Ныртæккæ Украинæйы сæрмагонд операцийы чи архайы, уыдоны бинонтæн æххуыс кæныны тыххæй парти «Иугонд Уæрæсе» æмæ «Иугонд Уæрæсейы Æрыгæтты гварди» сарæзтой иумæйаг штаб. Уый ахадгæ æххуыс кæны, æфсæддонты бинонтæй сæм чи бахата, уыдонæн се ʻппæтæн дæр – райдай медицинон, юридикон, психологон æххуыс æмæ æрвылбоны хуымæтæг хъуыддæгтæй. Ныридæгæн уал райстой фараст мин куырдиатæй фылдæр. Адæм фылдæр агурынц юридикон, гæххæттытæ банывыл кæныны, субсидитæ скæныны æмæ æндæр ахæм æххуыстæ.

Сæрмагонд операцийы райдайæнæй нырмæ «Иугонд Уæрæсе»-йы хъæппæрисæй цалдæр закъоны бындурыл фидаргонд æрцыд, цы æфсæддон службæгæнджытæ дзы архайы, уыдонæн социалон æххуысы системæ. Иудадзыг куыст цæуы закъондæттынады цухдзинæдтæ аиуварс кæнынæн æмæ бæстæйы Президенты амынд-дзинæдтæм гæсгæ æххуыс фæфылдæр кæнынæн.

Партийы фыццаг хъæппæрисмæ гæсгæ, суанг хæсты райдайæны, йæ архайджытæн лæвæрд æрцыд хæстон архайды ветеранты статус. Ацы статусмæ гæсгæ, æфсæддонтæ æмæ афицертæ пайда кæнын райдыдтой социалон æххуысы ахæм мадзæлттæй: æхцайы æрвылмæйон фиддон, льготæтæ коммуналон лæггæдтæ фидгæйæ æмæ транспортыл цæугæйæ, санаторион-медицинон лæггæдтæ æмæ бирæ æндæртæ.

Партийы хъæппæрисæй ма цы закъæттæ хаст æрцыд, уыдонмæ гæсгæ æфсæддон службæ-гæнджыты мадæлтæн фæфылдæр сты сывæллонмæ зилыны æххуыстæ. Чи фæцæф, уыцы хæстонтæн лæвæрд æрцыд сæрмагонд бынæтты службæ кæныны бар.

Уымæй уæлдай, парти Хицауадæн разæвæрæн скодта сæрмагонд операцийы æппæт архайджытæн дæр, кæм цæрынц, уый нæ хынцгæйæ, æххуысы æмæ льготæты иугонд номхыгъд саразынæн.

Бæрæг куыд у, афтæмæй ма сæрмагонд операцийы архайджытæ исынц иурæстæгон регионалон æххуыс – 30 мин сомы. Уымæй уæлдай, регионы арæзт цæуы бирæ уæлæм-хасæн алыхуызон мадзæлттæ.

Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æххуысы куыст дарддæр цæуы. Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло куыд фехъусын кодта, афтæмæй йæхæдæг бæ-рæг кæндзæн штабы куыст куыд цæуы æмæ æфсæддонтæн цы æххуысы мадзæлттæ арæзт цæуы, уый.

 

   НОГ ФÆНДАГ – ХЪОБАНМÆ

2002 азы Хъолайы зæй Гæналдоны цы фæндаг бабын кодта, уый ногæй рацаразыны куыстытæ райдыдтой. Туристтæ æрвылаз фылдæрæй-фылдæр кæй кæнынц, уымæ гæсгæ зæронд фæндаг абоны домæнтæн дзуапп нал дæтты.

Фæндагæн лæвæрд æрцыд цыппæрæм къорды нысан. Раздæр цы уыд, уымæй ныр уыдзæн авд метры фæтæндæр. Дыууæ дихы ног фæндагыл машинæтæ цæудзысты дыууæрдæм. Бæрзонд фæхстæ дыууæрдыгæй дæр æхгæд æрцыдысты æфсæн хызæгæй, цæмæй лæбырдтытæй тас ма уа.

Уымæй уæлдай, комы арæзт цæуынц æртæ хиды. Се стырдæр ис, Хъобан æмæ Гæналдоны кæмттæ кæм фæхицæн вæййынц, уыцы ран. Йæ дæргъ у 42 метры. Иннæ дыууæ хиды, стæй фæндаджы арæзтад дæр кæронмæ фæхæццæ кæны.

Æнæхъæн сæрд кæд арæзтады уынæр нæ банымæг, уæддæр туристты уылæн нæ фæкъаддæр. Уымæн æмæ, алкæйдæр цымыдис кæны, 2002 азы ам цы стыр трагеди æрцыд, уыцы бынат фенын. Ног фæндаджы арæзтад куы фæуа, уæд та сын уыдзæн ноджы бирæ хуыздæр уавæртæ.

                                           Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.