Цыма не уоны кастыстæм…

Ивгъуыд аз, Цæгат Ирыстоны цæрæг адæм ацы æнæхайыры вирусы æфсон къухдариуæгады ныхмæ куы растадысты, уæд уыцы бирæнымæц зондамонджыты митæм цы зондджын адæм каст, уыдон сæ, катайгæнгæ, фæдзæхстой: уæ, ма кæнут, уæхи Хуыцауы бар æруадзут, æндæра уыл, мыййаг, 81-æм азы рæдыд куы ‘рцæуа…

Ома, уæд куыд рауад, афтæ: Кабалоев уæ нæ хъæуы, уæд уын – Одинцов…

Уæд та Хъæбæлойы-фырты ныхмæ растадысты адæм, нæ йæ æмбæрстой, иугай адæймæгтæ системæ аразæг кæй не сты. Уæд дæр афтæ уыд – зонды æвæрæнтыл эмоцитæ авд дуары ныхгæдтой æмæ… Куы нал лæууыдысты, уæд Мæскуы дæр смæсты. Смæсты æмæ сын Билары бынатмæ æрæрвыста Одинцовы.

Æмæ чидæртæ сæхи фæсмонæй хæрын райдыдтой – Билар ма, дам, ирон лæг уæддæр уыд, йæ адæмы, куыд ирон ироны, афтæ уæддæр æмбæрста. Уыцы Одинцов та… Адæмы хæрнæджы фынгтæм, марды кæндтæм цæуын дæр нæ уагъта. Ирон æгъдæуттæ, ирон адæмы фыдæлтæй фæстæмæйы традицитæ йæм нымады дæр нæ уыдысты.

Иу дзырдæй, мыст, дам, къахта, къахта æмæ… Иу ныхасæй, тæдзынæгæй –  цыхцырæгмæ…

Æниу, уæд Мæскуы æндæр æвзагæй дзырдта, уæдæй фæстæмæ нæ царды системæ кæрцвæлдæхт фæцис. Уæд адæм æлхъывд хъадаманты къухбаст æмæ комбаст уыдысты, ныр та æгæр ронбæгъддзинад сафы адæмы.

Æниу, уæды рæстæгæн абоны рæстæгимæ куыднæ ис абарæн, афтæ нæй кæрæдзийыл абарæн Меняйло æмæ Одинцовæн дæр, уымæн æмæ Одинцов æндæр системæйы æрвыст лæг уыд. Стæй Меняйлойæн йæ райгуырцæй фæстæмæ йæ уидæгтæ Ирыстонимæ баст сты. Алагиры райгуырд, уым схъомыл. Йæ мад дæр ирон у æмæ йæ удыхай дæр, йæ фырттæ бирæ ирæтты фырттæй хуыздæр зонынц иронау.

Фæлæ уал нырма дзырд Битарты Вячеславыл цæуы. Цæмæн рауад афтæ? Адæмы æнæрæстдзинад æмæ æбузнæй кæй сфæлмæцыд, уымæн бакодта афтæ – ома, йæхæдæг ацыдаид?.. Æви ацы æнæнхъæлæджы «ротаци» иууыл уæлдæрлæууæгæй рацыдаид… Æмæ уæд цæмæн, бæлвырддæр зæгъгæйæ,  цæмæн бахъуыд Кавказы сæйраг бацæуæны афтæ æнæнхъæлæджы æфсæддон лæджы бауромыны сæр?..

Цæгатирыстойнæгтæй бирæтæ æнæразыйæ æмæ чъызгæйæ кæй бахъуыр-хъуыр кодтой, ома, мах бафæрсыны аккаг нæ уыдыстæм, уый дæр аппаринаг нæу, фæлæ афтæ кæй рауад, уый фыццаграды ирон адæмæн сæхи аххос кæй у, уый æддагон цæстæй дæр нæ аирвæздзæн. Кæрæдзийыл цы хæдзары бинонтæ нæ хæцынц, æмуддзинад кæй æхсæн нæй, ахæм хæдзар дурæппарæн у.

Битарты Вячеслав хæрзцыбыр æмгъуыдмæ цас сарæзта Цæгат Ирыстонæн, уый бæрц саразын цалдæр сæргълæууæгæн дæр нæма бантыст. Цал рынчындоны сырæзт, цал сыгъдæг ирон традицион скъола байгом йæ рæстæджы!.. Æвæццæгæн, Советон Цæдис куы сырæзт, уæдæй фæстæмæ бæллыдысты ирон адæм, цæмæй Мæздæгмæ комкоммæ фæндаг арæзт æрцыдаид, фæлæ иу къухдариуæггæнæгæн дæр нæ бантыст адæмы бæллиц сæххæст кæнын. Цал æмæ цал азы кодтой фæдисы хъæр ирон адæм, цæмæй уыцы æнæхайыры «Электроцинк» æхгæд кæнæ горæтæй искæдæм хаст æрцыдаид, фæлæ Битары-фырты йедтемæ ничи бахаста йæ ныфс адæмы домæн сæххæст кæнынмæ. Йæхи сæрмагонд фæрæзтæй адæмы фæрныгад æмæ республикæйы размæцыдæн цас бахардз кодта, уыдонæн сæ кой кæнын дæр нæ уагъта. Давын, паддзахады дзыппмæ æвналыны сæр æй бынтондæр ницæмæн хъуыд – йæхæдæг цардифтонгдæр уыд æнæхъæн республикæйæ.

Æмæ æрмæстдæр йæ куыстуарзондзинады фæрцы!

