Ӕмгар уыд? Гъо! Кӕд ӕмгуыр нӕ уыд нӕ цардвӕндаг… Ӕмвӕд уыд а-зӕххыл нӕ цыд, фӕрсӕй-фӕрстӕм, – нӕ сывӕллоны бонтӕй уыцы сау бонмӕ, йӕ цардӕмбал мӕм телефонӕй куы ‘рбадзырдта: «Таймураз нал ис…».

Ацы аз Стыр Фыдыбӕстæйон хӕсты Уӕлахизы 75 азы бӕрӕгбон у. Нӕ адӕ-мӕн иууыл нымаддӕр ӕмӕ зӕрдӕмӕхъарӕндӕр бӕрӕгбон. Уымӕн ӕмӕ Стыр Хуыцау, нӕ фыдӕлты фыдӕлтӕ арты (кӕс:нарты), стӕй уыдоны байзӕддӕгты байзӕддаг – Ирты, а-зӕххы уӕлахиздзаутӕй сӕвзӕрста. Уымӕн уыцы Стыр хӕст дӕр ӕвдисӕн уыд. Фӕлӕ мӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ ацы бӕрӕгбон нӕ бамынӕг кӕндзӕн ирон поэзийы цӕхӕркалгӕ стъалы Джусойты (Хаджеты) Таймуразы райгуырдыл дӕр, рӕхджы, 75 азы кӕй ӕххӕст кӕны, уыцы бон. Дӕргъвӕтин нӕ уыд йӕ цардвӕндаг… Фӕлӕ цал ӕцӕг поэтӕн бантыст фылдӕр фӕцӕрын?..

Йӕ удӕгасӕй нӕ баййӕфта аккаг рӕвдыд, нӕдӕр не сфӕлдыстадон ӕхсӕнадӕй, нӕдӕр – Иры дзыллӕйӕ, куыд ХХ-ӕм ӕнусы йӕ иууыл ирддӕр курдиӕттӕй сӕ иу…

Раст зӕгъгӕйӕ, уымӕ нӕдӕр тырныдта. Цыма йӕ зыдта, цы фыссы, уый фидӕны фӕлтӕртӕн фӕдзӕхст у, ӕмӕ йын кадгӕнӕг дӕр уыдон уыдзысты. Уымӕн ӕй уырныдта:

«Ӕз куы амӕлон, уӕд-иу мыл

Ды, мӕ хӕлар, ма кӕ хъарӕг!

Кӕс, – зӕгъ-иу – тӕхы ӕвдиуау

Иры урс бӕрзӕндтыл барӕг!»

Ӕнафон атахт а-зӕххӕй бирӕтӕн сӕ хӕлар. Мӕнӕн – ме ‘мгар, ме ‘мцӕдисон, мӕ хӕрӕфырт, мӕ тугисӕг. Атахт «ӕвдиуау», фӕлӕ ныууагъта йе ‘нӕмӕлгӕ сфӕлдыстад, йӕ уарзт – Фыдыбӕстӕм, махмӕ, йӕ фӕстӕ чи баззад, уыдонмӕ. Стӕй ма фидӕны фӕлтӕртӕм ӕмӕ ма – мысинӕгтӕ.

Уӕлдӕр, ацы фыстуацы райдайӕны дзӕгъӕлы не ‘рхастон Таймуразӕн йӕ иу ӕмдзӕвгӕйӕ ӕртӕ рӕнхъы:

«Кӕд а-зӕххыл иу лӕг

Лӕджы номӕй не мыса мӕн,-

Дзӕгъӕлы фӕцардтӕн…»

О, афтӕ! Уыд, ис ӕмӕ уыдзӕн Поэт – Хаджеты Таймураз!

