Нæ горæты цæрджытæй сæ цæрæнуатон проблемæ фæхуыздæркæнинаг кæмæн сты, уыдонæй бирæтæн скъуыддзаг æрцæудзысты раздæры автотранспорты территорийыл арæзтцæуæг нырыккон цæрæн комплекс эксплуатацимæ ратгæйæ. Ацы объект арæзт цæуы 2015-2017 азтæн Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныны фæлгæтты. Комплексы ис 13 фондзуæладзыгон иусекцион хæдзары, кæцытæ иу сты кæрæдзимæ æрдæгзиллаччы хуызы. Æнæуый та хæдзæрттæ дих сты дыууæ хайыл. Фыццаг хай у 8 бахизæнимæ, дыккаг та – 5 бахизæнимæ.  Æдæппæт дзы уыдзæнис 200 фатеры. Уыдон уыдзысты фæхуыздæргонд планировкæимæ – иу, дыууæ, æртæ æмæ цыппархатæнонтæ.  Уыдзæн дзы 80 иухатæнон, 60 – дыууæхатæнон, 55 – æртæхатæнон æмæ 5 – цыппархатæнон фатеры. Сæ квадратурæ уыдзæн, ныртæккæ нæ горæты цы бирæуæладзыгон фатертæ ис, уыдонæй бирæ стырдæр. Йæ кæрты уыдзысты сывæллæтты хъазæн фæзуат, фæхсбандæттæ, балæууæн бынæттæ, æхсæвыгон дзы судздзысты электроны цырæгътæ. Йæ территорийыл æвæрд æрцæудзæн тротуарон плиткæ.

Хæдзæртты иумæйаг фæзуат уыдзæн 3369 квадратон метры, фатерты иумиаг фæзуат та – 1090 квадратон метры.  Аразгæ та йæ кæны уæрæсейаг арæзтадон компани арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «СоюзСтройПроект». Арæзтады сметæйы иумæйаг аргъ у 52 милуан сомы. Уыдонæй 486 милуан сомы хицæн æрцыдысты арæзтадон- монтажгæнæн куыстытæн, 6 милуан сомы та – ифтонггæрзтæн.

Ныртæккæ объектты кусджытæ æххæст кæнынц æндæр æмæ æндæр куыстытæ. Мидæгæй сæрдынц къултæ, верандæты æвæрынц плиткæтæ. Объекты кусынц æдæппæт 30 адæймаджы. Фылдæр сты, фæлæ дзулфыцæн комбинаты арæзтадыл кæй тындзынц, уымæ гæсгæ уал кусджыты иу хай акодтой уырдæм. Дзулфыцæн комбинат арæзт куы фæуа, уæд æппæт кусæгдых дæр ракæндзысты ацы объекттæм.

Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæ-дзарады министры хæдивæг Гаглойты Сергей куыд зæгъы, афтæмæй финанскæнынады къуылымпыдзинæдтæ нæй. Арæзтады пайда кæнынц æрмæстдæр гъæдджын æмæ сертификацигонд æрмæджытæй.

Арæзтадон комплексы, сæйраджыдæр, кусынц бынæттон адæм.

Объекттæ арæзт фæуыдзысты 2017 азы июны мæйы кæронмæ. эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзысты æмæ горæты администрацийы цалдæр дæсгай азты фатерты номхыгъды рады чи лæууыд, уыдон бауыдзысты фатерты хицæуттæ.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.