О, бизнес кодта, фæлæ цæттæ-вонгæй ницы æрæййæфта, бынтон афтид бынаты райдыдта йæ къахыл лæууын. Æмæ, йæ къахыл куы слæууыд, уæдæй фæстæмæ цал адæймаджы сифтонг кодта куысты бынатæй, цал адæймаджы истой æмæ исынц йæ фæрцы хорз мыздтæ æмæ пенситæ. Цал бинонтæн фæзынд Битары-фырты фæрцы сæхи къуым, сæхи балæууæндон! Уыдон сæдæгæйттæ не сты, мингæйттæ сты.

Фæлæ ныл цыдæр æрцыд, ирон адæм… Хорз æвзæрæй хицæнкæнынхъом нал стæм, сау – урсæй. Иу нын нæ бæззы, иннæ – афтæ, аннæ – ноджы фыддæр… Адæмæй ферох вæййы, адæмыл хур дæр кæй не ‘ххæссы, уый. Иудадзыг хъуыр-хъуыр æмæ змæнтæн чи кæны, уыцы адæмæн табуйаг бынтондæр ницыуал ис. Байхъус сæм, уæд уыдон сты æрмæстдæр Ирыстоны удылхæцджытæ, уыдоны йедтæмæ иннæтæ Ирыстон æмæ ирон адæмы знæгтæ сты! Афтæмæй та сæ уыцы Ирыстоны фæрныгад æмæ хæрзæбонæн йæ къух уазал доны дæр никуы ничи атылдта. Чизоны, фаг у, чизоны нын афон у, цæмæй нæ къух сисæм  кæрæдзийы цæстытæм судзгæ æхсидæвтæ дарыныл.

Битарты Вячеславы йæ бынат ныууадзын кæй бахъæудзæн, уый бæрæг уыд йе ‘фсымæры зианы рæстæджы дæр. Уымæн æмæ æгæр ныхъуыста йæхимæ, æгæр ыл бандæвта сæ кадджын хæдзарвæндагыл æрцæугæ æнамонддзинад. Куыднæ йæ æмбæрста, йе ‘фсымæр фыддæр уый тыххæй кæй систа йæ къух йæхимæ, цæмæй йæ иу чысыл уæддæр фервæзын кодтаид адæмы хæрам æмæ хъæстæ æвзæгтæй…

Æмæ афтæ ма хъуамæ уыдаид. Хъуамæ адæммæ ма уаид искæй æнамонддзинадæй хисæрмагонд интерестæн пайда кæныны инстинкт. Цы ‘рцыд, уый æрцыд. Лæг нозтджын нæ уыд, фæндагыл цæуыны фæткойтæ нæ фехæлдта, йæхи аххос нæ уыди… Уыцы фыруæздан, хуыцауысконд лæгæн  адæмы (ирон адæмы!) фидистæ æмæ удмарæг ныхæстæм йæ уд куынæ снарæг уыдаид, уæд, чизоны, йæхимæ ссардтаид йæ хъысмæтыл ныхъæцыны тых, йæ къух йæхимæ нæ систаид æмæ хуыздæрæнхъæл нæ фесæфтаид йе ‘фсымæры дæр… Бафæрсæм ма нæхи, ирон адæм: уыцы хæдзарыдзаг царæфтыд бинонтыл сæ зæронд фыдæй ирон адæмы зæрдæтæ тынгдæр фæрыстысты? Уый йæ сæр хойгæ куы ‘рлæууыд, йæ бинонтæ кæй «аххосæй» бабын сты, уыцы æнамонд лæджы табæты уæлхъус, уæд нæхимæ цæмæн разынд ахæм æгъатыр адæм, æнамонддзинад хъысмæты фæндонæй кæуыл æрцыд, уыцы æнамонды йæхи марынмæ цæмæн æркодтой?.. Нæ сæ уыд уыцы бинонты мæт, уыдон ацыдысты мастисыны фæндагыл, уыдон уыдысты, Битары-фырт хæрæн бынæттæй кæй систа кæнæ стыр бынæтты кæй нæ баурæдта, ахæмтæ æмæ ахæмты хиуæттæ.

Йæ хæдзары æртæ кæрдзынæй Хуыцауы ном ссарын чи нæ зоны, ахæм нæлгоймæгтæ дæр, йæ фæстæ йæ къус чи нæ ныхсдзæн, ахæм сылгоймæгтæй фыддæр фесты дам-думтæ парахат кæнынмæ…

Кæрæдзийы цæстытæм æхсидæвтæ даргæйæ…

Меняйло Ирыстонмæ нæма схæццæ, афтæ алæгæрстой ууыл дæр. Денджыз нæ, фæлæ иу бабызы фаг цад дæр кæм нæй, уыцы Алагиры чи райгуырд æмæ схъомыл, ахæм лæппу адмиралы онг кæй сырæзт, уый цæуыл дзурæг у? Ууыл, æмæ йæм кæй ис нысанмæ тырнындзинад. Меняйло Уæрæсейы Федерацийы Президенты æххæстбарджын цы территорийыл уыд, уыцы территори цалдæр хатты стырдæр у æппæт европæйаг бæстæты иумæйаг территорийæ. Фæлæ та армытъæпæныйас Ирыстонæн уый дæр нал бæззы! Кæмдæр скъахтой, Севастополы губернатор куы уыд, уыцы рæстæджы видеоæрмæджытæ. Æвдисынц, Меняйлойы отставкæйы арвитыны тыххæй къухфыстытæ кæм æмбырд кæнынц, ахæм цатыргонд. Цы зæгъын сæ фæнды уымæй, цымæ? Къухфыстытæ Путины ныхмæ дæр æмбырд кодтой æмæ цы – къæхтæсæрфæны уагмæ кæй æрыппæрстой, Уыцы Уæрæсейæ хъомысджын паддзахад нæ сарæзта?..

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.