Фӕлӕ, Тамуйы мысгӕйӕ, ӕз фӕвӕййын ме ‘мкъласонимӕ; ӕмзонд, ӕмвӕнд, ӕмцӕдисон ӕмбайимӕ; цæрдхъом, ӕмгаруарзаг, тых-зонд-хуызӕй ӕххӕст нӕртонимӕ. Фӕмысын лӕджы номӕй Тамуйы… ӕмӕ ‘рмӕст ӕз нӕ. Ацы хуызы зындгонд у ӕппӕт къуыдайрӕгты ‘хсӕн. Стыр Поэты ном хӕссӕджы разӕй дӕр.

Къуыдаргом. Ацы ран, Къуайсайы хохы зды-цинчы гуырӕнтыл, 1944 азы, И. Сталины сӕр-магонд указмӕ гӕсгӕ сырӕзт, Хуссар Ирыстон кӕй нӕ зыдта, ахӕм куыстуат ӕмӕ йӕ фӕр-саг горӕтхуыз посёлок.

Советон Цӕдисы алы рӕттӕй ардӕм ӕрвыст ӕрцыдысты сӕдӕгай специалисттӕ ӕд бинонтӕ, алыхуызон адӕмы хӕттытӕ. Къуайсайы астӕуккаг скъолайы, кӕцы уыд, ам кӕй сарӕзтой, уыцы социалон объекттӕй сӕ фыццаг, ирӕттӕй дарддæр, ахуыргӕнджыты фылдӕр хай уыдысты уырыссӕгтӕ, украинӕгтӕ, грекъӕгтӕ, гуырдзиӕгтӕ, немыцӕгтӕ ӕмӕ ӕндӕр нациты минӕвӕрттӕ, кӕцыты фӕрцы ахуыр-хъомыладон куыст ӕвӕрд уыд бӕрзонд ӕмвӕзадыл.

Ууыл дзурӕг у, скъолайы рауагъдонтæн сæ 70-80 проценты уӕлдӕр ахуырадон уагдӕтты сӕ ахуыр кӕй дарддӕр кодтой.

Таму не ‘хсӕн райдайӕн кълӕстӕй бӕрӕг дардта – ахуыры уыд ӕнӕзивӕг, спорты ӕмӕ алыхуызон адӕмон хъӕзтыты – уӕлахизмӕ тырнӕг, скъолайы культурон-улӕфӕн мадзӕлтты активон архайӕг ӕмӕ а.д.

Иууыл диссагдӕр та уыд, йӕхи куыд сӕрибар хатыд сценӕйыл. Йӕ хо Меримӕ-иу (цагъта йын фӕндырӕй) куы рахызт зарынмӕ, уӕд-иу йӕ хъӕлӕсы рӕсугъд зӕлтӕй ӕмӕ артисты фезмӕлдӕй йӕхимӕ æркӕсын кодта адӕмы. Уымӕ гӕсгӕ-иу алыхуызон районон, областон ӕмӕ республикон слётты ӕмӕ фестивалты кадгӕнӕг уыдысты не скъолайӕн.

Уыцы рӕстӕг рабӕрӕг йӕ характеры ахӕм ӕууӕл, кӕцыйы бындурыл райрӕзт ӕмӕ сфидар йӕ сӕрибаруарзаг удыхъӕд. Стыр рисӕй иста ӕнӕхъуаджы рӕхуыст ныхас, ӕнӕмбӕлгӕ ‘фхӕрд, хистӕрӕй куы цыд, уӕддӕр, ӕмӕ-иу равдыста йе ‘нӕразыдзинад. Хызт уыд,  абон куыд дзурынц – дӕлбарон комплексӕй. Уымӕн схаста Таймураз лӕджы ном. Сӕрибар лӕджы ном. Сӕрибар суӕвын та тох у. Искæимӕ, ӕддагон тыхтимӕ дӕр ӕмӕ хи миддунемӕ, хи æнкъарӕнтимӕ, хи уд, хи монцтимӕ. Стӕй ӕрмӕст тох нӕ, фӕлӕ ма сыл уӕлахиз уæвын дӕр. Уый та алкӕмӕн не ‘нтысы…. Царды кӕй зыдтон, уыдонӕй йӕ удгоймаг Сӕрибары бӕрзӕндтӕм чи систа, уыдонӕй сӕ иу уыд Таймураз.

