ФУТБОЛ

Национ футболон къорды 26-æм туры Дзæуджыхъæуы «Алани» фысымиуæг кодта командæ «Чертаново»-йæн. 2020 азы ацы хъазт уыд фæстаг. Уымæ гæсгæ дыууæ командæйы дæр фæндыд аз дзæбæх зæрдæйыуагимæ фæуын. Фыццаг минуттæй пурти фылдæр уыд дзæуджыхъæуккæгтæм, фæлæ сæ къухы не ‘фтыд  пурти бакъуырынæн тæссаг уавæр саразын. Фембæлды 31 минутыл алайнæгтæн уæддæр бантыст хыгъд сæмхуызон кæнын. Пурти къуымæй æрбадæтгæйæ йæ ныхмæлæууæг командæйы кулдуары хызы смидæг кодта Хосонты Хетæг.

Хъазты дыккаг æмбис дæр райдыдта фысымты атакæтæй. Фæлæ та сын нæ уад пурти бакъуырын. «Алани»-йы сæйраг тренер Гогниты Спартак хъазтмæ ивындзинæдтæ бахæссыны фæдыл баивта æртæ хъазæджы. Æмæ уыцы хъуыддагæн уыд хорз фæстиуджытæ. Хъазæн фæзмæ рахизæг хъазджытæй дыууæйæ – Гуырцъыты Батраз æмæ Ислам Машуковæн бантыст фæйнæ пуртийы бакъуырын. 70-æм минутыл расгуыхт Батраз, дыууæ минуты фæстæдæр та – Ислам. Хъазты кæрон «Чертаново»-йæн бантыст иу дзуаппон пурти бакъуырын æмæ афтæмæй 3:1 хыгъдæй фæцис хъазт. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ «Алани» ацы аз Дзæуджыхъæуы стадион «Спартак»-ы хъазгæйæ иу хатт дæр кæй нæ фæхæрд. Фæстаг хатт ма фембылды 14 мæйы размæ ÆЦСК-æн Уæрæсейы Кубокы хъазгæйæ.

Ныр алайнæгтæ æрæмбырд кодтой 49 очкойы æмæ турнирон таблицæйы ахсынц 5-æм бынат. Ацы туры фæстæ Национ футболон къорд ацыд зымæгон каникулты æмæ ногæй  хъазын райдайдзæн иннæ аз уалдзæджы.  

Хъазты фæстæ пресс-конференцийы командæйæн раарфæ кодта Гогниты Спартак: «Командæйæн ма раарфæ кæнын фæнды сезон тынг хорз кæй фестæм, уый фæдыл. Уыд нын уæззау график, æртæ боны фæстæ-иу уыд хъазт, фæстагмæ ма йæм бафтыдысты æвзæр боныгъæдтæ дæр. Стæй хъазгæ дæр аргессивонæй кæнæм, æмæ нын уый та  бирæ тых байсы. Уымæ гæсгæ мæ бузныг фæнды зæгъын футболисттæн ахæм куысты тыххæй. Командæйæн мæ бон у æмæ «фондз нывæрон».

***

    Футболæй Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы сæйраг тренер Черчесты Станислав бабæрæг кодта футболон академи «Алани»-йы. Академийы директор Битарты Роберт куыд хъусын кæны, афтæмæй сæм ахæм кадджын уазæг кæй æрбацыд, уый тынг æхсызгон сюрприз уыд куыд тренертæн, афтæ академийы хъомылгæнинæгтæн дæр. «Специалисттæн æмæ сывæллæттæн радта уынаффæтæ. Æмæ банысан кодта сывæллæттæй алкæмæндæр æмбырдгонд командæйы дуæрттæ гом кæй сты. Æрмæст сæйраг у – хорз тренировкæ кæнын», – загъта Битарты Роберт.   

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм спортивон объект кæй байгом ацы аз августы мæйы. Арæзт æрцыд РЦИ-Аланийы сæргълæууæг Битарты Вячеславы инициативæмæ гæсгæ. Уый ис Дзæуджыхъæуы курортон зонæ, санатори «Осетия»-мæ æввахс. Академи у 5-уæладзыгон бæстыхай, цыран цæрынæн  спортсментæн арæзт æрцыд комфортон уавæртæ. Комплексы ис трибунæтимæ дыууæ футболон фæзуаты, цъæх зонæ, парковкæ, теннисæй хъазынæн æмæ гимнастикæйы залтæ, афтæ ма аэробикæйæ архайынæн зал дæр.

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Уагъд æрцыд 23 азы онг кæуыл цæуы, уыцы богалты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионат. Ирыстоны минæвæрттæн бантыст иу сыгъзæрин, 4 æвзист æмæ 6 бронзæ майданы рамбулын.

61 кг уæзы категорийы аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд Сабанты Александрæн. Уый финалы 11:0 хыгъдæй фæуæлахиз Тывайы минæвар Ай-Белек Монгушыл.

Дыккаг бынæттæ та бацахстой Наниты Славик (86 кг), Толпарты Аслан (92 кг), Хуыгаты Хох (97 кг) æмæ Хынцæгты Сослан (125 кг). Бронзæ майдантимæ та æрæздæхтысты Секъинаты Георги (70 кг), Дзукъаты Роберт (74 кг), Бæдойты Астик (86 кг), Цъыккаты Сослан (92 кг), Цхуырбаты Артем (92 кг) æмæ Коцойты Тамерлан (97 кг).

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.