25-æм октябры нæ республикæмæ дыууæбонон кусæгон балцы æрцыд, Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы министр Лев Кузнецов. Йемæ ма уыдысты цалдæр æмбæлццоны.

Йе ‘рцыды нысан уыд 2015-17 азтæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты цы цардуагон объекттæ арæзт цæуы, уыдон темптæ æмæ гъæд бабæрæг кæнын.

Уæрæсейæ æрцæуæг уазджытимæ иумæ арæзтцæуæг объекттыл æрзылдысты РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард, профилон министрадтæ æмæ ведомствæты къухдариуæггæнджытæ, арæзтадон организациты минæвæрттæ.

Уазджытæ, Хицауады Сæрдар æмæ се ‘мбæлццæттæ райдианы бацыдысты республикон соматикон рынчындоны территорийыл цы хирургион хайад арæзт цæуы, уырдæм.

Уæрæсейаг министр арæзтады уавæр лæмбынæг сахуыр кæнгæйæ, къорд фарстытæ радта, ам арæзтадон куыстытæ хæсгонд кæмæн æрцыдысты, уыцы къухдариуæггæнджытæм. Куыд зонæм, афтæмæй ацы объект хауы 2016 азæй 2017 азмæ чи хизы, уыцы арæзтæдтæм, фæлæ Лев Кузнецов куыд загъта, афтæмæй: «Ацы аз арæзтцæуæг объекттæн цы фæрæзтæ хицæн цæуынц, уыдон хъуамæ нысанмæздæхтæй хардз æрцæуой æххæст гуырахстæй. Аразын та алцыдæр хъæуы гъæдджынæй æмæ уыцы иу рæстæджы хынцын хъæуы куыстыты график дæр».

Дарддæр уазджытæ æмæ фысымтæ бабæрæг кодтой сывæллæтты реабилитацион рынчындоны корпус. Ацы объект эксплуатацимæ хъуамæ лæвæрд æрцыдаид ацы аз декабры мæйы кæрон. Фæлæ, Арæзтады министр æмæ объекты куыстытæ æххæстгæнæг подрядон организаци ООО «СМТ-Юг»-ы сæйраг инженер Таймураз Контеев куыд загъта, афтæмæй: «Ныридæгæн сывæллæтты профилон рынчындоны æндидзынгæнæн куыстытæ фæуд сты. Ныртæккæ рынчындон ифтонг цæуы æнæмæнгхъæуæг ифтонггæрзтæй, æрластам уал рентгены аппаратурæтæ. Объекты иуæй-иу æндидзынгæнæн куыстытæ чысыл фæстæ аззадысты. Уыцы нымæцы, уынг схæрзарæзт кæнын дæр. Фæлæ, уымæ нæ кæсгæйæ, объект уæддæр лæвæрд æрцæудзæн ноябры мæйы 20-æм бонмæ».

Лев Кузнецов, иумæйагæй сисгæйæ, райгондæй баззад сывæллæтты реабилитацион корпусы арæзтадæй æмæ загъта: «Мах хъуамæ лæмбынæг анализ аразæм, объектты цы ситуаци ис, уымæн. Цæмæй, куыд гæнæн ис, афтæ эффективондæрæй скъуыддзаг кæнæм ацы фарстытæ. Хорз уаид, уæ ныхасы хицæуттæ куы разыниккат æмæ æцæгæй дæр объект эксплуатацимæ куы радтиккат æмгъуыдмæ. Уæд уый Хуссар Ирыстоны цæрæг адæмæн уаид стыр лæвар Ног азмæ».

Дарддæр Уæрæсейаг министр йæ фæндаг акодта паддзахадон университеты комплексы арæзтадмæ. Ам куыстытæ сты сæ тæмæны æмæ æххæст цæуынц цыппар корпусы дæр.