Ӕвдисӕнӕн ӕрхӕсдзынӕн ахӕм цау. 1963 аз. Райдыдтой сӕрдыгон каникултӕ дӕсӕм кълас фӕуыны фӕстӕ. Иу бон мӕм хӕдзармӕ фӕзынд Таму. Ӕрбацыд Чъребайӕ. Хистӕр кълӕстӕм куы схызтыстӕм, уӕд ӕй йе ‘фсымӕр Нафи акодта не скъолайӕ уырдӕм. Бонӕй абӕрӕг кодтам нӕ иумӕйаг хӕлӕртты. Ӕхсӕв баззад мӕнмӕ. Боныцъӕхмӕ ныхасыл фестӕм: куыд хъуыды кӕнӕм нӕ дарддӕры цардвӕндагыл ӕмӕ а.д. Дзырд нӕм ӕрхаудта нӕ ахуыргӕнджыты тыххӕй дӕр. Таму уӕлдай йӕ хъус аздӕхта Гасситы Лев Степаны фырты ‘рдӕм – уырыссаг ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнӕгмӕ. Уый иу фондз азы размӕ райдыдта кусын не скъолайы. Ӕртын азы дӕр ыл нӕ цыд, афтӕмӕй йӕ сӕры хил урс адардта. Дзырдтой, ахӕстоны кӕй фӕбадт, фӕлӕ цӕй тыххӕй, уый дзуринаг нӕ уыд…

Таму мын раргом кодта, Гассийы фырт фӕндзайӕм азты, студент уӕвгӕйӕ, кӕй уыд сусӕг къорды сконды, кӕцы тох расидт, гуырдзыйы ‘рдыгӕй цы ӕмбӕхст-ӕргом цӕлхдуртӕ ӕвӕрд цыд Хуссар Ирыстоны экономикон, социалон ӕмӕ культурон рӕзтӕн, уыдоны ныхмӕ. Уагътой фӕсивӕды ‘хсӕн сусӕг ӕмбырдтӕ, парахат кодтой листовкӕтӕ, прокломацитӕ, кӕцыты ӕргом кодтой Гуырдзыстоны националистон политикӕйы ахаст ирӕттӕм. Иууыл тынгдӕр дзырд цыд, ирон ӕвзаджы ныхмӕ цы мадзӕлттӕ ист ӕрцыд, уыдоныл. Уы-мӕй размӕ кириллицӕйы бындурыл арӕзт ирон фыссынад ивд ӕрцыд гуырдзиаг алфавиты бындурмӕ. Хъыгагӕн, ацы ӕлгъаг хъуыддаг саразын бантыст бынӕт-тон партион-советон къухдариуӕггӕнджыты фӕрцы… Къорды хайадисджытӕ ӕргом ӕрцыдысты, тæрхон сыл скодтой, куыд ирон националисттӕ ӕмӕ хасты баййæфтой. Ацы темӕ дарддӕр кæнгæйæ, Таму схъӕр кодта йе ‘рбацыды сӕр: гуырдзыйы ‘рдыгӕй националистон ахаст ирӕттӕм нӕ нымӕг кӕны ӕмӕ йын ныхкъуырд радтыны тыххӕй, Чъребайы фӕси-вӕдӕй иу цалдӕримӕ (сӕ нӕмттӕ мын загъта, бахъуыды дзы кодтон Цоциты Ала-ны) райдыдтой аразын сусӕг патриотикон ӕхсӕнад. Рахастой уынаффӕ, цӕмӕй куыст ӕнхъӕвза горӕты уӕлдай районтыл дӕр. Бахатыдис мӕм, цӕмӕй Къуайса ӕмӕ Къуыдаргомы куысты хӕс мӕхимӕ райсон…

Афтӕ бахаудтӕн ирон «шестидесятникты» скондмӕ (йӕ размӕ уыдысты ахӕсты чи фесты, уыцы «пятидесятниктӕ»).

