӕн йӕ уарзон адӕм, йе ‘мгæртӕ йӕ зӕрдӕйы тӕгтӕ сты. Уыдоныл лӕууы йӕ уд йӕ сау сӕрӕй йӕ урс сӕрмӕ. Алы ӕмгары ацыдӕй дӕр лӕгӕн йӕ зӕрдӕйы тӕгтӕй иу аскъуыйы, бастъӕлы ӕмӕ лӕджы уд иунӕг, сидзӕр ӕмӕ мӕгуырӕй аззайы. Фӕлӕ йын хос нӕй – хъуамӕ дӕ уис хӕссай, цалынмӕ дӕ зӕрдӕйы фӕстаг таг нӕ атона, дӕ уды цырагъ нӕ ахуысса, уӕдмӕ… Хъӕц, фӕраз – уый дӕ иунӕг хос ӕмӕ дӕ иунӕг удлӕууӕн!».

Нафийӕ мӕм алцӕмӕй диссагдӕр цы каст, уый – йӕ хуымӕтӕгдзинад… Алы редактор дӕр хъуамӕ Хуыцауӕн кува, цӕмӕй йӕм, Нафи кӕй ныффыста, ахӕм æрмӕгыл йӕ къух ӕрфыссыны амонд ӕрхауа, уый та… Цыфӕнды ӕрмӕг-иу мӕм ма æрбахастаид, хъуамӕ-иу мын йӕ мидис ӕмӕ йӕ ныффыссыны аххосаг тагъд-тагъд цыбыртӕй адзырдтаид, стӕй-иу, кӕдӕмдӕр тагъд кӕнгӕйӕ, хъуамӕ дуары цур фӕстӕмӕ фӕзылдаид ӕмӕ загътаид:

– Кӕд дын фӕбӕзза, кӕннод ӕй урнайы ныппар.

Нафи!.. Алы редактор дӕр йӕхицӕн стыр амондыл кӕй ӕрмӕг ныммыхуыр кӕнын хъуамӕ нымайа, уыцы Нафи! Аслам, тыхарӕзт примитивон  фыссӕггӕндтӕ та дын сӕ дзымандытӕ дӕ разы ӕппарӕгау ӕркӕндзысты ӕмӕ ма дӕм, куы нӕ йӕ ныммыхуыр кӕнай, уӕд президентмӕ кӕй схиздзысты, уымӕй дӕр бартхъирӕн кӕндзысты…

Фӕлӕ афтӕ у, ӕз ӕй не ‘рымысыдтӕн – курдиатджын адӕймаг алцӕмӕй дӕр курдиатджын вӕййы. Курдиатӕй гуыры адӕймагӕн йӕ фыст дӕр ӕмӕ йӕ зондамынд дӕр, йӕ гоймагон архайд дӕр. Æмӕ курдиатджын адӕймагӕн йӕ курдиат уӕлдай ирддӕрӕй райхӕлы, йӕ адӕм цардивӕны зыгъуыммӕ зилдухӕнты куы бахауынц, уӕд, царды уӕз сӕ куы ныцъист кӕны, уӕд алкӕмӕй раздӕр фыссӕг, ӕцӕг фыссӕг ныссагъӕс кӕны йӕ адӕмы хъысмӕтыл, уартӕ раджы кӕддӕр Къоста куыд ныссагъӕс кодта йӕ адӕмы фидӕныл, афтӕ.

Нӕ иумӕйаг Райгуырӕн бӕстӕ нын куы ныппырх кодтой ӕмӕ ихы сӕрыл куы аззадыстӕм, уӕд бирӕ риссаг фарстатӕ слӕууыд, нӕ разы. Фыццаграды, ӕнусты дӕргъы нӕ тугӕй дойны кӕмӕн уыд, фӕлӕ уыцы иумӕйаг Райгуырӕн бӕстӕйы тасӕй нӕ ныццӕгъдынмӕ чи нӕ уӕндыд, уыцы гуырдзыйӕ. Æмӕ Ирыстоны фӕсивӕд слӕууыдысты уыцы тасдзинады ныхмӕ. Уыцы тасдзинад ӕнкъардта ӕмӕ ӕмбӕрста Нафи дӕр, фӕлӕ йӕ ныфс уыд рӕстдзинады фӕуӕлахизӕй, абон уа ӕви райсом, сӕрыхӕцӕг та нын кӕй фӕзындзӕн, ууыл ӕууӕндгӕйӕ. Фӕлӕ йын йӕ уд уӕддӕр ӕмӕ уӕддӕр ӕвдӕрзта, адӕймагадон ӕргъадтӕ кӕй фӕцудыдтой, хӕрзӕгъдауыл мӕнгдзинад ӕмӕ фыдӕгъдау кӕй фӕуӕлахиз сты, уыцы риссаг сагъӕс. Нафи йӕ ӕнкъараг уды уынаг цӕстӕй федта, адӕм цы уавӕры бахаудысты, уыцы уавӕры фӕлдисын, аразын ӕмӕ размӕ цӕуын кӕй никӕйуал ӕндавы, уый. Царды сӕйраг рахӕцӕнтӕ намысджын фӕллойы, цонджы тыхӕй бакӕнгӕ куысты фӕрцы кӕй ничиуал агуры, фӕлӕ искӕй фӕсайын, искӕй бас-тигъыны фӕрцы. Æмӕ ныссагъӕс кодта куырыхон Нафи:

«Стыр базайрӕгтӕ ссарын ӕмӕ ауӕй кӕнын кӕй бон нӕу, уый та лыстӕг базарыл ныххӕцыд: алы уынджы дӕр чысыл киосктӕ, ӕмӕ сӕ хуыггӕмттӕй ракӕс-ракӕс кӕнынц кӕсдӕр фӕсивӕд, фылдӕр та ӕвзонг чызджытӕ. Цы хуызӕн адӕймаг уыдзӕн, ахӕм хуыггомы йӕ царды ӕрыгон бонтӕ чи батона, уый? Йӕ царды хуыздӕр афон уӕй ӕмӕ сайыны хъуыддагыл чи бахардз кӕна, йӕ цӕсты ӕхца иууыл стырдӕр хӕзна кӕмӕн  уа, уый цы хуызӕн лӕг уыдзӕн? Мыййаг йӕхӕдӕг дӕр уӕййаг куы суа, уымӕй тас нӕу? Науӕд цы зондыл хъуамӕ бафтауа уый йӕ фидӕны сабиты та?».

Ех-х, Нафи, Нафи… Куыд дардыл рухс кодта йӕ уды судзгӕ цырагъ! Куыд ӕххӕст алцӕуыл дӕр, куыд ӕй ӕндӕвта алцы дӕр ӕмӕ алчи дӕр, куыд хъомысджын уыд йӕ ирон удысконды ӕнӕфӕцудгӕ позици:

 

Цы хъӕуы абон Иры? Кусын!

Ныууадзын митингты гуыв-гуыв, –

Цӕмӕй – нӕ цӕгат уа, нӕ Хуссар, –

Ысуой ӕмдзырд ӕмӕ ӕмгуывд.

 

Цы ма хъӕуы ӕндӕр та?.. Кусын!

Ысуадзын фидӕны мӕсыг, –

Нӕ сидзӕр сабитӕн сӕ русӕй,

Ӕрсӕрфын тугамӕзт цӕссыг…

 

Никуы мӕ ферох уыдзӕн, иу хатт мӕ иу газетон уацы ныффыстон, зӕгъын, ирон адӕмӕй цардӕгасӕй, къахыл лӕугӕ кӕй ӕрӕййӕфтон, уыдонӕй Нафийӕ стырдӕр лӕг нӕй. Иу цалдӕр боны фӕстӕ мыл редакцийы къӕлидоры амбӕлд, тагъд та кодта, ӕрвылхаттау, фӕлӕ мӕ уӕддӕр уыцы фӕлмӕн буцтӕгъуызӕй афарста:

– Уый та газеты цы ныффыстай?

Ӕмӕ, зӕгъын цы ныффыстон ахӕмӕй – фӕуыргъиау дӕн…

– Ирон адӕмӕй, дам, Нафийӕ стырдӕр лӕг нӕй…

– Омӕ афтӕ нӕу?..

– Афтӕ йед, хӕрӕджы дымӕг у. Уый мӕ ды уарзыс, ӕмӕ дӕм афтӕ кӕсы.

Ех-х, Нафи, Нафи… Ирон туг ӕмӕ стӕг уӕвгӕйӕ Нафиимӕ – йӕхиимӕ дӕр ӕмӕ йе ‘нӕбын денджызау арф сфӕлдыстадимӕ дӕр, йӕ бакӕнгӕ хъуыддӕгтимӕ дӕр зонгӕ уай ӕмӕ йӕ ма уарзай, уӕд дӕ риуы зӕрдӕйы бӕсты дур хъуамӕ уа…

Фондз ӕрхӕндӕг азы… Нафийы ӕмыр сабыры ӕвзаргӕ утӕхсӕн… Фӕлӕ уыцы утӕхсӕны иу удлӕууӕн ис: йӕ 90 азыл бацин кӕныны фадат дӕр ма нын кӕй радта, ӕмӕ нын цы ӕвӕджиауы сфӕлдыстадон бынтӕ ныууагъта, уыдон 90 ӕнусӕй бирӕ фылдӕры фаг кӕй сты, уый.

ГÆБÆРАТЫ Юри

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.