Ацы уац ныффыссынмæ мæ сразæнгард кодта, æрæджы Тбилисы цы æвирхъау трагикон цау æрцыд, уый. 

Дзæуджыхъæуккаг æртæ ирон æвзонг нæлгоймаджы сæ хъуыддæгты фæдыл ацыдысты Тбилисмæ æмæ сæ иу – Дамбегты сыгъзæрин лæппу фæстæмæ йæ хæдзармæ йæхи къахæй нал æрбаздæхт, йæ мард ласгæ фæцис. Æнæаххос лæппу йæ адзал ссардта фашистон Гуырдзыстоны лæгсырдты къухтæй. Йæ фæстаг фæндагыл æй афæндæраст кодтой 10-æм сентябры. Маргæ та йæ акодтой, уырыссагау кæй дзырдта, уый тыххæй. Гуырдзыстоны, дам, уырыссагау нæ дзурынц… Гуырдзиаг лæгсырдтæ йæ тынг хорз зыдтой, Дамбегты Вадим уырыссаг нæ, фæлæ ирон кæй у, уый. Йæ хуызмæ гæсгæ йæ уæддæр базыдтаиккой, фæлæ… Гуырдзиæгтæ сты нæ цыфыддæр знæгтæ. Ахъуыды ма кæнæм, Гуырдзыстоны зæххыл æндæр æвзæгтыл дзурыны бар дæр нæй æмæ сын  Ирыстоны зæххыл та алы бартæ дæр ис…

Августы мæйы Цæгат Ирыстон-Аланийы столицæ Дзæуджыхъæуы организаци цыд æнæхъæн культурон программæ. Йæ организаторты хъуыдымæ гæсгæ, хъуамæ æвдыст æрцыдаид гуырдзиаг культурæ æмæ уæрæсейаг, гуырдзиаг æмæ ирон адæмты æнæфехæлгæ бастдзинад. Фæлæ куыддæр базыдтой ирон æхсæнад йе ‘нæразыдзинад активонæй равдисыны фæнд кæны, афтæ организатортæ сæ фæнд аивтой. Ресторан «Торне»-йы хъуамæ концерттимæ ралæууыдаиккой гуыр-дзиаг зарæггæнджытæ Меги Гогитадзе æмæ Дато Кенчиашвили.

Фыццаг хатт Меги Гогитадзе, куыд уæрæсейаг-ирон-гуырдзиаг ахастыты  ног фидауынгæнæг тенденциты кон-тексты æхсæнады хъусдард йæхимæ аздæхта ацы аз февралы мæйы. Кæройнаг хатдзæджы Гогитадзейы концерт уыд 7-æм мартъийы, Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад Цæгат Ирыстон куы ба-нымадта, уыцы ахсджиаг боныл 30 азы сæххæсты дыккаг бон. 1993 азы 6-æм марты Цæгат Ирыстон банымадта Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад.

Йæ ралæудтыты рæстæджы залы æвæрд егъау экрантыл æвдыстой гуырдзиаг тырыса. Афтæ мæм фæкаст, цыма нын уымæй уый равдисынмæ хъавыдысты, ома, кæд гуырдзиаг тырыса Цхинвалы сæрмæ æрсадзын сæ бон не ссис, уæд уадз, æмæ сæрыстæрæй фæйлауа Дзæуджыхъæуы. Æвæццæгæн, концерты организатортæм оптимизм расайдта гуырдзиаг æнæбары зарæггæнæджы «æнтыст» æмæ сæ уымæ гæсгæ бафæндыд уыцы «æнтыст» сфæлхатт кæнын. 16-æм августы «Торне»-йы хъуамæ ногæй уыдаид Гогитадзейы концерт æмæ дзы 25-æм августы та солон программæимæ хъуамæ ралæууыдаид Дато Кенчиашвили. Æвæццæгæн, та ирон «патриоттæн» æхсæнкультурон диалог сæ къухты бафтыдаид, фæлæ ацы хатт уый расайдтаид тынг стыр резонанс. Уымæн æмæ растдæр 15 азы размæ, 2008 азы августы мæйы Гуырдзыстон радон хатт туджы зæйтæ рауагъта Хуссар Ирыстоны зæххыл, йæ ныхмæ æнæмсæр хæст расидгæйæ æмæ гадзрахатæй фынæй горæтмæ æрбабырсгæйæ. Фæлæ РЦИ-Аланийы Парламенты депутат Дидараты Сослан социалон хызæгты куыд фехъусын кодта, афтæмæй ресторан «Торне»-йы хицæуттæ – Зассеты æфсымæртæ аивтой концерттæ. «До братьев Зассеевых всегда можно достучаться и они пойдут навстречу. Поэтому оба концерта в «Торне» отменены», – ныффыста депутат.