Абоны онг ам арæзтадон куыстытæ бакодтой 153 милуан сомы аргъ. Ног, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтдзæн, ахæм университетон корпус цæстыты раз рæзы тагъд темптæй, графикы нысангонд æмгъуыдтæй тагъддæр. Куы сырæза æмæ эксплуатацимæ лæвæрд куы æрцæуа, уæд ам иурæстæджы сæ бон ахуыр кæнын уыдзæн 700 студентæн. Уымæй дарддæр ма дзы уыдзæн культурон хиирхæфсæн корпус, спортивон зал, хæрæндон, библиотекæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, хæрзарæзт æрцæу-дзæн йæ алыварс территори дæр. Уыдзæн дзы фонтан, сæвæрдзысты дзы бандæттæ. Ам ма цы æртæуæладзыгон бæстыхай ис, уый дæр фæивдзæн йæ хуыз, куыд æддейæ, афтæ мидæгæй дæр æмæ суыдзæн уæлдæр ахуырады агъоммæ цæттæгæнæн центр. Уым дæр цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ. Ивынц дзы электрохæххытæ. Æппæт ацы куыстытæ кæны ООО «Мегаполис Т», йæ къухдариуæггæнæг та у Джуссойты Константин. Уый уазджытæн загъта: «Ацы объект у республикæйы территорийыл арæзтцæуæг ахсджиагдæр объекттæй сæ иу. Уый æрмæст нырыккон комплекс нæ уыдзæн, фæлæ ма суыдзæн бæрзонд-квалификациджын специалисттæ цæттæ кæныны хъуыддаджы æппæт домæнтæн дæр дзуапп чи дæтдзæн, ахæм ахуыргæнæндон. Куыд зонæм, афтæмæй объект арæзт цæуы 2015-2017 азтæн Инвестицион программæйы фæлгæтты æмæ эксплуатацимæ лæвæрд   хъуамæ æрцæуа 2017 азы фæззæджы кæрон. Ацы аз ам аразджытæ хъуамæ бакæной 266 милуан 700 мин сомы аргъ куыстытæ. Фидæнмæ та 349 милуан 300 мин сомы аргъ. Ныртæккæ ацы арæзтады кусы 150 адæймаджы бæрц. Ифтонг стæм техникæ æмæ арæзтадон æрмæджытæй», – дзырдта арæзтады къухдариуæггæнæг уазджытæн.

Лев Кузнецов райгондæй баззад университеты корпусы арæзтады темптæй. Университеты ректор Тедеты Вадимæн бахæс кодта, цæмæй йæ хъус лæмбынæг дара арæзтадмæ, куыстыты рæстæджы цы къуылымпытæ æруадзынц, уыдонмæ. Цæмæй йæ фадæттæй спайда кæна æмæ абон срастгæнæн цæмæн ис, уыдон ма аргъæвой соммæ.

Уазджытæ, дарддæр сæ фæндаг акодтой, дзулфыцæн комбинаты территорийыл цы ног арæзтад цæуы, уымæ. Ам дæр арæзтадон куыстытæй дæр барухс уæрæсейаг министры зæрдæ.

Арæзтадон куыстытæ куыд цæуынц, æмæ цавæр æрмадзтæ арæзт æрцыд Бирæпрофилон колледжы, уый бабæрæггæнгæйæ Лев Кузнецов равдыста йе ‘нæразыдзинад. Арæзтадон организаци ООО «Алфазар»-ы директор Хъотайты Рутен æмæ колледжы директор Хаситы Александрæн хæс радта, цæмæй тагъд рæстæджы аиуварс кæной къуыхцытæ. «Ам цы ахуыргæнинæгтæ ахуыр кæны, уыдонæн хъуамæ уа комфортон уавæртæ. Колледжы ахуыргæнгæйæ  хъуамæ хатой æдасдзинад, сæхæдæг аразджытæ уæвгæйæ, цы æрмадзты архайынц, уым ма хъуамæ уа мурдæр деффектæ. Иннæ хатт уæ республикæмæ кусæгон балцы æрцæугæйæ, æнæмæнг бабæрæг кæндзынæн ацы ахуыргæнæндоны. Курæг уæ дæн, цæмæй уæдмæ фæхуыздæр кæнат æмæ аиуварс кæнат уæ къуыхцытæ», – дзырдта уайдзæфгæнгæ Лев Кузнецов.

Уый фæстæ та уазджытæ араст сты Октябры уынджы №137 æмæ 139-æм бирæуæ-ладзыгон хæдзæртты арæзтадмæ. Ам цæуы мидæггагон сæрдæн куыстытæ. Дыууæ корпусы дæр эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзысты ацы аз, декабры мæйы.