Иуцасдӕр рӕстӕг рацыд ӕмӕ фехъуыстон, Таймураз Советон Ӕфсады рӕнхъыты кӕй скуысси. Райдыдтон дзы исын фыстӕджытӕ Батумӕй, арӕнхъахъхъӕнӕг хайӕ. Фӕстӕдӕр, службӕ куы фӕци, уӕд мын радзырдта йӕ ӕнӕнхъӕлӕджы ӕфсадмӕ ацыды хабар. Цӕвиттон, Нафийӕн КГБ-йы кусджытӕй чидӕр бамбарын кодта, йе ‘фсымӕр «йӕхи хуызӕттимӕ» кӕй кӕнынц политикой уагхалӕн куыст ӕмӕ сӕ фӕстӕ зылд кӕй цӕуы… Нафи, Таймуразы Советон Ӕфсады фӕкуысси кӕныны уӕлдай хуыздӕр хос не ссардта. Къорды иннӕ лӕппуты ныййарджытӕм дӕр фӕци хӕрзгӕнӕг… ӕнхъӕлдтон, бынӕттон къухдариуӕггӕнджыты нал бафӕндыд, раздӕр цы «националистты» раргом кодтой ӕмӕ бафхӕрдтой, уыдоны фӕдыл ног фӕлтӕр арвитын.

Афтӕ, йӕ тӕмӕны нӕ бацӕугӕйӕ, бамынӕг ацы организацигонд змӕлд. Фӕлӕ, уӕд уыцы куыст чи райдыдта, уыдон 80-ӕм азты кӕрон ногӕй систой сӕрибары сӕрвӕлтау тырыса…

Мӕ ацы мысинаг ӕрхастон ӕрмӕст уымӕн нӕ, ӕмӕ равдисон, куыд ӕмӕ цы бындурыл рӕзтис сомбоны Поэт-æмбæстаджы удыхъӕд, фӕлӕ тынгдӕр – дӕнцӕгӕн, дӕнцӕгӕн нӕ абоны фӕсивӕдӕн. Уыдон хъуамӕ зоной, ӕмбарой ӕмӕ тыхсой сӕ адӕмы сомбоныл – сӕ размӕ чи ис ӕмӕ уыд, уыдон куыд кодтой, уый. Ӕмӕ æрмӕст «зоной» ӕмӕ «æмбарой» нӕ, фӕлӕ ма тох кӕной сӕ иумӕйаг сомбоныл, кӕцыйӕн ӕрцӕуӕн ис ӕрмӕстдӕр политикон ӕгъдауӕй иугонд Ирыстоны. Ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзӕн сисӕн ӕмбӕлгӕ бӕрзӕндтӕм национ химбарындзинад, национ сӕрыстырдзинад ӕмӕ хӕдбардзинад, ӕнӕ кӕцытӕй иронӕн лӕджы ном хӕссӕн никӕд нӕй, мӕнӕ дзы Таму цы хъуыды ӕвӕрдта, уый хынцгӕйӕ. Ӕцӕг ын йӕ уыцы ахаст: царды зындзинæдтӕ дӕр хаста. Бирӕтӕ йӕ не ‘мбӕрстой, хуыдтой йӕ схъӕлзӕрдӕ, ӕнӕрцӕф, царды ӕнӕмбаргӕ. О, афтӕ уыд. Лӕджы ном уымӕн хаста, ӕмӕ искӕйты хуызӕн кӕй нӕ уыд, йӕхицӕн аргъ кӕнын кӕй зыдта, кӕй ӕмбӕрста йӕ поэтикон дзырды тых ӕмӕ бӕрзондад. Уымӕ гӕсгӕ «райгуырд» ног мыггаг – номхӕссӕг Поэт – «Хаджеты…».  Уый дӕр дзуринаг у…

