БОКС

Хуссар Ирыстоны боксы скъолайы хъомылгæнинаг Гæджиты Гурамы къухты бафтыд стыр æнтыст. Уый, 16 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн ссис Европæйы чемпионаты бронзæйон призер. Гурам архайдта 66 кг уæзы категорийы. Уый фыццаг тохы фыццаг раунды нокаутæй рамбылдта Хорватийы минæвар Келенч Мауройы. Дарддæр фæуæлахиз Белоруссийы минæвар Владислава Кузнецовыл. Æрдæгфиналы тох кодта Гуырдзыстоны минæвар Мехман Намазовимæ. Кæд фыццаг раунды Гурамы ныхмæлæууæг архайдта активондæрæй, уæд иннæ дыууæ раунды Гурам фæхуыздæр кодта йæ архайд. Фæлæ уæддæр уымæ нæ кæсгæйæ, тæрхонгæнджыты фылдæр хай уæлахиз радтой бынæттон боксерæн.

«Фыццаг дыууæ тохы архайдта хорз. Æххæст кодта, цы тактикæ йын равзæрстон, уый. Фæлæ йын æрдæгфиналы цы хæслæвæрдтæ радтон, уыдон нал сæххæст кодта æмæ йын нал бантыст йæ цæттæдзинад æмбæлонæй равдисын. Фæлæ уæддæр уымæ нæ кæсгæйæ, бронзæ майдан дæр махæн у стыр æнтыст», – банысан кодта Дзигойты Ацæмæз.  Ацæмæзимæ разы у боксы скъолайы директоры хæдивæг Кокойты Ирбег дæр. «Нæ респуб-ликæйы минæвар ахæм стыр æмвæзадыл уагъдцæуæг ерыстæм кæй бахаудта, уый махæн у  æнтыст. Уæлдай стырдæр æнтыст та уый у, æмæ йын кæй бантыст бронзæйон призер суæвын», – загъта Кокойты Ирбег.

ФУТБОЛ

Райдыдта Национ футболон къорды (фыццаг дивизион) 2021/2022 сезоны чемпионат. Дзæуджыхъæуы футболон командæ «Алани» уазæгуаты хъазыд Набережные Челныйы «КАМАЗ»-имæ. Æнæхъæн хъазты хуыздæр архайдтой æмæ пурти фылдæр уыд дзæуджыхъæуккæгтæм. Фæлæ уымæ æнæкæсгæйæ, æнæнхъæлæджы фыццаг хыгъд байгом кæнын бантыст фысымтæм. Иварон цæфы рæстæджы «КАМАЗ»-ы æрдæгхъахъхъæнæг цхинвайлаг Гаглойты Александр пурти хорз бадæтта «Алани»-йы иварон фæзуатмæ, цыран æм фæцарæхст йæ командæйы хъахъхъæнæг æмæ пурти смидæг кодта дзæуджыхъæуккæгты къулдуары. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ æнæхъæн хъазты дæргъы фысымты сконды  алайнæгтæн тæссагдæр кæй уыд Гаглойты Александр.

Уый фæстæ алайнæгтæ ноджы стырдæр тыхтæй абырстой размæ æмæ сын бантыст хыгъд сæмхуызон кæнын. Гуырцъыты Батразы цæфы фæстæ пурти акъуырын хъавыд фысымты хъахъхъæнæг Сергей Морозов, фæлæ йæм хорз нæ фæцарæсхт æмæ пурти йæхи командæйы къулдуары хызмæ бахаудта. Афтæмæй хъазт фæцис æмдыхæй, 1:1.

2-аг туры «Алани» 17-æм июлы уазæгуаты хъаздзæн «Краснодар – 2»-имæ.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.