Куыд æрвылхатт, афтæ та ныр дæр бæрæгбонон мадзæлтты фæстæ нæ фæлæууыдысты РХИ-йы Культурæйы министрады цур Адæмон сфæлдыстады центры кусджытæ сæ директор Гуыцмæзты Елизаветæйы сæргълæудæй. 20-æм сентябры, Республикæ расидыны боны, Ногдзауты парчы сарæзтой æцæг бæрæгбон, хъуыстысты æхцондзинад хæссæг ирон музыкæйы зæлтæ æмæ сывæллæтты хъæлдзæг хъæлæба.

Ацы нысаниуæгджын боны цытæн Ногдзауты парчы сорганизаци кодтой Хуссар Ирыстоны адæмон нывкæнынады æмæ декоративон-прикладон аивады, адæмон æрмгуысты дæсныты 5-æм равдыст-армукъæ «Возрождение», зæгъгæ. Уырдæм æрбацыд Культурæйы министры хæдивæг Дзеранты Джульеттæ министрады æндæр минæвæрттимæ. Ацы аз равдыст-армукъæйы сæ куыстытæ равæрдтой бирæ фылдæр хайадисджытæ, ома, 64 адæймаджы. Тæрхджытыл æвæрд  алыгъуызон цымыдисон куыстытæн сæ цуры конд уыдысты табличкæтæ куыстыты нæмттимæ, авторы ном æмæ мыккагимæ. Алкæцы стенды цур дæр лæууыдысты куыстыты автортæ сæхæдæг æмæ дзуаппытæ лæвæрдтой равдыстмæ æрбацæуджыты фарстытæн.

Равдыст-армукъæйы хайад райстой æрмæст горæты цæрджытæ нæ, фæлæ республикæйы æппæт районты дæснытæ-арæхстджынтæ дæр. РХИ-йы паддзахадон историон бæстæзонæн музей (Ленингоры поселок йæ директор Чертхъоты Залинæ) Ленингоры районы, уыцы нымæцы Сывæллæтты хæдзары минæвæрттæ ам раввæрдтой сæ куыстытæ. Дзауы районæй дзы хайад райстой поселок, Хуыцъе,  Хъемультайы æрмдæcнытæ. Цхинвалы районæй Джер, Дменис, Хелцуа, Тбъет, Дампъалет, Къостайыхъæуы æмæ районы администрацийы культурæйы хайады минæвæрттæ. Знауыры районы Сывæллæтты сфæлдыстады хæдзары хъомылгæнинæгтæ,  горæт Цхинвалæй – 11 хайадисæджы, Æвзонг техникты станц, Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны минæвæрттæ æмæ индивидуалон хайадисджытæ. Адæмон æрмгуысты дæснытæ сарæзтой декоративон-прикладон сфæлдыстады уацмыстæ, сæ цæстæнгасæй рæстæджы æмæ дунейы рæсугъддзинад бахъахъхъæнгæйæ.

Сæ уацмысты равдыстой  адæмон уагæвæрд, алкæцы дæсныйы национ æмæ индивидуалон æууæлтæ. Иууылдæр сæ арæхстджын къухтæй арæзт. Хи къухтæй саразгæ куыстытæ та сты æнæсфæлхаттгæнгæ, алы дæсны дæр йæ куысты бавæры йæ уд, йе ’нкъарæнтæ, йæ бæллицтæ æмæ фантази.

Равдыст-армукъæйы нысæнттæ æмæ хæстæ сты: адæмон æрмгуыстад сæндидзын æмæ рæзын кæнын; дæснытæ-арæхстджын къухты хицæутты сбæрæг кæнын; адæмон сфæлдыстады дæснытæн æххуыс кæнын; адæмон æрмгуысты дæсныты дзаумæттæ реализаци кæнын; адæмон сфæлдыстадмæ цымыдисдзинад рæзын кæнын; бæрæгбонон атмосферæ саразын.

