Цхинвалы футболон командæ «Спартак»-ы раз лæууæг хæстæй фыццаг æххæст æрцыд – рамбылдта РЦИ-Аланийы Кубок. Дзæуджыхъæуы финалы фæуæлахиз бынæттон командæ «Щит Осетии»-йыл, кæцы ивгъуыд аз уыд Кубокы хицау æмæ та, кæй зæгъын æй хъæуы, ацы аз дæр хъавыд ацы æнтыст сфæлхатт кæнынмæ. Хуссарирыстойнаг футболистты фарс балæууыны тыххæй Цхинвалæй æрцыдысты дæсгай спортуарзджытæ. Сæ архайдмæ бакæсынмæ æрбацыд РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли дæр. Дыууæ командæ дæр хъазт райдыдтой хъавгæйæ, фыццаг рады сæ хъус дардтой сæ кулдуæрттæ бахъахъхъæнынмæ. Пурти бакъуырыны тыххæй фыццаг тæссаг уавæр сæвзæрын кодтой дзæуджыхъæуккæгтæ. 8-æм минутыл «Щит Осетии»-йы размæбырсæг сæххæст кодта иварон цæф. Пурти сæмбæлд штангæйыл æмæ фæстæмæ ратахт хъазæн фæзмæ. Цхинвайлæгтæ уымæн сдзуапп кодтой æндæр тæссаг уавæрæй. «Спартак»-ы размæбырсæг Бæззаты Ибрагим лæгæй-лæгмæ рахызт ныхмæлæууæг командæйы кулдуаргæсимæ, фæлæ чысыл кæй фæфæстиат кодта, уый тыххæй йæ хъахъхъæнджытæ баййæфтой æмæ йæ нал бауагътой пурти хызы смидæг кæнын. 28-æм минутыл цхинвайлæгтæн уæддæр бантыст хыгъд байгом кæнын. Расгуыхт Хынцæгты Вадим. Дыууæ минуты фæстæ цхинвайлæгтæн хорз гæнæн уыд дыккаг пурти бакъуырынæн. «Щит Осетии»-йы кулдуаргæсы рæдыды фæстиуæгæн пурти бахаудта Бæззаты Ибрагиммæ, фæлæ та йæ хорз уавæрæй не спайда кодта. Иу минут фæстæдæр Джиджджойты Сосланы цæфы фæстæ пурти атахт дзæуджыхъæуккаг кулдуары цурты. Джиджджойы фыртæн ма 36-æм минутыл бантыст кулдуары ‘рдæм пурти ныццæвын, фæлæ уæд та хорз ахъазыд ныхмæлæууæг командæйы кулдуаргæс.

Хъазты дыккаг æмбисы райдианы дæр фылдæр размæ бырстой цхинвайлæгтæ, фæлæ уæддæр инициативæ рацыд «Щит Осетии»-йы хъазджытæм, кæцытæ стыр тыхтæй абырстой размæ. Цхинвайлæгтæн контратакайы рæстæджы фæзынд сæрибар зонæтæ. Фæлæ сын пурти бакъуырынæн нæ фаг кодта хорз кæронбæттæн пас. Хъазты кæроны дзæуджыхъæуккæгтæн бантыст «Спартак»-ы кулдуары раз цалдæр тæссаг уавæры сæвзæрын кæнын. Уыцы рæстæджы хорз ахъазыд кулдуаргæс Цхуырбаты Сæрмæт. Æмæ афтæмæй хъазт фæцис 1:0 хыгъдæй цхинвайлæгты пайдайæн æмæ систы Кубокы хицæуттæ. Ацы хорзæх сын радта РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли. Паддзахады сæргълæууæг йæ раныхасы рæстæджы куыд банысан кодта, афтæмæй хъазæн фæзыл фембæлдысты хæлæрттæ.

«Абон хъазыдысты æфсымæрттæ, æмгæрттæ. Дыууæ командæ дæр уыдысты Кубок рамбулыны аккаг. Хъазт рауад цымыдисон æмæ мæ фæнды раарфæ кæнын фæуæлахизуæвæг командæйæн, чи фæхæрд, уыцы командæйæн та зæгъын, цæмæй иннæ аз суа ацы хорзæхы хицау», – банысан кодта Президент Бибылты Анатоли.

Цхинвайлаг командæ «Спартак»-ы сконды хъазыдысты: Цхуырбаты Сæрмæт, Бекъойты Ацæмæз, Джиголаты Сослан, Къæбулты Сослан, Уазæгты Родион, Джиджджойты Сослан, Хынцæгты Вадим, Пухаты Руслан, Танделаты Ренат, Бæззаты Ибрагим, Кокойты Азæмæт. Фæстæдæр та хъазæн фæзмæ рахызт Бететы Марат. Командæйы уæлахизмæ æркодта тренер Хъоцыты Сослан.

«Ацы аз нæ разы лæууы дыууæ нысаны –  Кубок рамбулын æмæ чемпионаты фыццаг бынат бацахсын. Фыццаг нысан уал бафтыд нæ къухты. Ацы аз 10 азы сæххæст уыдзæн, УФ РХИ-йы хæдбардзинад куы банымадта, уыцы боныл. Уымæ гæсгæ нæхирдыгон лæвар сарæзтам нæ уарзон республикæйæн», – банысан кодта Хъоцыты Сослан.

Хъазтæй ма райгондæй баззадысты РХИ-йы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты сæрдар Зассеты Сергей, Президенты Администрацийы сæргълæууæг Козаты Игорь, РХИ-йы футболы федерацийы президент Джиоты Алан æмæ æндæртæ.

ХУРИТЫ Батрадз,

Дзæуджыхъæу-Цхинвал    

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.