Фæлæ куыд хъуыды кæнын, афтæмæй Зассеты æфсымæртæ сæ зæрдæйы фæсидтмæ гæсгæ нæ аивтой концерттæ. Æвæццæгæн, сæм бахатыдысты, ома, Хуссар Ирыстоны фыдохы мадзæлттæ нысан кæнынц æмæ сымах та ам гуырдзиаг зарæггæнджыты зарын кæнут! Нæ дызæрдыг кæнын, чизоны сæм чидæртæ æртхъирæнтæ дæр бакодтой, æндæра стыр æхцатыл чи сахуыр вæййы, уыдон сæ зæрдæйы фæсидтмæ гæсгæ ахæм шанс нæ ауагътаиккой. Æцæг, концертты бынтондæр аивтой æви сæ фæстæдæр æмгъуыдмæ ахастой 2008 азы тугæйдзаг августы тыххæй, уый нырма бæрæг нæу, рæстæг æй равдисдзæн… Ахъуыды ма кæнæм, æрмæст иу азы дæргъы цал æнæзæрдæмæдзæугæ цауы æр-цыд Ирыстоны зæххыл.

Афтæ ахъуыдыгæнæн дæр ис, æмæ Цæгат Ирыстон кæй ссис уæрæсейаг-гуырдзиаг ахастытæ æрнывыл кæныны тыххæй фæзуат. Æмæ уæд, æвæццæгæн, ацы концерттæ уыдысты фæлварæн къахдзæфтæ. Ома, нырма уал культурон бастдзинæдтæ æмæ уый фæстæ гæнæн ис информаци фехъусæм æндæр æмвæзады контактты тыххæй дæр. Æнхъæлмæ кæсæн ис дины «фронты» контакттæм дæр. Нæ зæрдыл хорз лæууынц цалдæр азы размæ Гуырдзыстоны католикос Илья II-аг  ирон тугæй хъулон пæлæзы балцы кæй æрцыд Мæскуымæ. Уым фембæлд «ирон» лæгимæ, кæцы йын апъа кодта йæ чъизи къухæн. Ау, ирон туг æмæ стæгæй конд чи уа, уый куыд хъуамæ райса ирон адæмы знаджы къух æмæ йын куыд хъуамæ апъа кæна ирон тугæй ахуырст къухæн!

Ивгъуыд аз сентябры мæйы Цæгат Ирыстон-Аланийы цытджын æгъдауæй банысан кодтой Аланийы дзуарæфтыдыл 1100 азы сæххæсты бо-ны цытæн хоры программæ райдыдта гуырдзиаг патриарх нацист æмæ фашист Илия II цы композици ныффыста, уымæй. Уымæй дæр æй схуыдтой «сыгъдæгдæр»… 1990 азы тбилисаг газет «Заря Востока»-йы ныммыхуыр кодтой  Илия II уæлвæткон бардзырд, цыран фыст уыд: «нырæй фæстæмæ алы гуырдзиаджы амарæджы, амæттаг аххосджын уа æви нæ уа, уымæ æнæкæсгæйæ, нымад цæуæд гуырдзиаг адæмы знагыл».

