ФУТБОЛ

Туркаг Белекы цæттæгæнæн сборты рæстæджы Дзæуджыхъæуы футболон командæ «Алани» акодта радон контролон хъæзтытæ. Нырма уал йæ ныхмæлæууæг уыд клуб «Оренбург». Уый дæр архайы Национ футболон къорды (фыццаг дивизион), цыран турнирон таблицæйы цæуы æртыккаг бынатыл. Кæд дыууæ командæйæн дæр уыд пурти бакъуырынæн цалдæр хорз уавæры, уæддæр хыгъд байгом кæнын никæмæн бантыст. Афтæмæй фембæлд фæцис 0:0 хыгъдæй. 

Фæстæдæр та «Алани» хъазыд казахстайнаг клуб «Актобе»-имæ. Ацы командæ хорз зонгæ у ирон спортуарзджытæн дæр. 2011 азы Евролигæйы 3-аг квалификацион раунды алайнæгтæ хъазыдысты ацы клубимæ. Уæд дыууæ хъазты дæр фесты 1:1 хыгъдæй. Пеналтиты серийы та хуыздæр сæхи равдыстой «Алани»-йы хъазджытæ – 4:2.

Ныр контролон хъазты алайнæгты сæйраг тренер Гогниты Спартак рауагъта командæйы дыккаг сконды. Казахстайнæгтæн 2-æм минутыл бантыст иу пурти бакъуырын. Фæлæ «Алани» хыгъд сæмхуызон кодта 15 минутыл. Хæбæлаты Алан пурти æрбалæвæрдта къуымонæй æмæ йæ Николай Гиоргобиани сæрæй ныхмæлæуæг командæйы кулдуары смидæг кодта. Хъазты фыццаг æмбисы кæрон та ногæй казахстайнæгтæн бантыст хыгъды размæ рацæуын. Фембæлды дыккаг хайы кæрон та бакъуырдтой 3 пурти. Фæлæ уæддæр уымæ æнæкæсгæйæ алайнæгтæн бантыст уавæр сæхи пайдайæн фæивын. Нырма уал расгуыхт Гогниты Руслан (Гогниты Спартакы фырт). Стæй хыгъд сæмхуызон кодта Цæриаты Алан. Æмæ кæронбæттæны та «Алани»-йы размæ ракодта Саулохты Давид – 4:3.  

БОКС

 Дунейы зындгонд ирон боксер Гасситы Мурат куыд хъусын кæны, афтæмæй радон тохмæ йæхи цæттæ кæныны сæйраг хай акæндзæн АИШ-ы тренер Абель Санчесимæ. Мурат куыд банысан кодта, афтæмæй йæ Америкæйы ницы хъыгдары, цæмæй йæ хъус дара æрмæстдæр тренировкæтæм. Раздæр Гассийы фырт куыд фехъусын кодта, афтæмæй радон тох акæнынмæ хъавы март-апрелы.

«Ивгъуыд къуыри æрæвнæлдтон тренировкæтæм. Райдыдтон бассейнæй æмæ рог тренировкæтæй. Мæхи цæттæ кæнын сæйраг тренировкæтæм. Америкæмæ мæ визæ фæцис, фæлæ йæ фæнд кæнын ногæй бакæнын æмæ уæд сæйраг тренировкæтæ кæндзынæн АИШ-ы. Æппынæдзух бастдзинад мын ис Абель Санчесимæ. Уый цымыдис кæны мæ уавæрмæ, афтæ ма фыссы, зæгъгæ, мæ мысы æмæ мæм æнхъæлмæ кæсы. Фæстаг тренировкæтæ мын уыдысты Кисловодскы. Фæлæ уæддæр уым нæй цы уавæртыл сахуыр дæн, ахæмтæ. Бирæ фактортæ ис, кæцытæ фадат нæ дæттынц, цæмæй æппæтæй дæр мæхи тренировкæтæн радтон», – загъта Мурат. «Мæхи бацæттæ кæныны фæдыл рæстæджы тыххæй та дзырдтон мæ тренер Сланты Виталиимæ. Сæйраг дæр у тагъд ма кæнын, цæмæй та травмæ ма райсон. Хъæуы мæ мæ буар уæззау тренировкæтæм бацæттæ кæнын æмæ сæ цадæггай уæззаудæр кæнын. Нырма ницы зонын мæ фидæны ныхмæлæууæджы тыххæй. Стæй мын уæлдай нæу чи уыдзæн мæ оппонент, уый. Сæйраг дæр у цæмæй та банкъарон ринг æмæ хи тыхтыл æууæнкдзинад», –  йæ ныхасмæ бфтыдта Гасситы Мурат.

ГРЕКЪАГ-РОМАГ ХЪÆБЫСХÆСТ

Грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй 2019 азы Европæйаг хъæзтыты уæлахиздзау Хъæбæлоты Зауыр фæивта йæ спортивон æмбæстагдзинад æмæ ныр архайдзæн Италийы тырысайы бын.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.