Хъайтарты уынджы кæрон цы ногарæзт цæрæнуатон комплекс арæзт цæуы, уый фенгæйæ Лев Кузнецов равдыста карз ахаст. Фыццаджыдæр, куысты темптæ графикæй бирæ хатт фæстæдæр кæй зайынц, уый тыххæй, стæй куыстуаты цъус кусджытæ кæй архайы, уымæй дæр. «Ацы арæзтадон организацийы аванс æрцæудзæн æхгæд. Финансон фæрæзтæ æрмæстдæр ист цæудзысты иу кæнæ иннæ куысты фæуыды фæстæ. Ныр та уал архайдзысты æрмæстдæр сæхи фæрæзтæй. Дæнцæгæн уын хæссын университеты комплексы арæзтад. Уым, адæмы куыстæн ис фæстиуæг. Сымах та, æнцонтæй аскъуыддзаггæнæн цы хъуыддагæн ис, уый дæр соммæ æргъæвут. Уæ зæрдыл уын лæу-уын кæнын: ацы фатерты арæзтадмæ цалдæр сæдæ бинонтæ кæй æнхъæлмæ кæсынц» – дзырдта карзæй Лев Кузнецов.

Бабæрæггонд æрцыдысты Ногдзауты парчы арæзтадон куыстытæ дæр. Ам, парчы æвæрд цæуынц тротуарон плиткæ æвæрыны куыстытæ. Ам ма цалцæг æрцæудзæнис дыууæ фонтан æмæ дзы сæвæрдзысты ног бандæттæ, сабиты фæзуæттæн атракционтæ дæр.

Уый фæстæ та Уæрæсейы Федерацийы министр бацыд, нæ республикæйы адæм стыр æхсызгонæй цы драмон театры арæзтадмæ æнхъæлмæ кæсынц, уырдæм. Уый федта,  Паддзахадон драмтеатры бæстыхайы арæзтад æмæ йæ алыварс хæрзарæзтад куыд цæуы, уый. Æркаст ма фонтаны арæзтадмæ дæр. Подрядгæнджытæ куыд загътой, афтæмæй фонтаны арæзтады цæуынц монолитон куыстытæ, ноябры фæуды йæ сфæлтæрыны фадат уыдзæн кусæгон режимы.

Лев Кузнецов ма бабæрæг кодта Харебаты Исахъы уынджы цы хъæууонхæдзарадон базары ног агъуыст сырæзт, уый дæр. Уазджытыл фембæлд, арæзтадон куыстытæ дзы цы арæзтадон организаци æххæст кодта, уыцы фирмæйы генподрядон организацийы директор Беппиты Инал. Уый сæ базонгæ кодта базары равæрдимæ: «Базар дих уыдзæн дыууæ зонæйыл  æхгæд базарадон павильон æмæ гом базаргæнæн фæзуат. Æхгæд павильон уыдзæн иууæладзыгон бæстыхай, кæцыйы уыдзысты базаргæнæн зал, афтæ ма дзидза æмæ кæсагуæйгæнæн хайадтæ. Ныккæнды та базаргæнджытæ æфснайдзысты сæ товартæ. Гом базаргæнæн фæзуаты та æвæрд æрцыд тæрхæгтæ, чи не згæ кæны, ахæм зестæй».

Уазджытæ æмæ йе ‘мбæлццæтты зæрдæмæ фæцыд æхгæд павильон æмæ гом базаргæнæн фæзуаты ‘хсæн цы уæрæх фæндаг ис æлхæнджытæн, уый дæр. «Æхсызгон мын у, базаргæнджытæ сæ уæййæгтæ кæй уæй кæндзысты хъарм æмæ сыгъдæг бынæтты. Стæй базары хинайæнтæ кæй ис, уый дæр» – дзырдта цытджын уазæг.

 

ФЕМБÆЛД РХИ-ЙЫ ПРЕЗИДЕНТИМÆ

Объекттыл æрзилыны фæстæ Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы министр фембæлд нæ бæстæйы сæргълæууæгимæ.

Тыбылты Леонид стыр бузныг загъта уæрæсейаг министрæн, ахæм лæмбынæг хъусдард ын кæй ис Хуссар Ирыстонмæ. «Арæзтцæуæг объекттæм уе стыр хъусдард ахадгæ у Ирыстоны. Сымах уæ лæмбынæг хъусдарды фæрцы рафæлгъаут арæзтадон объектты цы згъуыдтæ вæййы, уыдон. Сымах æххуыс æнкъаргæйæ, цадæггай скъуыддзаг цæ-уынц нæ республикæйы проблемæтæ. Кæд æмæ иу кæнæ иннæ арæзтадон компанийы аххосæй къуылымпы цæуа арæзтад, уæд ахæмтæ та цæудзысты карзæй æфхæрд».

