26-æм августы   хуссарирыстойнаг адæм уæрæхæй банысан кодтой Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыныл 15 азы сæххæсты бон. Ныр та, райсом 20-æм сентябры банысан кæндзыстæм Республикæ расидыны бон. Уыцы нысаниуæгджын бонтæ баст сты Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Советы сæрдар, республикæйы фыццаг къухдариуæггæнæг Хъуылымбегты Торезы номимæ.

Торезы райгуырдыл 2-æм сентябры сæххæст 85 азы. Йæ фæллойадон архайд райдыдта 1959 азы. Цалынмæ республикæйы къухдариуæггæнæгæй æвзæрст не ‘рцыд, уæдмæ куыста алы æмæ алы партион æмæ советон органты. 1990 азы декабрæй 1993 азы сентябры онг уыд Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Советы сæрдар. Хицауады сæргъ лæугæйæ, размæ кодта хæдбардзинады идейæ æмæ гуырдзиаг республикæйы скондæй рахизыны бар. Уыцы бар нысан æрцыд Конституцийы. Æмæ Хуссар Ирыстоны рæзты фæндæгтæ тынг хорз зонгæйæ, уый дунеон барадон æппæт нормæтыл бындуриуæг кæнгæйæ, уыдта,кæцы здæхты цæуын хъæуы адæмы æмæ бæстæйы интерестæ хынцгæйæ. Йæ къухдариуæгадæй автономон област бакодта егъау куыст. Советон Цæдис куы ныппырх æмæ Хуссар Ирыстон скуынæг кæныны тæссагдзинады бын куы бахауд, уæд Торез Георгийы фырт йæхи равдыста куыд фæлтæрдджын политик, афтæ. Уый у политикон фигурæ хуссарирыстойнаг адæмы историйы. Йæ хъæппæрисæй 90-æм азты райдианы ист уынаффæ хуссарирыстойнаг адæмы бынтон скуынæг кæнынæй бахъахъхъæдта.

1990 азы 20 сентябры Хуссар Ирыстоны адæмон депутатты Совет райста  Деклараци паддзахадон су-веренитеты тыххæй, цыран расидтæуыд Хуссар Ирыстоны Советон Демократон Республикæ Советон Цæдисы сконды.  Цалдæр мæйы фæстæ ивд æрцыд Хуссар Ирыстоны Советон Республикæмæ, æмæ фæстæдæр та – Республикæ Хуссар Ирыстонмæ. Райдианы адæмон депутатты советы сессийы фарст æвæрд нæ цыд Хуссар Ирыстоны автономон область республикæмæ рацаразыны тыххæй. Боны фæткы æвæрд цыд фарст Хуссар Ирыстоны автономон областы суверенитеты фæдыл Деклараци райсыны тыххæй. Фæлæ уынаффæ кæныны рæстæджы, Республикæ расидыны фæндонимæ раны-хас кодта Хъуылымбегты Торез. Сæрмагондæй уый уыд республикæ расидыны инициатор æмæ йæ фæрцы Хуссар Ирыстоны автономон область рацарæзт æрцыд Хуссар Ирыстоны Советон Демократон Республикæмæ.

Уымæй закъондæттынад æмæ дунеон барад хæлд не ‘рцыдысты, уынаффæ æххæстæй æмбæлон уыд Советон Цæдисы нормативон-барадон базæ æмæ процесстæн. Ацы фæндон уыд æнæнхъæлæджы куыд «Адæмон Ныхас»-ы минæвæрттæн, афтæ депутаттæн дæр. Фæлæ сессийы хайадисджыты фылдæр хай рахæцыдысты йæ фæндоны фарс, кæд æмæ уыцы рæстæджы Хъуылымбегты Торез Хуссар Ирыстоны уæды партион-советон къухдариуæгадмæ оппозицийы уыд, уæддæр.

1990 азты Хуссар Ирыстоны райдыдта национ-сæрибаргæнæн змæлд. Хъуылымбегты Торез нæ уыд адæмон фронт «Адæмон ныхас»-ы змæлды уæнг, фæлæ йын бастдзинад уыд йæ минæвæрттимæ, уымæн æмæ сæ политикон позицитæ уыдысты æввахс. Уæд сессийы Хъуылымбегты Торезы хъæппæрисæй æвзæрст æрцыд республикæйы æххæстгæнæг комитет æмæ 9-æм декабрмæ нысан æрцыдысты Хуссар Ирыстоны Парламенты 1-аг æрсидты депутатон æвзæрстытæ. 10-æм декабры уагъд æрцыд Советон Гуырдзыстоны Уæлдæр советы рабадт. Æмхъæлæсæй депутаттæ райстой уынаффæ Хуссар Ирыстоны автономон область аивыны тыххæй. Фæлæ уыцы рæстæгмæ Хуссар Ирыстоны автономон область рацарæзт æрцыд республикæмæ æмæ Гуырдзыстоны Уæлдæр советы уынаффæйæн ницыуал тых уыд.