Центры директор Гуыцмæзты Елизаветæ зæрдæбын арфæтæ ракодта республикæйы цæрджытæн ацы диссаджы рæсугъд бæрæгбоны цытæн. Уый фæстæ равдысты хайадисджыты схорзæхджын кодта грамотæтæ æмæ дипломтæй. Сæрмагондæй мæ банысан кæнын фæнды уый дæр, æмæ та радон хатт равдыст-армукъæйы хайад кæй райстой Цхинвалы скъола-интернаты минæвæрттæ, уыцы нымæцы коррекцион къласы ахуыргæнинæгтæ дæр. Уыдон адæмы рæгъмæ рахастой тынг аив куыстытæ. Сæ къухдариуæггæнæг Остъаты Заирæ куыд банысан кодта, афтæмæй сæ хъомылгæнинæгтæ, уыцы нымæцы арæнгонд фадæттимæ сывæллæттæ дæр тынг бацархайдтой, цæмæй сæ куыстытæ рауадаиккой рæсугъд æмæ адæмы зæрдæмæ фæцыдаиккой. Æмæ сын æнтысгæ дæр бакодта – уыцы бон равдыст-армукъæйы хайадисджытæй бирæтæ ауæй кодтой сæ куыстытæй.

Армукъæйы иууыл зынаргъдæр уыд Дзауы районы Уыгæрдæнты хъæуккаг æрмдæсны Цхуырбаты Алыксандры куыст. Уый равдыстмæ æрласта  каштанæй арæзт стъол. Уымæн йæ аргъ уыд 100 мин сомы. Тынг аив æмæ рæсугъд уыдысты биссерæй Остъаты Людмилæйы конд сылгоймаджы чысыл хызынтæ. Аив куыстытæ равæрдта æрмдæсны сылгоймаг Коцты Дженни. Адæмы зæрдæмæ уæлдай тынгдæр фæцыдысты Æвзонг техникты станцы минæвæрттæ Къалаты Нариман, Цхуырбаты Ролланы, Джеры хъæукаг Гуыцмæзты Альфезæйы, Æлборты Татьянæйы, Цхинвалы районы администрацийы культурæйы хайады централон библиотекæйы директор Уалыты Нанулийы æмæ æндæрты куыстытæ.

Равдыстмæ æрбацыдысты Президент Гаглойты Алан, РЦИ-Аланийы Парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз æмæ æндæр бæрнон адæймæгтæ æмæ базонгæ сты æрмдæсныты куыстытимæ, сæ автортимæ.

Фарн æмæ бæркады Равдыст-армукъæ – Республикæ расидыны боны цытæн

Уый фæстæ мадзалмæ æрбамбырдуæвджытæм æнхъæлмæ кастысты ирон адæмон хъæзтытæ. «Нæ фыдæлтæ уыдысты æхсарджын хæстонтæ, хъæбатырæй хъахъхъæдтой сæ райгуырæн бæстæ, фæлæ ма уыцы иурæстæджы зыдтой сæ сæрибар рæстæг хъæлдзæгæй арвитын дæр. Рагæй фæстæмæ сæ сæрибар рæстæг арвитыны популярон хуызтæй иутæ уыдысты адæмон хъæзтытæ. Абон мах хъæзтытæ уадзæм сывæллæттæ æмæ æнахъомтæн. Иу къордмæ дзы бацæудзысты 5 азæй 8 азы онг кæуыл цæуы, уыцы сывæллæттæ æмæ иннæ къордмæ та – 9 азæй 13 азы онг кæуыл цæуы, уыдон. Ныфс нæ ис, нæ мадзал «Ирон адæмон хъæзтытæ» кæй ахъаз кæндзæн нæ адæмы кадджын историмæ цымыдисдзинад сæвзæрын кæнынæн, нæ фыдæлты традицитæ æмæ æгъдæуттæ ахуыр кæнынæн», – дзырдта мадзаламонæг.

Куыд æрвылхатт, афтæ та ныр дæр сывæллæттæ стыр æхцондзинад райстой  адæмон хъæзтытæй. «Лæгты дугъты хъазт»-ы ерыс кæнгæйæ, чи фæуæлахиз, уыдонæн балæвар кодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Сывæллæттæ райгондæй баззадысты сæ лæвæрттæй æмæ суинаг кæстæртæ та æвзонгæй цы фенынц, уый бахъуыды кæнынц цæрæнбонтæм. Æмæ афтæмæй, чизоны, æндидзыд æмæ хъахъхъæд цæуой нæ фыдæлты хорз æгъдæуттæ.

Бузныг зæгъын æмбæлы Адæмон сфæлдыстады центры кусджытæн сæ директор Гуыцмæзты Эльзæйы сæргълæудæй ахæм хъæуæг мадзæлтты  тыххæй.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.