Президент Лев Кузнецовæн радзырдта, цалдæр сахаты размæ кæй бабæрæг кодта Синагур-Карзманы фæндаг, кæцы арæзт цæуы Инвестпрограммæйы фæлгæтты. «Ам позитивон динамикæмæ гæсгæ сырæзт фæндаг, æмæ дзы зæрдæ рухс кæны. 15-æм ноябры ацы фæндаг официалонæй лæвæрд æрцæудзæн эксплуатацимæ. Нæ горæты уынгты арæз-тадæй дæр рухс кæны зæрдæ æмæ æппæт уыцы æнтыстытæ нæ къухы æфтынц Уæрæсейы Федерацийы æххуысæй. Инвестицион программæйы фæлгæтты 2016-æм азæй 2017 азмæ цы объекттæ хизынц, уыдоныл дæр цæудзæн æмбæлон контроль», – дзырдта бæстæйы къухдариуæггæнæг Уæрæсейы Федерацийы минæварæн.

Лев Кузнецов дæр æрдзырдта йæ абоны æрцыды тыххæй, цавæр объектты арæзтадæй барухс йæ зæрдæ æмæ йæм кæцы арæзтадон объекттæм ис фарстатæ. Хорзыл банымадта Республикæйы къухдариуæгады хъусдард арæзт – цæуæг объекттæм. Азы кæронмæ Уæ-рæсейы Федерацийы бюджетæй цы æхцайы фæрæзтæ хицæн цæуы, сæрмагондæй арæзтадæн, уыдонæй биноныгæй кæй хъæуы спайда кæнын Ног азмæ, науæд фæстæмæ здæхт æрцæудзысты.

«Стыр æхсызгонæй уын зæгъын, Хуссар Ирыстоны республикæйы æххуысы тыххæй проекты бюджеты æртæ азы æмгъуыдмæ цы параметртæ æвæрд æрцыд, уыдон иннæ хатт къаддæр нæ уыдзысты. Æгас Цæгат Кавказы бæстæтæм абаргæйæ, сымахæн уæ лимит нæ фæкъаддæр уыдзæнис. Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путины ахаст хынцгæйæ, уæ республикæмæ, стæй сæрмагондæй, сымахмæ Леонид Харитоны фырт. Мах иумæ хæсджын стæм, цæмæй уыцы æууæнк ма фесафæм», – загъта Цæгат Кавказы хъуыд-дæгты фæдыл уæрæсейаг министр.

Уый ма банысан кодта: «Драмон театры эксплуатацимæ радтыны æмгъуыд кæй хъæуы фæраздæр кæнын. Ис æппæт уавæртæ дæр, цæмæй объект æмгъуыдмæ лæвæрд æрцæуа, уымæ гæсгæ фылдæр домын хъæуы ацы арæзтадон фирмæйæ».

ХЫГЪДОН РАБАДТ

Дыккаг бон РХИ-йы Хицауады Сæр-дар Хъуылымбегты Доменти æмæ Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл  Уæрæсейы Федерацийы министр Лев Кузнецов ауагътой иумæйаг хыгъдон æмбырд. Хайад ма дзы райстой профилон министрадтæ æмæ ведомствоты сæргълæуджытæ, арæзтадон организациты сæргълæуджытæ, кæцытæ дзуаппдæттæг сты Инвестпрограммæйæн. Ацы рабадты ма дзырдæуыд экономикæйы реалон секторы райрæзты тыххæй дæр.

Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти куыд загъта, афтæмæй «Арæзтцæуæг объекттæ кусынц графикмæ гæсгæ. Къуылымпыдзинæдтæ ис кæмдæрты, фæлæ уымæ нæкæсгæйæ ныфс ис, уыдон афоныл кæй фæуыдзысты арæзт».

Лев Кузнецов куыд загъта, афтæмæй «Азы кæронмæ бирæ рæстæг нал баззад. Æрæджы уыд Хицауады скондæй арæзт къамисы рабадт, цыран лæмбынæг дзырдæуыд, финансон ресурстæй рæстæгыл чи не спайда кодта, уыдонæн ист кæй æрцæудзысты æмæ лæвæрд кæй цæудзысты, эффективонæй сæ чи пайда кæны, уыдонæн».

Уый ма бахатыд, объекттыл цы фирмæтæ кусы, уыдоны къухдариуæггæнджытæм дæр, цæмæй кæной гъæдджын куыст, аразой, ныры домæнтæн дзуапп чи дæтта, ахæм уагдæттæ. Сæ зæрдыл сын æрлæууын кодта, декабры мæйы кæй уыдзæн Инвестпрограммæйы тыххæй радон рабадт, цыран бæстонæй аргъ æрцæудзæнис 2016 азы арæзт æрцæуæг объекттæн.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.