20-æм сентябрæй 9-æм декабрмæ Советон Цæдисы хицауады централон органты ‘рдыгæй серьезон æндæвдад цыд Хъуылымбегты Торезыл, домдтой дзы æвзæрстытæ аивын. Дзырдтой йæм, æртхъирæн æм кодтой, фæлæ Хъуылымбегты Торез фидарæй загъта: «Нæ адæмы фæнды æвзæрстытæ ауадзын, æмæ æз та дæн мæ адæмы фырт, уымæ гæсгæ æвзæрстытæ уагъд æрцæудзысты».

1991 азы 29-æм январы Торез Георгийы фырты гуырдзиаг фарс фæхуыдта бадзырдтæм нæ горæты раздæры «Турбаза»-йы бæстыхаймæ. Уый æнхъæлдта, зæгъгæ, бадзурдзысты хæст æруромыны тыххæй æмæ уымæ гæсгæ сразы ис семæ фембæлыныл. Фæлæ та ацы цауы дæр гуырдзиæгæтæ равдыстой се ‘цæг æлгъаг цæсгом, æмæ йæ аскъæфтой йæ шофыримæ. Ныхмæлæууæг фарс, афтæмæй бафæлвæрдта ирон адæмы басæттын, фæлæ сæ фæндæй ницы рауад. Хъуылымбегты Торез ссис ирон адæмы лидер, кæцы Хуссар Ирыстоны областон советы историон сессийы фыццаг фехъусын кодта Республикæ расидыны тыххæй æмæ фæндон бахаста ацы инициативæйы æвварс рахæцыны фæдыл.

1991 азы 20-æм январы фæзынд фыццаг информаци гуырдзиæгтæ Хъуылымбегты Торезы аиуварс кæнынмæ кæй хъавынц, уый тыххæй. Йæ аскъæфынæй иу боны размæ, ома 28-æм январы гуырдзиаг фарс бафæл-вæрдта Торез Георгийы фырты Гуырдзыстонимæ арæн-гæрон Знауыры районы хъæутæй сæ иумæ бадзырдтæм фæхонынмæ. Йæ удæн тæссаг кæй уыд, уый æмбаргæйæ йемæ хъуамæ ацыдаиккой 20 гæрзифтонг лæппуйы. Фæлæ сын Тбилисæй фехъусын кодтой, зæгъгæ, гуырдзиаг фарс не ‘рбацæудзæн фембæлдмæ (æвæццæгæн сын исчи фехъусын кодта, иунæгæй кæй нæ уыдзæн, уый). Дыккаг бон, 29 январы сихорафонмæ æввахс, Торез цæгатирыстойнаг депутат Козаты Георгиимæ тагъдыл рахызтысты Уæлдæр Советы бæстыхайæ, сбадтысты машинæйыл æмæ ацыдысты Турбазæмæ. Уым уыдысты уæрæсейаг инæлартæ Малюшкин æмæ Воронов. Турбазæйы бæстыхайы хъуамæ уагъд æрцыдаиккой бадзырдтæ. Фембæлд Цхинвалы кæй уыд, уымæй дæр уæрæсейаг батальоны территорийыл, уымæ гæсгæ йæ бахъахъхъæныныл ничи ахъуыды кодта. Йæ шофыр Уалыты Сергей мысыд: «Хъуылымбегты Торез æмæ Козаты Георги рахызтысты машинæйæ æмæ бацыдысты бæстыхаймæ, æз сæм æнхъæлмæ кастæн æддейæ. Кæрты уыд цъус адæм – цалдæр уырыссаг салдаты æмæ шофыртæ. Рацыдаид иу сахаты бæрц. Бадзырдты хайадисджытæ куы рахызтысты, уæд æз лæу-уыдтæн мæ машинæмæ æввахс. УАЗикы цур æрлæугæйæ ма цæуылдæр уынаффæ кодтой. Торез Георгийы фырты цур чи лæууыд, уыдонæй иуы – инæлар-майор Кванталианийы уайтагъд базыдтон. Цасдæр рæстæджы ма цæуылдæр уынаффæ кодтой. Уалынмæ фæхатыдтæн УАЗ машинæйы цур тыхст змæлдтытæ – Хъуылымбегты Торезы тыхæй баппæрстой машинæмæ æмæ стыр тагъдæй ацыдысты Турбазæйы кæртæй. Уый мæнæн уыд бынтон æнæнхъæлæджы, уайтагъд мæ машинæйыл абадын кодтон Козаты Георгийы æмæ сæ фæстæ атагъд кодтам. Гуырдзиаг постмæ бацæугæйæ нæ размæ рагæппытæ кодтой гæрзифтонг гуырдзиæгтæ. Мæ машинæйæ мæ тыхæй раппæрстой, сæхи машинæмæ мæ баппæрстой æмæ мæ аластой Гурмæ. Депутат Козайы фырты ауагътой».

