Ног 2019 азы Цъинагары цæрджытыл æрцæудзæнис æхсызгон хабар – Громæй – Цъинагармæ арæзт æрцæудзæнис, хъæумæ цы сæйраг фæндаг цæуы, уый. Ацы фæндаг цалцæгкæнинаг кæй уыд æмæ уый аххосæй зындзинæдтæ кæй æвзарынц, уый тыххæй бирæ хæттыты хъаст кодтой Цъинагары цæрджытæ. Ныр æрбалæугæ Ног азы сæххæст уыдзæн се стыр бæллиц æмæ цæрджытæ райгондæй æнхъæлмæ кæсынц ацы стыр цаумæ.

Гром-Цъинагары фæндагарæзтадæн йæ дæргъ у 14, 6 километры бæрц. Уый арæзт æрцæудзæн 2019 азы кæронмæ. Арæзт та цæуы 2018-2019 азтæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты. Арæзтады министрады куыд банысан кодтой, афтæмæй йæ арæзтадæн рахицæн æрцæудзæн 255 милуан сомы. Фæндаг арæзтадон куыстытæ та сæххæст кæндзæнис РХИ-йы Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитет.

«Ныридæгæн проектон-сметæйон документаци сты цæттæ æмæ куыддæр боныгъæдтæ амоной, афтæ æрывналдзысты арæзтадон куыстытæм», – загъта нын РХИ-йы Арæзтады министры хæстæ æххæстгæнæгы хæдивæг Гаглойты Сергей.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.