Кæд истæмæй æнæзæрдæхудт стæм, уæд – ныфсхастдзинадæй. Нæ ныфс алцæмæ дæр хæссæм, æгæрстæмæй – æнæ æддагон æфсады æххуысæй нын нæ хæдбардзинад чи бахъахъхъæна, ахæм æфсад саразынмæ дæр. Кæмæй æмæ цæмæй, ууыл нæ хъуыды кæнæм, афтæмæй, хæдбарæй цас фæцæрдзыстæм, ууыл куыднæ хъуыды кæнæм, афтæ…

Афтæмæй та… Официалонæй дæр æмæ æнæофициалонæй дæр нæ номхæссæны лæг-тæй Къостайы фæстæ дыккаг кæй хонæм, уыцы Абайты Васойæн йæ ном раст фыссын нæма сахуыр стæм. Иутæ йæ фыссынц (99 проценты бæрц) Васо, иннæтæ – Уасо, аннæтæ – Вассо. Уасо йæ чи фыссы, уыдон зæгъынц афтæ, зæгъгæ, Васо иронау Уасо фысгæ у. Æмæ уæд Уасил цæмæннæ? Науæд нæм Васотæ ноджыдæр куы ис, уæд уыдоны Уасотæ цæмæннæ хонæм? Нæ курдиатджын поэт Малиты Васойы Уасо цæмæннæ искуы исчи схуыдта?.. Мæ бон цæй бæрц бацис, уый бæрц Ирыстоны периодикон мыхуыр лыстæг сасирæй балуæрстон, фæлæ Малиты Васойы бæсты никуыдæр Уасойыл сæмбæлдтæн, никуыдæр – Вассойыл.

Абайы-фырты Вассо чи хоны, уыдон, æвæццæгæн, сæ фыруарзондзинадæй фæхъæздыгдæр кæнынмæ хъавынц нæ номдзыд ахуыргонды ном. Æниу сын æфсон ис, кæддæр, дам, йæхæдæг дæр ныффыста афтæ… Куыдфæнды ныффыссæд, цыфæнды ныффыссæд, фæлæ афон у ацы фарстæн сæрфат скæнын. Искуы исты уацы Васойы ном æндæргъуызон фыст æрцæуа, уымæн ма ницы у, фæлæ Васойы тыххæй цы чингуытæ рауагъдæуыд, уыдонæй иуты Васо уа, иннæты та – Вассо, уый мын куыд æмбарын кæнут? Туджы хъаст кæмæй кæнæм, ирон æвзаг, дам, сæ сæрмæ нал хæссынц, уыцы кæстæртæн æй куыд бамбарын кæнæм? Абайты Васо Цыбырты Людвигæй хæлардæр никæимæ уыд, уымæй æввахсдæр æй ничи зыдта. Чиныг дæр ыл ныффыста æмæ йæ уый Васо хоны. Иу «с» йын йæ цæст нал бауарзта, æмæ уымæн?.. Бамбарæм æй, Васо дунеон æмвæзадыл ахуыргонд уыдис, Къоркъулайы колхозы финагент нæ уыд! Сталинмæ, дам, кæй хъуамæ агæрах кодтаиккой, уыдоны номхыгъд куы бахастой уæд, дам, Абайты Васойы комкоммæ сырх карандасæй бафыста, хорз ахуыргонд у æмæ уый уадзут, зæгъгæ. Ахæм стыр лæг уыд, гъе, Васо. Æз афтæ нæ зæгъын æмæ иутæ раст сты, иннæтæ –  рæдийынц. Чизоны Вассо растдæр у – хæйрæджы арв ныццæвæд, фæлæ йæ уæд иууылдæр афтæ цæмæннæ фыссæм? Дзадтиаты Пъаулейы æрцыдмæ дзæбæхæй цæрут – чизоны Пъауле раст нæу, чизоны Павел хъуамæ фыстаид, фæлæ афтæ хуынд æмæ йæ афтæ хуыдтой иууылдæр. Уыдис нæм Хæныкъаты Никъа æмæ Санахъоты Накъа. Дыууæ номæн дæр сæ бындур иу у, фæлæ сæ хуыдтой æмæ фыстой, чи сæ куыд хуынд, афтæ. Диссаг стæм нæмттæ æвæрынмæ æмæ раив-баив кæнынмæ. Египеты Мысыр цæмæн хонæм, æмæ æндæр бæстæты цæмæннæ хонæм æндæргъуызон? Москвайы Мæскуы цæмæн хонæм, æмæ Воронеж, Курск, Самара æмæ æндæр горæтты та уырыссаг адæм сæхæдæг куыд хонынц, афтæ цæмæн хонæм, уыдонæн нын ирон нæмттæ цæмæннæ ис?..