Дыууæ дæр гуырдзиаг ахæстæтты цы бавзæрстой, ууыл дзурын уæлдай у. 1991 азы 23-æм декабры Гамсахурдияйы ныхмæлæуджытæ фæактивондæр кодтой сæ архайд, хъуамæ раппæрстаиккой хицауиуæгадон режимы. Уымæй спайда кодтой криминалон авторитеттæ дæр. 23-æм декабры ахæстонæй ралыгъдысты сæдæгай ахæсттæ, уыцы нымæцы ирæттæ дæр. Ирæттæ адих сты дыууæ къордыл, сæ фæндаг уыд ахæм: Кутаисæй Къуыдаргомы хæхтыл Къуайсамæ. Хæдзармæ Уалыты Сергейы фæндаг ахæссыд 11 суткæйы дæргъы. Сæдæгай километртæ хæххон бы-нæтты астæумæ миты лæгæрдын, ахæм фæндагыл цæуын алкæйы бон нæ бауыдаид. Фæлæ уыдон раирвæзтысты зындонæй. Цыдысты хиаразгæ «компасмæ» гæсгæ æххормаг æмæ фæлмæцыдæй. «Компасы» рæдыдтыты аххосæй æнæхъуаджы фесæфтой бирæ рæстæг æмæ ма тыххæйты сæрæгасæй сæмбæлдысты Ирыстоныл.

Уымæй цалдæр боны фæстæдæр Алексей Востриков Коцты Станиславимæ Цхинвалмæ верттæхæгыл фæхæццæ кодтой республикæйы Сæргълæууæг Хъуылымбегты Торезы дæр. Республикæ Хуссар Ирыстоны адæм домдтой йе ссæрибар кæнын æмæ сæ къухты бафтыд. Зындгонд барадхъахъхъæнæг организаци «Эмнести Интернэшнл» Хъуылымбегты Торезы расидт  политикон ахæст №1. Фашист Гамсахурдияйы раппарыны фæстæ, Гуырдзыстоны ног хицауады бахъуыд йе ссæрибар кæнын. Хуссар Ирыстонмæ æрбаздæхгæйæ, Торез Георгийы фырт адарддæр кодта Уæлдæр Советы сæрдары хæстæ æххæст кæнын 1993 азы онг. Бирæ фæлварæнтыл рацыд Республикæ Хуссар Ирыстон расидыны æмæ арæзты рæстæджы.

Кæй зæгъын æй хъæуы, Хъуылымбегты Торезы æнæниздзинад фæцудыдта Гуырдзыстоны ахæстоны æмæ 2006 азы 1-æм октябры цæрынхъуагæй цардæй ахицæн Республикæйы бындурæвæрæг. Цымыдисон ма у уый дæр, æмæ сентябры мæй Хъуылымбегты Торезæн кæй ссис символикон – райгуырд 2-æм сентябры, 20-æм сентябры расидт республикæ æмæ йæ адæм базыдтой лидерæй, æмæ  23-æм сентябры та ацыд РХИ-йы Уæлдæр Советы Сæрдары бынатæй. Сæрдарæй æвзæрст æрцыд Цыбырты Людвиг. Хуссар Ирыстоны историйы Хъуылымбегты Торез ныууагъта æнæферохгæнгæ фæд, Александр Пушкины æмдзæвгæйы рæнхъыты куыд у, афтæ йæхицæн сарæзта цырт. Уый баззайдзæн лидерæй хуссарирыстойнаг адæмы ногдæр историйы, баззайдзæн, куыд республикæ расидæг æмæ йæ фыццаг къухдариуæггæнæг.

Хъыгагæн, нал федта цæуыл тох кодта, йæ уыцы бæллиц æмæ нысан кæй сæххæст сты 2008 азы 26-æм августы. Уый уыд йæ радтæг адæмы зынгзæрдæ патриот, кæцы Ирыстоны нæ дих кодта цæгат æмæ хуссарыл. Хъуылымбегты Торезы ном сæнусон кæныны тыххæй йæ бюст æвæрд æрцыд Президенты Администрацийы бæстыхайы раз. Кæм цард, уыцы корпусы къулыл ын бакодтой мемориалон фæйнæг. Йæ номыл нæ горæты ис уынг, афтæ ма йæ номыл Парламент та сфидар кодта  майдан. Йæ 80-азы юбилеймæ йыл систой документальон фильм «Торез», зæгъгæ. Ныр 17 азы немæ нал ис, фæлæ йæ ном цæры æмæ цæрдзæн адæмы зæрдæты.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.