Уымæй цалдæр мæйы фæстæ та РЦИ-Аланийы паддзахадон ансамбль «Алан»-ы солисттæ æрцыдысты Гуырдзыстонмæ æмæ ирон лæппуты стджытыл мастер-къластæ ауагътой  ирон адæмы цæрæнбонты цыфыддæр знæгтæн, амыдтой сын «Симд» кафын. Уый нын цыма фаг нæ уыд, уыйау ацы аз 7-æм марты Дзæуджыхъæуы ресторан «Торне»-йы банкетон залы та уыд гуырдзиаг зарæггæнæг Меги Гогитадзейы концерт. Æниу уый размæ дæр гуырдзиаг ансамблтæ иу æмæ дыууæ хатты концерттæ нæ равдыстой Ирыстоны зæххыл …

 

Фыдыбæстæмæ уарзондзинад æхцайæ зынаргъдæр у

 

80-æм азты кæрон футболист Диего Марадонайы алчи дæр зыдта.  1986 азы Аргентинæ рамбылдта дунейы чемпионат. Диего нымад æрцыд турниры хуыздæр хъазæгыл æмæ планетæйы  иууыл популярондæр адæймагыл.

1989 азы IMG-ы минæвæрттæ Марадонайæн загътой сæ фæндоны тыххæй, ома, аргентинæйаг хъуамæ суа 1994 азы АИШ-ы уагъдцæуæг дунейы чемпионаты цæсгом. Уыцы бары тыххæй футболистæн хъуамæ бафыстаиккой 100 милуан доллары. Æмæ ма йын уыимæ мадзæлтты æмæ рекламæты хайадисты тыххæй та радтаиккой хицæн гонорар. Фæлæ контракты фыст хъуамæ уыдаид, зæгъгæ, Марадона хъуамæ суа АИШ-ы æмбæстаг. АИШ-ы раздæры паддзахадон секретарь Генри Киссинджер, сæрмагондæй йæхæдæг фæдзырдта футболистмæ. Фæлæ Диего не сразы. «Уыдон мæ куырдтой америкæйаг суæвын. Америкæйаг!  Ныфс мын бавæрдтой космикон æхцатæй, фæлæ аргентинæйаг æмбæстагдзинадæн саргъгæнæн нæй. Мæ национдзинадæн аргъ нæй. Мæнæн ничи бафиддзæн уыйбæрц, цæмæй æз мæхи аргентинæйагыл мауал нымайон», – бамбарын кодта зынгæ футболист.

Диего Марадона рацыд Папа Римскийы ныхмæ. «Æз æрцыдтæн Ватиканмæ æмæ федтон сыгъзæринæй арæзт æмбæрзтытæ. Æмæ уый фæстæ Папа Римский дзырдта, зæгъгæ, аргъуан тыхсы мæгуыр сывæллæттыл. Фæлæ цæмæн хъæуынц сыгъзæринæй æмбæрзтытæ, ауæй сæ кæн æмæ баххуыс кæн тыхст адæмæн!». Ахæм уыд Диего Марадона! Планетарон æмвæзады гоймаг.

Фæлæ иуæй-иутæ систы æхцайы цагъайрæгтæ. Æхцайыл уæй кæнынц сæ намыс, сæ Фыдыбæстæ æмæ ныл не знæгтæ дыууæрдыгæй худынц. Æрхæсдзынæн скъуыддзаг Джыккайты Шамилы уацæй: «Нырма нын национ миниуджытæ кæй нæй, нæ бæллæхтæ дæр иууылдæр уырдыгæй æвзæрынц. Æмæ национ миниуджытæ куы нæ уа, уæд нæ уыдзæн национ идейæ дæр, нæй ахæм нысан, кæцы адæмы иумæ рамбырд кæна æмæ йын концентраци кæна йæ тых æмæ хъомыс. …Адæймаг гæнæн ис æмæ ныббара йæхи æфхæрд, фæлæ дæ адæмы æфхæрд макуы хъуамæ ныббарай. Мах ферох кодтам 1920-æм азы геноцид, æмæ махæн сарæзтой ног геноцид – æрмæст ноджы æгъатырдæр хуызы».

Уæдæ нын зонд-зонæн фæуæд гуырдзы ирон адæмæн дыууæ геноциды кæй сарæзта, нæ хуыздæр фыртты нын кæй ныццагъта, уыцы хъуыддаг. Бамбарæм нæхи, бауарзæм нæ кæрæдзи, сæххæст кæнæм ирон адæмы сæрхъызой Къостайы фæдзæхст: «Адæм, кæрæдзи уарзгæйæ цæрут», зæгъгæ. Хъуамæ зонæм, знаг æмæ нын хæлар чи у, уый…

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.