ССИС ПАРАЛИМПИАГ ХЪÆЗТЫТЫ БРОНЗÆЙОН ПРИЗЕР

Къобесты Чермен ссис Токиойы Паралимпиаг хъæзтыты бронзæйон призер. Ирон спортсменæн æртыккаг бынат бацахсын бантыст 400 метрмæ лидзынæй ерысты. Финишмæ балидзгæйæ йæ цæстысыгтæ нæ баурæдта. Уый скодта майкæ йæ мады къамимæ.  «Мæ царды бирæ цаутæ æрцыд. Иууыл тæссагдæр у ныййарæг мады фесафын, фæлæ йын стæй йæ бæллиц куы сæххæст кæнай, уæд та адæймаг банкъары æнахуыр эмоцитæ. Коронавирусы фæстæ абон æз лыгъдтæн æрмæстдæр мæ мады фæрцы, кæцы уыд тынг тыхджын сылгоймаг. Мæ мады тынг фæндыд, цæмæй рамбылдтаин дæргъмæ гæпп кæнынæй. Ныфс мæ ис уый дæр мæ къухты кæй бафтдзæн. Абоны майданы фæстæ мын иннæ ерысты æнцондæр уыдзæн», – банысан кодта спортсмен.

ФУТБОЛ

Национ футболон къорды 8-æм туры Дзæуджыхъæуы «Алани» Грознæйы стадионы (алайнæгтæ ам уадзынц сæ хæдзарон хъæзтытæ) фысымиуæг кодта Ивановойы «Текстильщик»-æн. Ацы хатт дзæуджыхъæуккæгтæ ныхмæлæууæг командæйæн нæ бауагътой хыгъд байгом кæнын. Уый нæ, фæлæ ма хъазты 20-æм минутмæ сæхицæн бантыст дыууæ хатты пурти бакъуырын. 6-æм минутыл расгуыхт Ислам Машуков. 19-æм минутыл та Хæбæлаты Алан пурти балæвæрдта «Текстильщик»-ы иварон фæзуатмæ. Уазджыты хъазæджы фæндыд пурти раппарын, фæлæ йæм хорз нæ фæцарæхст æмæ йæ йæхи кулдуары смидæг кодта.

Хъазты дыккаг æмбисы дæр «Алани»-йæн бантыст ноджы дыууæ пурти бакъуырын. Уыдон автортæ та сты Тадтаты Алексей æмæ Гуырцъыты Батраз.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ хъазтмæ гæсгæ хыгъд ноджы фылдæр хъуамæ уыдаит. Фæлæ алайнæгтæ ныхмæлæууæг командæйы раз пурти бакъуырынæн цы тæссаг уавæртæ сывзæрын кодтой, уыдонæй бирæ фæстиуæгджын нæ разындысты. Уый хыгъд ацы хатт  командæйæн хорз рауадысты къуымон цæфтæ. Уыдон фæрцы сын бантыст дыууæ пурти бакъуырын.

Ныр 5-æм сентябры «Алани» уазæгуаты хъаздзæн «Олимп-Долгопрудный»-имæ.

КАРАТЭ

Новосибирскы уагъд æрцыд Уæрæсейы чемпионат каратэ WKF-йæ. Йæ хайадисджытæ ерыс кодтой æрмæст майдантыл нæ, фæлæ ма дунейы чемпионатмæ ацæуыныл дæр, кæцы уагъд æрцæудзæн Дубайы.  Уæрæсейы чемпионаты хайад райстой 300 спортсмены. Уыдон ‘хсæн уыд ирон каратисткæ Коцты Аланæ дæр. Уымæн, 61 кг уæзы категорийы архайгæйæ, бантыст сыгъзæрин майдан рамбулын. Уый тыххæй йæ бахъуыд цыппар тохы акæнын. Нырма уал фæуæлахиз Ханты-Манссискы автономон зылды минæвар Дарья Шумскихыл, дарддæр рамбылдта Ростовы областы командæйы уæнг Изабелла Малкинайы. Æрдæгфиналы йæ ныхмæлæууæг уыд Челябинскы областы спортсменкæ Валерия Абрамова. Ирон спортсменкæ уымæй дæр уыд тыхджындæр æмæ ахызт финалмæ. Сæйраг тохы Аланæйæн бантыст Тюмены областы минæвар Полина Горецкаяйы рамбулын æмæ ссис сыгъзæрин майданы хицау.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.