Иуахӕм йӕ фыццаг чиныг куы рацыд, уый фӕстӕ Таму Къуайсайы фӕзынд. Иу-къордӕй «биржӕйы» лӕууыдыстӕм ӕмӕ «бон хорз» – тыхстыты фӕстӕ уый йӕ хӕлафы фӕстаг дзыппӕй сласта чысыл чиныг ӕмӕ мӕм ӕй радта: «Гъа, уый та дын мӕ чиныг. Ӕцӕг, дӕу тынг нӕ уырны, фыссынмӕ кӕй арӕхсын, фӕлӕ ӕз поэт дӕн, поэт!». Чиныг райстон (уый размӕ йӕ Чъребайы кӕй балхӕдтон, уый йын, бӕгуыдӕр, нӕ загътон) ӕмӕ йын, йӕхӕдӕг-иу нӕ фысджытӕй бирӕты фыстыты тыххӕй куыд дзырдта, уыцы ныхӕстӕ сӕппӕрстон: «Алӕ-ма, дӕ дзымандытӕм дын ӕркӕсон…» Ӕмӕ цыма нӕ зыдтон йӕ фӕсномыг, загътон: «Ау, ай Хаджетӕй чидӕр куы ныффыста, уӕд ӕм ды цы бар дарыс?» Таймураз бахудт ӕмӕ мыл ахӕцыд: «Цӕугӕ, лӕппуты атымбыл кӕнӕм ӕмӕ ма мӕм гонорарӕй цы аззад, уымӕй «ахуылыдз» кӕнӕм ацы чиныг».

«Хаджейы» «райгуырды» тыххӕй дӕр ӕнӕ зӕгъгӕ нӕй, уымӕн ӕмӕ ацы цау ирдӕй ӕвдисы, уӕлдӕр ын йӕ удгоймаджы цы характерон ӕууӕлты кой кодтон, уый. Цӕвиттон, иуахӕмы, ӕмбӕлттимӕ, фынгыл бадгӕйӕ нӕм ӕрбахаудта нӕхицӕй хистӕр ме ‘рвад лӕппу-лӕг, кӕцы куыста Уырысы ӕмӕ уыд отпусчы. Уый, Таймуразмӕ бакӕсгӕйӕ, сдзырдта:

 «Ацы лӕппуйы нал хъуыды кӕнын». Кӕйдӕр ныхас райхъуыст: «Уый не ‘мгар у, Нафийы ӕфсымӕр…». Таймураз йӕ хъуыры абадт: «Ӕз – нӕ! Нафи у ме ‘фсымӕр!». Алчи нӕ бамбӕрста, цы йӕ фӕндыд зӕгъын…

Ӕз та зыдтон, куыд нӕ уарзта искӕйы, уӕлдайдӕр та йӕ номдзыд ӕфсымӕры аууон хи хатын. Бирӕтӕн цардӕй лӕвайраг уыдаид зындгонд лӕджы ӕфсымӕр уӕвын, цӕмӕйдӕриддӕр йӕ хъуыддӕгтӕ рӕвдздӕр цӕуой. Таймуразы та фӕндыдис алцы йӕхи тыхӕй, йӕхи ныфсӕй аразын. Уымӕн ӕмӕ æмбӕрста, йӕ курдиатыл Скӕнӕджы тӕлм кӕй ис, кӕцыйыл къӕм абадын нӕ уыд бауадзӕн…

Цхинвалӕй Дзӕуджыхъӕумӕ йӕ ацыды сӕр дӕр ӕмӕ фӕсномыг «Хаджеты» фӕзынд дӕр кӕмдӕр уый тыххӕй уыд…

1976-1981 азты ахуыр кодтон Мӕскуыйы паддзахадон университеты. Афӕдз-иу ӕм 2-3 хатты фӕзынд Таму. Аззадис-иу къуыригӕйтты. Иуахӕмы ӕрбакодта йӕ хӕлар Гадаты Лазыры. Куыд базыдтон – курдиатджын ӕвзонг скульптор, бирӕ равдыстыты хайадисӕг, куыд Мӕскуыйы, афтӕ ӕппӕтцӕдисон ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон равдыстыты дӕр.

