РЦИ-Аланийы Национ музейы фæстиу-джытæ сарæзтой 2018 азы хуыздæр журналистон куысты тыххæй РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æрвылазон преми райсыны фæдыл конкурсæн.

Конкурс уагъд цæуы дзыллон информацийы фæрæзтæ рæзын кæнын, публикациты актуалондзинад æмæ гъæд фæбæрзонддæр кæнын, журналистты активондзинад æмæ профессионализм разæнгард кæныны тыххæй. Ацы аз конкурсон къамисмæ уынаффæ кæнынмæ хаст æрцыдысты 140 куыстæй фылдæр.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав премийы лауреаттæн радта дипломтæ, уæлахиздзауты фирмæйон статуэткæтæ æмæ æхцайы премитæ. Номинаци «Тема года в России»-йы лауреат Губурты Залинæ» (газет «Северная Осетия»), Калагова Надежда (ПТРК «Алани»), Джигкайты Алинæ (интернет-портал «Screen-ad»); номинаци «Честь и слава» – Дударты Луизæ (газет «Жизнь Правобережья), Бутаты Эльзæ (газет «Рæстдзинад»), Абайты Ольгæ (НТК «Осетия-Ирыстон»), Черчесты Заринæ (ПТРК «Алани»), Коцты Альбинæ (информацион портал «15-й регион); номинаци «Единение» – Плиты Фатимæ (РХИ-йы газет «Республикæ»); номинаци «Проба пера» – Джиоты Дианæ (газет «Слово»).

Битарты Вячеслав бузныджы ныхæстæ загъта конкурсы хайадисджытæн, йæ цæст сын бауарзта сфæлдыстадон уæлтæмæнад æмæ позитивон информацитæ.

«Махæн ис имуæйаг нысан  не ‘мбæстæгты фæрныгад», – банысан кодта республикæйы сæргълæууæг.

РЦИ-Аланийы Дзыллон коммуникациты æмæ мыхуыры хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Фидараты Юри æрæмбырдуæв-джытæн раарфæ кодта Уæрæсейаг мыхуыры боны цытæн æмæ бузныджы ныхæстæ загъта конкурсон къамисы уæнгтæн сæ бакæнгæ куысты тыххæй.

Мадзалы фæлгæтты ма медиафадыджы уæлдай хуыздæр кусджытæн лæвæрд æрцыдысты РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы арфæйы фыстæджытæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.