3-æм декабры уыдис РХИ-йы Хицауады рабадт. Уагъта йæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли.

Рабадты æркастæуыд «2001 азæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджеты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны проекты тыххæй» фарстамæ. Хицауады уæнгты размæ йæ æркæсынмæ рахаста финансты министры хæстæ æххæстгæнæг Хæбæлаты Азæ. Йæ раныхасы уый куыд банысан кодта, афтæмæй бирæ министрадтæ æмæ ведомствотæ домдтой, цæмæй бюджет зынгæ фæфылдæр уа, фæлæ æппæт бюджетон ассигнацитæ фæфылдæр кæныны фадат къухты нæ бафтыд.

«Бюджеты нысангонд чи уыдысты, хæрдзтæ фæфылдæр кæныны уыцы чысыл суммæтæ хаудысты райсгæ хардзон хæстæм. Уыдон та уыдысты хъæууон хæдзарад æмæ ахуырад субсиди кæнын, хæрдзтæ фæфылдæр сты медикаменттæй ифтонг кæныны фæдыл дæр. Фæлæ махæн нæ бон нæу бюджетмæ дефицит бахæссын», – бамбарын кодта Хæбæлаты чызг.

Фарсты фæдыл ныхас кæнгæйæ, Президент банысан кодта, зæгъгæ, бюджет у сбалансгонд.

«Мах бахъахъхъæдтам æмæ, æгæрыстæмæй, фæфылдæр кодтам хъæуæг финансон фæрæзтæ æппæт социалон хæсты фæдыл дæр, сывæллæттæн æххуыстæй пенситы онг. Медикаменттыл куы дзурæм, уæд мах иттæг хорз æмбарæм, кæй уыдис бæрæг зындзинæдтæ, фæлæ мах ссардтам фæрæзтæ сæ самал кæныны тыххæй. Махæн ис развæлгъау бадзырдтæ Уæрæсейы Федерациимæ æппæт къабæзты дæр куыстмыздтæ фæфылдæр кæныны фæдыл. Мæн фæнды зæгъын, министрадтæ æмæ ведомствоты домæнтæ æмбæрстгонд кæй сты, фæлæ мах хъуамæ хынцæм нæ фадæттæ», – загъта уый.

Дарддæр рабадты раныхас кодта экономикон рæзты министры хæдивæг Козаты Роин. Уый æрдзырдта «2001 азæн чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады хатырон кредиткæнынадæн ахъаз кæныны фонды бюджеты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны проекты фæдыл. Раныхасгæнæг куыд банысан кодта, афтæмæй æрбалæугæ азы чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн æххуыс кæныны тыххæй бюджетæн рахицæн æрцæудзæн 28 милуан сомы. Бангон депозиттæ æмæ кредиттæ фæстæмæ здахын хынцгæйæ, фонды иумиаг суммæ 2001 азы уыдзæнис 49 милуан сомæй фылдæр. Закъоны архайды рæстæджы ама-лиуæггæнджытæн æдæппæт кредиттæ лæвæрд æрцыд 76,5 милуан сомы.

Фарсты фæдыл Президент куыд банысан кодта, афтæмæй чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн æххуыс кæныны фадæттæ 2018 азимæ абаргæйæ фæфылдæр сты.

«Уый æхсызгон хъуыддаг у. Мæн ныфс ис 2021 азы дæр кæй фæфылдæр уыдзысты æмæ 2022 азмæ та чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн æххуыс кæныны финансон фæрæзты иумиаг гуырахст 100 милуан сомæй къаддæр кæй нæ уыдзæн. Банысан кæнын хъæуы уый æмæ кæд раздæр мах æххуыс кодтам чысыл бизнесæн, уæд дыууæ азы фæстæ та уыдзæн стырдæр проекттæм æркæсыны фадат, кæцытæ иттæг хъæуæг сты нæ республикæйы экономикæйы рæзтæн», – загъта уый.

Бибылты Анатоли бацамыдта, цæмæй фæрæзты зынгæ хай здæхт æрцæуа хъæууон хæдзарады рæзтмæ, афтæ ма бахæс кодта, цæмæй æркастæуа хъæууон цæрджыты хисæрмагонд хæдзарадты рæзтæн æххуыс кæныны фадатмæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ агросæудæджерадон комплекс у республикæйы рæзты сæйрагдæр здæхт æмæ спайда хъæуы уым æппæт нæ фадæттæй.

Хицауады рабадты фидар æрцыд 2021 азæн медицинæйы пайда кæнынæн иууыл хъæуæгдæр æмæ ахсджиагдæр хосгæнæн препаратты номхыгъд. Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министры хæстæ æххæстгæнæг Тотчиты Георги куыд бамбарын кодта, афтæмæй хосгæнæн препаратты номхыгъд арæзт æрцыд Уæрæсейы фармацевтон базары ног препаратты фæзынд хынцгæйæ.

Уый ма уынаффæ кæнынмæ рахаста «Республикæ Хуссар Ирыстоны Пенсион фон-ды бюджеты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны проекты тыххæй фарста.

Президент барадхъахъхъæнæг органтæн бахæс кодта, цæмæй бабæрæг кæной, пенсион фондмæ бафыстытæ фидынæй сæхи чи тылиф кæнынц, ахæм коммерцион куыстуæтты.

«Хъыгагæн, рауайы афтæ æмæ, æгæрыстæмæй, ис ахæм амалиуæггæнджытæ, кæцытæ кæнынц æнтысгæ архайд, фæлæ нæ фидынц пенсион фондмæ кæй хъуамæ фидой, уыцы бафыстытæ. Афтæ уайы, æмæ ныртæккæ амалиуæгады чи кусынц, уыцы кусджытæн сом фадат нæ уыдзæн æмбæлон пенси исынæн, куыст сын чи дæтты, уыдон пенсион фондмæ æмбæлон бафыстытæ кæй нæ хæссынц, уый аххосæй. Афтæмæй уыцы кусджытæ фидæны исдзысты социалон пенси. Социалон æмæ кусæгон пенсийы æхсæн та ис 5 мин сомы бæрц. Уыимæ социалон пенситæ нысан цæуынц кусæгон пенситæй фондз азы фæстæдæр. Æмæ махæн нæ бон нæу æруадзæм, цæмæй уыйбæрц адæм, кæцытæ кусынц коммерцион структурæты, сом баззайой æнæ æмбæлон пеНситæй. Уый у фыдракæнд, уый раст нæу. Хъæуы æппæт амалиуæггæнджытæн дæр сæ хæстæ бамбарын кæнын æмæ сæ куыд æххæст кæнынц, уымæ хъус дарын.

Рабадты хайадисджытæ ма æркастысты «ахуырады тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны 89-æм статьямæ ивындзинад бахæссыны тыххæй æмæ «Архайды хицæн хуызтæ лицензи кæныны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны 1 æмæ 17-æм статьятæм ивындзинæдтæ бахæссыны тых-хæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъæтты проектты фæдыл фарстатæм.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.