«2018-19 азты Хуссар Ирыстоны социалон экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæмæ гæсгæ арæзт æрцæудзæнис Хуыбылты Валерийы номыл централон парк», – загътой нын Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрады.

Уыдон ма куыд зæгъынц, афтæмæй цалцæг æрцæудзысты Æртындæс Ком-мунары уынгæй Мæскуыйы уынджы онг донбылгæрæттæ дæр.

Фæзындзысты Хиирхæфсæн аттракционтæ, ногæй сараздзысты цад, стæй ма дзы ныссадздзысты бæлæстæ дæр. Паркæн йæ иумиаг фæзуат у 20 мин квадратон метры.

«Парчы проект цæттæ кæны цæгатирыстойнаг проектон институт «Проектная контора Севосетиавтодор». Уыдон ныр цалдæр азы дæргъы æмгуыст кæнынц нæ республикæимæ», – зæгъынц министрады пресс-службæйы.

Сæ ныхæстæм гæсгæ Инвестпрограммæмæ цы ног мадзæлттæ хаст æрцыдысты, уыдонæй дарддæр ма дзы ис, 2017 азæй ацы азмæ чи рахызт, ахæмтæ дæр. Уæрæсейы фæрæзтæй арæзт цы ахсджиаг абъекттæ хъуамæ æрцæуа арæзт, уыдонæй иу у уазæгдон «Ирыстон». Ацы уазæгдоны арæзтад йæхимæ райста Цæгат Ирыстон-Аланийы æмбæстаг Берденты Вадим. Ног уазæгдон арæзт цæуы йæ раздæры бынаты æмæ дзуапп дæтдзæн нырыккон домæнтæн, ома, уыдзæн цыппарстъалыйон отель. «Зæронд уазæгдон «Ирыстон» нырыккон домæнтæн дзуапп нæ лæвæрдта, уазæгдон «Алани»-йы дæр нæй хæрзвадат уавæртæ. Уымæ гæсгæ республикæмæ уазджытæ куы æрцæуы, уæд сæ бахъæуы алы рæтты æрбынат кæнын. Хатт уазджыты æрцæрын кæнынц не ‘мбæстæгты хисæрмагонд хæдзæртты», – зæгъынц Арæзтад æмæ архитектурæйы министрады пресс-службæйы.

Уазæгдон арæзт æрцæудзæн иууыл хуыздæр арæзтадон æрмæджытæй. Берденты Вадим у зынгæ амалиуæггæнæг, уазæгдæтты арæзтады хаххыл æм ис стыр фæлтæрддзинад. Уый Цæгат Ирыстоны сарæзта æртæ уазæгдон æмæ ныртæккæ та архайы цыппæрæмы арæзтадыл.

Уазæгдон «Ирыстон»-æн архитектурон нысаниуæг кæй уыд, уый тыххæй бирæты нæ фæндыд, цæмæй йæ бынтон ныппырх кæной. Фæлæ Берденты Вадим ныфс куыд æвæры, афтæмæй уазæгдонæн хъахъхъæд æрцæудзæнис йе ‘ддаг бакаст æмæ йæ архитектурон хæдхуыздзинад.

Арæзтад æмæ архитектурæйы министрады куыд зæгъынц, афтæмæй ног уазæгдон куы сырæза, уæд 25 азы æмгъуыдмæ лæвæрд æрцæудзæнис арендæйы инвестормæ. Паддзахад уæдмæ исдзæн æфтиæгты 15 проценты. Инвестор куыд зæгъы, афтæмæй уазæгдон цæттæ уыдзæн 2019 азмæ.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.