Фынгыл бадгӕйӕ, арӕх куыд вӕййы, афтӕ нын ацайдагъ ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр темӕтыл ныхас. Таму бацагайдта сфӕлдыстадон темӕ. Рахызт Лазыры куыстытӕм. Уыдонӕн стыр аргъ кӕнгӕйӕ, бахахх кодта, зӕгъгӕ, куыд аивадон, афтӕ æндӕр сфӕлдыстадон дӕсныйӕдты ‘хсӕн иууыл зынгӕдӕр бынаты ӕвӕрын хъӕуы скульпторы дӕсныйад. Скульпторы курдиаты фӕрцы ис удӕгасгӕнӕн «мард» материалон ӕрмӕджытӕй конд характерон хуызӕг фӕлгонцтӕ, ис ӕвдисӕн, адӕймаджы ӕмӕ йӕ алфæмблай цы дуне ис, уыдоны рӕсугъддзинад. Дӕнцӕгӕн ӕрхаста Лазыры цалдӕр куысты… Фӕлӕ дарддӕр Лазыр, ныхас айсгӕйӕ, Таймуразы хъуыды арфдӕр кӕныны бӕсты, куыд ацы фарстайы махӕй компетентондӕр, равдыста йе ‘нӕразыдзинад ӕмӕ бахахх кодта, зӕгъгӕ, ӕрмӕстдӕр поэтикон фӕрӕзтӕй ис скъахын ӕмӕ скалын адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы уаг, йӕ удыхъӕд, уымӕн йӕ фӕндтӕ ӕмӕ хъуыдытӕ ӕмӕ уыдоны, сурӕнты сургӕйӕ иртасгӕ, ӕнцондӕр ӕмӕ ӕмбарӕндӕр хуызы равдисын. Уыцы фадат та дӕттынц Дзырд ӕмӕ ӕвзаг…

Хъуыстон мӕ разы бадӕг дыууӕ курдиатджын лӕппу-лӕджы быцӕу ныхасмӕ ӕмӕ хъуыдыты аныгъуылдтӕн. Сӕ дзырдты сын ницы рахатыдтӕн, фылдӕр хатт куыд вӕййы сфӕлдыстадон кусджыты ‘хсӕн, нӕхи, нӕ кӕрӕдзийӕ ӕппӕлыны хъуыддагӕй. Сӕ ныхӕстӕм хъусӕг ӕмбӕрстаид,  кӕрӕдзийы сфӕлдыстады кой кӕнгӕйӕ, сӕ аргументациты бындуронад. Кӕддӕр иу хъуыдымӕ куы нал цыдысты, уӕд сӕ быцӕуы сӕр «раалаверды» кодтой мӕнмӕ. Мӕ хъуыдытӕ лӕхургӕйӕ, бафиппайдтон, кӕй хъӕуы ахӕм быцӕуы хатын, цы ӕхсӕнадон ӕмбарындзинады ӕмӕ ахадындзинады уӕз хӕссынц поэзи ӕмӕ скульптурон сфӕлдыстад, уый. Стӕй ма хъуыдыйаг у уыдоны пайдадзинад дӕр уӕрӕх дзыллӕты ‘хсӕн. Уый уӕлдай ма ӕрымысыдтӕн Библийӕ: «Раздӕр уыд Дзырд!» ӕмӕ ма бафтыдтон: «Дзырды размӕ та вӕййы Идейӕ-Хъуыды. Идейӕ-Хъуыды ӕмӕ Дзырд сты адӕймагӕн йе ‘нкъарынады, ӕмбарынады бындур. Уыдоныл кӕцы сфӕлдыстадон ӕндӕвдад ахадгӕдӕр у, уый дызӕрдыггаг нӕу…». Мӕ ныхас Лазыры хъуыдыйыл сах абадт. «Философ дзы куы нӕ зӕгъа…», – сдзырдта ма Таймураз, ӕмӕ нӕ хъус фынгмӕ адардтам… Ацы мысинаг рӕгъмӕ рахастон, цӕмӕй бахахх кӕнон, нӕ курдиатджын интеллигенцийы минӕвӕрттӕ куыд аргъ кодтой Таймуразы сфӕл-дыстадӕн. Ӕмӕ ма иу ахӕм фиппаинаг. Мӕ дзырд здахын Таймуразы сфӕлдыстады иртасджытӕм ӕмӕ йӕ ахӕсты чи бахауд, уыдонмӕ:       уӕ хъус адарут Таймуразы патриотон, философон-политикон лирикӕмӕ.

