Уырыссаг æмбисонд зæгъы афтæ: хиуæтты цæв, цæмæй æцæгæлæттæ тæрсой. Уадиссаг куырыхондзинад дзы нæ уынын – дæхиуæтты цæвгæ дæ цы æцæгæлон уына, уый дæ цæмæй хъуамæ тæрса, дæхиуæттæ дыл  сæ къух кæй сисдзысты æмæ бахъуаджы сахат дæ сæрыл сдзурæг кæй нал уыдзæн, уымæй?.. Æмæ та йæ мах, æмбисæндтæ мысынмæ æмбал кæмæн нæй, уыцы ирон адæм нæхирдыгонау рацарæзтам…

 Мæгуыр, цы, дам, дын ис, æмæ – сис сæрвасæн… Мæгуыры бон нæ фыдбонмæбæлджытыл ныккæнæд, мах афтæ мæгуыр дæр не стæм, ис нæм, æндæрты хсæн къуыпп цæмæй дарæм, ахæм цыдæртæ. Сæ иу – не ‘рдхæрæны кафт Симд. Æмæ та нын æй байстой. Кæсæг-Балхъарты паддзахадон ансамбль æй кафы, сæхи национ, сæ фыдæлты кафты ном ын авæргæйæ. Кæсæгæй йæ айстой æндæртæ дæр – æмæ йæ цæмæннæ хъуамæ айсой, исчи нæ тæрсгæ кæны, мыййаг?.. Мæхъæл нын нæ истори байстой, алантæ, дам, мах стæм æмæ сæхицæн Аланты кулдуæрттæ ныцамадтой. Æмæ уыдоны дæр куыднæ хъуамæ бафæзмой æндæртæ, цæмæннæ хъуамæ зæгъой афтæ: мæхъæл махæй цæмæй хуыздæр сты, уыдонæн цы батади, уый махæн цæмæннæ хъуамæ батайа?..

Фæлæ уал дзырд нæ Симдыл цæуы. Иу сыбыртт никæмæй æмæ никæцæй райхъуыст, социалон хызæджы чидæртæ сæ комментариты цы бахъуыр-хъуыр кодтой, æндæр. Æмæ уæд ныффыстон уац «Геройты Ир, дæ геройтæ кæм сты?». Æмæ мын мæ хурхмæ марæн кæрдтæ ныддардтой. Ныры онг мæхицæн æввахсдæр хæлæрттыл кæй нымадтон, уыдонæй – Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады Администрацийы бæрнон кусæг Бигъуылаты Людмилæ æмæ Фысджыты цæдисы æмсæрдар Агънаты Гæстæнæй райдайгæйæ. Цæмæн, дам, нын дарыс нæ цæстмæ, нæ алфæмблай цæрæг нацитимæ, дам, хæлардзинад кæй тауæм, уый? Æмæ æз афтæ куы никæмæн загътон, хæлардзинад макæимæ аразут, зæгъгæ? Æз ныффыстон:

«Фæлæ афтæ: хъуамæ искæй нæхиуыл тыхбаст кæнæм, алкæмæн нæ иузæрдиондзинад æвдисæм, нæ мидбылхудт нæ былалгъыл бада, нæ сæр бандонæн æвæрæм, нæ риу – фæндагæн… Æмæ цæмæн? Цæмæн хъуамæ уæм лæгъзтиаг æндæр адæмтæн – кæмæй цы дарæм, кæмæй цы хæсджын стæм, цы сæрнизæн нæ бахъуыд тыхарæзт хæлардзинад?

Æз ирон адæмæй уый нæ курын, цæмæй нæ сыхаг адæмтæм знаджы цæстæй кæсой, фæлæ мын кæд бафæрсыны бар ис, уæд мæ фæнды бафæрсын: мах юбилейтæ цы фысджытæн аразæм, нæхицæн хæлæрттыл кæй нымайæм, уыдонæй иу афтæ цæмæннæ зæгъы, алæм-ма, цы ми кæнæм, кæйдæр аивад цæмæн давæм, искæй фарнæй нæхи цæмæн хъæздыг кæнæм?..».

Ам цы ис ахæмæй? Ницы, фæлæ бæстæ сæ сæрыл систой, ирон адæмы знаг мæ сарæзтой. Афтæмæй та Хуыцауы бын дæр æмæ рæстдзинады раз дæр раст дæн. Зæгъæм, ансамбль «Алан» йæ репертуармæ бахаста кæсгон кафт  ирон национ кафт æй схонгæйæ, уæд кæсгон адæм сæ Фысджыты цæдисы сæрдары нæ бафæрсдзысты, æнцад цæмæн бадыс, зæгъгæ, Агънаты Гæстæнæн цæмæннæ исты зæгъыс, йæ адæм нын нæ национ кафт сæхи кæй бакодтой, уый тыххæй…

