Дзæгъындзæг   раздæр тахт хъарм бæстæмæ, ныр нал тæхы. Зымæг æрцæры фосдарды фермæтæм хæстæг æмæ йæхицæн хæлц амал кæны.

Алчидæр зоны, сырддонцъиу дард тæхын кæй нæ фæразы, уый. Сæрдæй-зымæгæй йæ ахстон вæййы адæймаджы цæрæнуæттæм æввахс. Уæдæ ацы маргъ йæхæдæг дæр уарзы хæлц амал кæнын. Сæрдыгон уæлдай æхсызгондæрæй хæры тутайы хъæндилтæ.  

Иуæй-иу мæргъты мыггаг сыскъуыд кæнæ та дзы стæмтæ баззад. Зæгъæм, раздæр азты дыгоппон (хонынц ма йæ гоппойцъиу æмæ джигоцъиу дæр) арæх уыд хъæдрæбынты, хъæууон цæрæнуæттæм хæстæг. Ныр ма йыл æрмæст искуы-иу хатт цæст æрхæцы. 

Ивгъуыд æнусы 50-æм азты сауцъиутæ дæр арæх уыдысты Ирыстоны. Фæлæ иу рæстæджы ацы маргъы цъæхснаг зарæг нал хъуыстис.   Ныр фæстаг  азы фылдæр кæнын райдыдта. Уæвгæ, сауцъиутæ алыхуызон сты. Иутæ дзы тæхынц хъарм бæстæм, иннæтæ – нæ.

Сауцъиутау хъæдхойтæ дæр сты алыхуызон. Ис дзы бур, сау æмæ хъулæттæ. Хъæдхой зулчъытæ кæй хæры, уый тыххæй йæ хонынц хъæды “дохтыр”. Фæлæ бирæ нæ цæры, æвæццæгæн, йæ куыст уæззау кæй у, уый тыххæй. Къуыртты куы ныббады, уæд та рауадзы 2-7 лæппыны æмæ сæ схъомыл кæны бæлæсты зулчъытæй.

Таурæгъты куыд баззад, афтæмæй раздæр гакк-гукк нæлгоймаг уыдис. Тохы быдыры куы фæцæф, уæд хъæр кодта: мæ кард, мæ топп, мæ кард, мæ топп. Æцæгдæр, байхъус æм, уæд гакк-гукк афтæ уасы. Уалдзæджы йæ уасын куы ныууадзы, уæ-дæй фæстæмæ та нартхор тауынмæ нал фæбæззы.

Хъарм бæстæм чи нæ тæхы, уыцы мæргътæ цъус не сты. Цæргæстæ, халæттæ, цъиахтæ, сынтытæ, хæдмæлхортæ, хиуатæ, уаритæ сæрдæй-зымæгæй хæринаг æнцонæй амал кæнынц, æмæ сæ хъарм бæстæм тæхыны сæр ницæмæн хъæуы. Уæдæ хуыргæрчытæ, саугæрчытæ холлаг арынц миты бын дæр.

Зымæг цыфæнды хорз уавæртæ ма уа, уæддæр зæрватыччытæн, дзывылдæрттæн, æхсыргуртæн ам фæцæрæн нæй, уымæн æмæ сæ туг лæмæгъ у. Сæрды цæрынц, уæлдæфы цы бирæ бындзытæ æмæ къогъотæ вæййы, уыдонæй. Куыддæр фæуалдзæг кæны, афтæ нæм фыццагдæр дзывылдар æртæхы мартъийы. Мит кæм атади, ахæм рæтты уидзын райдайы лыстæг бындзытæ. Фæстæдæр нæм зæрватыччытæ дæр æртæхынц, æмæ сæ хъæлдзæг зарджытæй байдзаг вæййы уалдзыгон уæлдæф.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.