ФУТБОЛ

Национ футболон къорды 22-æм туры Дзæуджыхъæуы «Алани» уазæгуаты хъазыд Краснодары «Кубань»-имæ. Хъазт рауад тынг цымыдисон. Фембæлдмæ æрбацæуæг спорт-уарзджытæ федтой 10 бакъуырд пуртийы. Фыццаг уал расгуыхтис «Алани»-йы хъазæг Бутта Магомедов, фæлæ фæстæдæр Дзæуджыхъæуы командæйы хъахъхъæнджытæ сæхи равдыстой тынг лæмæгъ. «Кубань»-æн бантыст фæд-фæдыл æртæ пурти бакъуырын æмæ хыгъд 3:1 скæнын. Хъазты фыццаг æмбисы кæрон алайнæгтæн бантыст дыккаг пурти бакъуырын – 3:2. Йæ автор уыд Ислам Машуков. Фембæлды дыккаг æрдæг дæр Ирыстоны сæйраг футболон командæ райдыдта атакæтæй. Фæлæ та йæ хъахъхъæнджыты гуымир рæдыды фæстæ фысымтæн бантыст радон пурти бакъуырын. Уымæн та сдзуапп кодта Гуырцъыты Батраз. Фæстæдæр алайнæгты размæбырсæг Ислам Машуковæн хорз гæнæн уыд хыгъд сæмхуызон кæнынæн. Лæгæй-лæгмæ рахызт краснодайрæгты кулдуаргæсимæ æмæ йын йæ сæрты пурти акъуырдта, фæлæ афтид кулдуармæ нæ бахаудта. Уымæй цалдæр минуты фæс-тæдæр та «Кубань»-ы хъазæг бакъуырдта фæндзæм пурти æмæ хыгъд ссис 5:3. Уыимæ разы нæ уыдысты алайнæгтæ. 63-æм минутыл Кобесты Дмитрийы сфæлдæхтой иварон фæзы æмæ тæрхонгæнæг снысан кодта 11-метрон цæф. Уый хорз сæххæст кодта Хæдæрцаты Батраз. Хъазты сæйраг рæстæджы хыгъд нæ фæивта. Уæлæмхас рæстæг дæр фæуд кодта, афтæмæй «Алани»-йы размæбырсæг Ислам Машуковæн бантыст хыгъд 5:5 скæнын æмæ афтæмæй фæцис хъазт.

Ныр «Алани» æрæмбырд кодта 40 очкойы æмæ турнирон таблицæйы цæуы 6-æм бынатыл. Фыццаг – 47 очкоимæ у «Оренбург», дыккаг та – «Факел», кæцыйæн ис 43 очкойы.

«Алани» Грознæйы фысымиуæг кæндзæн Мæскуыйы «Спартак-2»-йæн.

 

БОКС

Зындгонд ирон профессионалон боксер Гасситы Мурат йæ радон тох акæндзæн 25-æм декабры. Уый тыххæй «Матч ТВ»-йæн фехъусын кодта боксеры промоутер Алексей Авсецин. Йæ ныхæстæм гæсгæ тох уыдзæн IBF Intercontinental роны сæрыл. Гассийы фырты ныхмæлæууæг уыдзæн украинæйаг Андрей Руденко.

 

ДЗЮДО

27-æм ноябры Уфайы уагъд æрцæудзæн дзюдойæ Европæйы командон чемпионат. Фæстаг хатт ацы ерыстæ рамбылдта Уæрæсейы командæ. Ныр дæр та хъахъхъæндзæн йæ титул. Командæйы сконды ис 12 дзюдоисты. Уыдоны ‘хсæн ис ирон спортсмен Тасойты Инал. Уый хæцы +90 кг уæзы категорийы.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.