Фæстаг азты хуссарирыстойнаг цæрджыты цардуагон уавæртæ бæрæг фæхуыздæр сты æмæ дарддæр дæр кæнынц хуыздæрæй хуыздæр. Кæд нырма бирæ саразинаг ис, уæддæр 2008 азы августы хæстæй фæстæмæ бирæ бантыст саразын куыд не ‘взонг республикæйы сæйраг горæты, афтæ районты дæр, уыцы нымæцы дæрддаг Ленингоры районы дæр. Дæргъвæтин рæстæджы дæргъы Цъинагары хъæуы культурæйы хæдзар уыд æдзæллаг уавæры, æгæрыстæмæй, дзы къæвда бонты тæдзгæ дæр кодта, нæ дзы фаг кодтой бандæттæ дæр, фæлæ ныр уыцы проблемæтæ скъуыддзаг æрцыдысты æмæ культурон уагдон цæхгæр йæ хуыз фæивта хуыздæрырдæм. Ацы бæстыхайы ма сты бынæттон хъæууон администраци, посты, милицийы, пенсион хайадтæ. Бæстыхайæн ивд æрцыд йе ‘мбæрзт.

Культурæйы хæдзар цалцæг кæнынмæ æрæвнæлдтой июны мæйы. Йæ цар ын раивтой, йæ къултæ йын ногæй байсæрстой, скалдтой йын йæ зæронд астæрд æмæ уый дæр ногæй сарæзтой. Бандæттæ та æрластой Краснодарæй. Уый размæ азты ивд æрцыдысты йæ рудзгуытæ. Сценæйыл конд æрцыдысты алыгъуызон рухсытæ. Зал афтæ тынг фæивта йæ хуыз, афтæ тынг срæсугъд æмæ йын адæймаг æхцондзинад исы йæ уындæй. Ног сцалцæггонд залæн цыма йæ фæзуат дæр фестырдæр, афтæ зыны. Цъинагары хъæуы Культурæйы хæдзар æдзæллаг уавæры кæй уыд, уыцы проблемæимæ хорз зонгæ уыд Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæг Хацырты Филипп æмæ бацархайдта бæстыхайы капиталон цалцæг скæныныл.Æппæт ацы куыстытæ сæххæст кодта Ленингоры районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад (йæ хистæр Бестауты Иван).

Культурæйы хæдзар официалон æгъдауæй байгом сентябры мæйы. Уæд цытджын мадзалмæ фæуазæг РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли дæр. Уыцы боны ам æвдыст æрцыд концерт горæт Цхинвалы ансамблтæй сæ иуы хайадистæй.

Цъинагары хъæуы цы бирæфатерон хæдзар ис, уый дæр уыд æвзæр уавæры, йе ‘мбæрзт базæ-ронд æмæ цæрджытæ æвзæрстой зындзинæдтæ. Хацырты Филипп æй куы федта афтæмæй, уæд йæ бахæсмæ гæсгæ кусджытæ æрæв-нæлдтой хæдзары æмбæрзт раивынмæ.

Цъинагары хъæуы фæсивæдæн сæ бæллиц уыд спортзал саразын æмæ æввахс рæстæджыты сæ бæллиц сæххæст уыдзæн. Ныридæгæн æрæвнæлдтой спортзалы арæзтадмæ дæр. Кусджытæн уал бантыст бындур ныккалын, райдыдтой къултæ амайын. Æппæт куыстытæ дæр æххæст кодтой хъæуы цæрджытæ æмæ уый дæр у рап-пæлинаг хъуыддаг. Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ зымæг нæ къæсæрыл кæй ис, уый хынцгæйæ районы администрацийы къухдариуæгад бацархайдта Цъинагары астæуккаг скъола, сабидоны, культурæйы хæдзары æмæ æндæр уагдæт-ты рæстæгыл сугæй сифтонг кæныныл. Уырны нæ, дарддæр дæр цæр-джыты проблемæтæ æвæрццагæй скъуыддзаг кæй цæудзысты, уый.

УАЛЫТЫ Зоя,

Цъинагары хъæу

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.