Æниу… дæ дзыхыл хæц æмæ къæбæр хæрай… дæ уайдзæф æхсызгон кæмæн нæ уа, уый дын дæ цæстытæм йæ дыууæ æнгуылдзы бахæсдзæн – æмæ, дам, рæдыдтытæ газеты нæ вæййы… Куыд æй базыдтат! Газеты корректоры аххосæй рæдыд аирвæза, уый æндæр цыдæр у, ныртæккæ дзырд цæуыл цæуы, уыцы проблемæмæ бынтондæр ницы бар дары.

Ноджыдæр æй зæгъон, мæнæн ницы хъауджыдæр у, куыдфæнды йæ хонут, ном æрмæст фæстæмæ фæкæсынæн у, фæлæ уынгæджы бон махыл, редакцийыл ис. Мах та куыд кæнæм, мах та йæ куыд фыссæм? Чи йæ куыд фыссы, кæмæ куыд растдæр кæсы, афтæ? Æмæ йæ стæй газеткæсджытæн куыд бамбарын кæндзыстæм, иугъуызон æй куынæ фыссæм, уæд? Иу къуырийæ фылдæры бæрц Яндекс иннæрдæм рафæлдæхтон, фæлæ дзы Васойы тыххæй цыдæриддæр уацтæ, чингуытæ, къамтæ, плакаттæ ис, алкуы дæр фыст у – Васо. Æмæ, дам, иу ныхасыздæхтыл ныххæцæм!.. Не ‘взаг нын зонадон æгъдауæй чи æрбæстон кодта, нæ ныхасыздæхтыты, не ‘взаджы æппæт фæзилæнты иууыл стырдæр дæсныйæн уал йæ ном иугъуызон фыссын райдайæм, æмæ стæй нæ ныфс бахæссæм ирон адæмы иу ныхасыздæхтыл сдзурын кæнынмæ дæр.

Боныфæстагмæ – цы мæ уæлфад гал лæууы, фæлæ иудадзыг лæдзæг де рагъыл куы сæтта, уæд хъæрзгæ уæддæр скæндзынæ. Алчи дæр нæм алкæмæй фылдæр зонаг у, цыфæнды рæдыд хъуыдыйыл хæст чи уа, уымæн дæр æй нæ бауырнын кæндзынæ. Æз, дам, стыр ахуыргонд дæн, æмæ, дам, æй ды мæнæн амоныс, мæнæ ацы ном кæнæ дзырд куыд фыссын хъæуы, уый… Стæй уайдзæфты бын мах фæвæййæм, уым ма цы кусут, кæдæм кæсут, зæгъгæ. Цал адæймаджы ис, уал хъуыды æмæ уал позици ис, газет та иу у, æмæ цыфæнды ном, цыфæнды мыггаг дæр хъуамæ фысса иугъуызон. Æмæ дæ чи уадзы? Хуыцау даргъ-уæрæх уадзæд Дзиццойты мыггаджы, фæлæ сæ алчи йæхи Дзиццойтæй нæ хоны, кæмæдæрты Джиджджойты бæркадджындæр кæсы. Æмæ уæд мах та куыд кæнæм, куыд уынгæджы бон ныл ныккодта! Хуыцау даргъ-уæрæх уадзæд Чилæхсаты мыггаджы дæр, фæлæ ам дæр – афтæ… Нæ газет цæуын куы райдыдта, уæдæй, уартæ 1924 азæй фæстæмæ Чилæхсаты фыста. Ныр æз куыд кæнон? Мæ размæ цы редактортæ уыд, уыдон мæнæй æдылыдæртæ уыдысты, чи мын ратта бар æмæ зындгонд ирон мыггаг æндæргъуызон фыссын райдайон? Кæмæндæр йæ «чилæх» йæ зæрдæмæ нæ цæуы, уый тыххæй æз «челех» куыд æмæ цæмæн хъуамæ фыссон – цы уынгæджы бон мыл и? Уæд æз дæр мæ мыггаг æндæргъуызон фыссын райдайон, уымæн æмæ мæ мыггаджы бындур «гæбæр» у.

Советон æфсады ныффидар ахæм иугъæдон æмбарынад: безобразие, но – однообразие. Ахæм принцип хъуамæ уа алы хъуыддаджы дæр. Махмæ, Ирыстоны хуссар хайы растыл нæ нымайынц, Ирыстонæн йæ цæгат хайы училище кæй фыссынц, уый – мах æй ахуыргæнæндон хонæм. Бафæрсын аипп ма уæд, æмæ уæд  цæмæн фыссæм – скъола, институт, университет æмæ афтæ дарддæр, уыдон ахуыргæнæндæттæ не сты?..

Тæхуды, нæ лыстæг кæнинæгтæ уал куы бакæниккам, æмæ стæй та сæвджын хъуыддæгтæ кæнынмæ куы бавналиккам… Кæд нын бынтон нæ байрæджы, уæд.

ГÆБÆРАТЫ Юри

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.