Стæй æз афтæ куынæ загътон æмæ аххосджын æрмæстдæр Агънаты Гæстæн у? Уый æрмæстдæр дæнцæгæн æрхастон, сæ фысджытимæ фембæлдмæ мæ зæрдиагæй кæй хуыдта, уый тыххæй. Алчи дæр уыд æмæ у хæсджын, цæмæй фæдис ныхъæр кæна ахæм æбуалгъдзинады тыххæй. Æрмæст Фысджыты цæдис нæ, хъуамæ сæ ныхас загътаиккой æмæ зæгъиккой,  Ирыстоны цæгатæй хуссармæ цыдæриддæр сфæлдыстадон цæдистæ ис, уыдон се ‘ппæт дæр. Официалон структурæты кой та кæнын дæр нæ хъæуы, уымæн æмæ уыдонæн уый сæ комкоммæ хæс у, сфæлдыстадон цæдистæ æмæ организациты разæй уыдон хъуамæ сызмæлын кодтаиккой бæстæ, фæлæ…

Алкæмæй тынгдæр Бигъуылоныл фæдис кодтон… «Хурзæрин»-æн Ирыстон цæгат æмæ хуссарыл нæ дих кæны, уый нæ, фæлæ фылдæр мыхуыр кæнæм, Ирыстонæн йæ цæгат хайы хабæрттæ, уым чи цард æмæ цæры, нæ уыцы хуыздæртæ æмæ номы лæгтæй алкæй ном дæр ссарæм, рохуаты никæй ныууадзæм, нæ сæйраг хæсыл нымайæм, цæгаты хорзæй цы ис, уыдæттыл ноджы зæрдиагдæрæй бацин кæнын, газеткæсджытæн сæ парахатдæрæй базонгæ кæнын. Æмæ кæд Бигъуылаты чызг мæ уац «Геройты Ир, дæ геройтæ кæм сты?»-йы тыххæй афтæ тызмæгæй æрдомдта, цæмæй йæ ссарой æмæ бакæсой, «уый цытæ фыссы», уый,  уæд ма иу хатт афтæ дæр æрдомдтаид, мæнæ ма уыцы æмæ уыцы номыр ссарут æмæ йæ бакæсут, куыд хъармзæрдæйæ фыст æрмæджытæ дзы ис, зæгъгæ… Куыднæ стæй! Æниу куыднæ хъуамæ фæдис кæнон Агънаты Гæстæныл дæр – нæ газеты сæрмагонд уацхæссæг Цæгат Ирыстоны Джусойты Нинæ дзы интервью ра-йста, фæфыдæбон ыл кодта, фæлæ Гæстæнæн мæ уац «куы бакæсын кодтой», уæд «фæтæргай» æмæ мын æй нал бауагъта мыхуыр кæнын… Гъери-гъа!.. Æмæ стæй нæ кæстæртæй ирон æгъдау æмæ уæздандзинад домæм…

Уæддæр иу Хуыцау хорз, æмæ рæстдзинад æцæгæлон кæмæн нæу, зæрдиаг арфæтæ мын чи фæкодта, ахæмтæ фылдæр сты! Иры Стыр Ныхасы сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Еналдыты Хъазбег мын куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ мæ уацы фæдыл ауынаффæ кодтой Цæгат Ирыстоны Академион ансамбль «Алан»-ы аивадон къухдариуæггæнæг Козаты Зелимимæ æмæ йæ ацы бонты сæрмагонд рауæрæхгонд æмбырды иумæйаг уынаффæмæ рахæсдзысты, фарст кæмæдæриддæр хауы, уыдоны хайадистæй.

Мæ уайдзæфы мидис æфхæрынæн, искæй дæлдзиныг кæнынæн нæ уыд, зæгъын æй ноджыдæр: мах кæмæй æфсæрмы кæнæм, уыдон нын нæхицæй куынæ æфсæрмы кæной, уæд нæ цы сæрнизæн бахъуыдысты? Стæй кæд хуым кæнæм, уæд – къамбецтæй! Кæд нын исчи рæвдауинаг сбуц кæнинаг у, уæд уал хъуамæ райдайæм, Ирыстон æмæ ирон культурæйæн хуыздæр æмæ фылдæр хæрзты чи бацыд, уыдонæй. Стæй уыдоны барæвдауын, кадджын нæмттæ раттын сын чи домы, уыдонæн сæхимæ дæр ахæм барæны цæстæй кæсын хъæуы – сæхæдæг та чи сты, Ирыстонæн цас æмæ цавæр хæрзты бацыдысты, уый дæр хъуамæ хынцинаг уа.