«Мӕлӕн дын нӕй, мӕ фыдӕлты ӕвзаг,

Дӕ зӕронд мад у ацы зӕххы къори,

Ӕмӕ куы сӕфай (ма зӕгъӕд ӕзнаг),

Дӕуимӕ сӕфы дунейы истори!».

Поэты ацы хъӕр-хъуыды бамбаринаг у нӕ абоны ӕмӕ нӕ сомы фӕлтӕртӕн. Ӕмбарынадон хатдзӕгтӕ кӕнгӕйӕ, уый бӕтты ӕмӕ ӕргом кӕны, йӕ фыдӕлты ӕвзаджы сомбон Дунейы Историйы уӕвынадимӕ, дзуры уыдоны ӕмбастдзинадыл: куы сӕфа фыдӕлты ӕвзаг – йемӕ сӕфдзӕн дунейы истори, ӕмӕ иннӕрдӕм – дунейы историйы сӕфт нысан кӕны ирон ӕвзаджы мӕлӕт дӕр. Поэты ацы бындурон тезисыл бады ахӕм философон-политикон уӕз, кӕцы ӕмбаргӕйӕ, ирон лӕджы ном чи хӕссы, уымӕн йӕ националон ӕнкъарынад хизинаг у ӕппӕтдунеон ӕмбарынады бӕрзӕндтӕм, куыд иууыл рагондӕр ӕвзаджы номхӕссӕг. Стӕй ма ацы тезисӕй Поэт дзуапп дӕтты, абон не ‘хсӕнады цы ӕнӕмбарындзинад сӕвзӕрд ирон ӕвзаджы сомбоны тыххӕй, уымӕн дӕр.

Ныхас цӕуы ирон ӕвзаджы уæвынадыл, цы уавӕры ис, ууыл. Таймураз кӕйдӕртау трафаретон фӕззойӕ кӕсӕг нӕу ацы проблемӕмӕ. Ома, ис ӕвзаг, ис ӕвзагхӕссӕг адӕм ӕмӕ йӕ истори; амард ӕвзаг – аскъуыд сӕ истори. Ӕмӕ кӕд ӕцӕгӕйдӕр афтӕ у, абоны цивилизацион процессы фӕлгӕрӕтты аззайгӕйӕ, бирӕ ӕндӕр, нымӕцӕй – чысыл, адӕмты амонд, уӕддӕр Поэты уырны: адӕм ӕмӕ ‘взаг, кӕцытӕ мин-мин азты размӕ уыдысты ацы процессы ратӕдзӕнты фыццаг ӕртӕхтӕ, уыдонӕн, куыд «ацы зӕххы къорийы» хъӕбултӕ, сӕфӕн нӕй. Цалынмӕ адӕймагады Истори уа, уӕдмӕ. Гъе! Уый ӕмбарынады бӕрзӕндтӕм схызт Поэт Хаджеты Таймураз!

ХУЫГАТЫ Резо

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.