Цæвиттон æрхæссæм не стыр поэт, ирон аив дзырды цырагъдарæг Хъодзаты Æхсары дыууæ фыстæгæй:

«Зынаргъ Вячеслав! Поэт Михаил Синельниковы ном хорз зындгонд у канд Уæрæсейы нæ, фæлæ фæсарæйнæгтæн дæр. Джиппы рауагъта 30 чиныгæй фылдæр. Рагæй фæстæмæ дæр у ирон адæмы хорз хæлар. XX æнусы 80 азты уыд Ирыстоны, иумæ фæзылдыстæм нæ кæмтты, йæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты нæ адæм, нæ райдзаст æрдзы нывтæ. Уырыссаг æвзагмæ ратæлмац кодта нæ фыццаг профессионалон поэт Мамсыраты Темырболаты чиныг, стæй Къостайы, Секъайы, Гуырдзыбеты Блашкайы, Илас Æрнигоны, Токаты Алиханы, Нигеры, Плиты Грисы, Цæрукъаты Алыксандры, Нафийы, Бестауты Георгийы, Кочысаты Мухарбеджы, Малиты Васойы æмæ ноджы иу къорд ирон авторы хицæн æмдзæвгæтæ. Мыхуыры рацыдысты 1987 азы чиныгуадзæн «Ир»-ы, «Разноцветная башня», зæгъгæ, ахæм номимæ. Æдæппæтæй дзы ис 20 ирон поэты уацмыстæ.

Уымæй дарддæр М. Синельников Ирыстоны тыххæй ныффыста  къорд æмдзæвгæйы. Уыдон алы азты джиппы рауагътой журналтæ «Новый мир», «Дружба народов», «Литературная газета», «Литературная Россия» æмæ а.д. Уыдысты поэтæн йæхи чин-гуыты дæр.

Бирæ хæрзты бацыди Михаил Синельников ирон адæмæн. Уымæн æвдисæн – «Это удар по будущему нации», зæгъгæ, мæ уац, рацыди «Северная Осетия»-йы.

Поэтæн æнгом бастдзинæдтæ ис алы адæмты культурæтимæ. Уымæ гæсгæ йын саккаг кодтой хæрзиуджытæ, премитæ, кадджын нæмттæ. У Уæрæсейы Æрдзон наукæты æцæг уæнг, райста Иван Бунины преми, Валерий Брюсовы майдан, Арсений Тарковскийы преми, премитæ «Глобус», «Сыгъзæрин сис». Гуырдзы йæ схорзæхджын кодтой Георгий Леонидзейы преми æмæ Сыгъдæг Нинæйы орденæй, киргизтæ – Алыкул Осмоновы премийæ, Кыргызтаны Президенты кады гæххæттæй, таджиктæ – «Боргохи Сухан»-æй, азербайджантæ Наджафовы премийæ, руминæгтæ – преми «Паул Полидор»-æй. М. Синельников у Мæхъæлы Республикæйы сгуыхт кусæг, «Индиимæ культурон æмгуыстгæнæг æхсæнад»-ы уæнг.

Мах, ирон адæм, æй ныронг кæй не сбуц кодтам, уый мæм аив нæ кæсы, æз иу лæгæй йæ разы къæмдзæстыг дæн.

Иттæг зæрдиагæй курын, Вячеслав: цæмæй æбузн ма разынæм, уый тыххæй Михаил Синельниковæн саккаг кæн Къостайы преми (спецпремия), Дзасохты Алыксандр æй кæддæр Р. Гамзатовæн радта, кæнæ майдан «Во славу Осетии»-йæ. Мæ фыстæгимæ дæм æрвитын чингуытæ æмæ мæ уацы къопи. Мæ зæрдæ дын зæгъы фидар æнæниздзинад, æнтыстытæ дæ уæззау æмæ бæрнон куысты. Зæрдиаг салæмттимæ Хъодзаты Æхсар. 2018.01.11.»

Дыккаг ахæм фыстæг та ныффыста (æрмæст уырыссаг æвзагыл) Цæгат Ирыстоны ныры Сæргълæууæгмæ, фæлæ уымæй дæр дзуапп нæ райста, афтæмæй ацыд йе нусон бæстæм…

Цæмæн æрхастон цæвиттонæн ахæм даргъ фыстæг? Æрмæстдæр уымæн, æмæ «нæ алфæмблайы цæрæг адæмтимæ хæлардзинад тауджытæй» иу дæр кæй нæ рахæцыд нæ зæрдæрыст поэты фæндоны æвварс… Хъодзаты Æхсар йæхицæн куы ницы куырдта æмæ домдта, рæстдзинады охыл куы уыд йæ рæстаг уды утæхсæн, цæмæй ирон адæм æбузнæй макæй цæсты бахауой, уый куы домдта æрмæстдæр.  Цы хъуамæ зæгъæм уый тыххæй: Михаил Синельников уыдонæй къаддæр балæггад код-та Ирыстон æмæ ирон адæмæн æви кæй удт-удт кæнæм, уыцы нацитæй уырыссаг адæм, уырыссаг культурæ къаддæр хæрзты бацыдысты ирон адæмæн, ирон культурæйæн?..

Фæлæ махмæ афтæ у, хъуамæ нæхиуæтты цæвæм! Цæмæн, цæмæй нæ æцæгæлæттæ тæрсой æви…

ГÆБÆРАТЫ Юри

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.