23-æм майы библиотекары бон банысан кодтой Сывæллæтты республикон библиотекæйы. Уырдæм æрбацыдысты горæт Цхинвалы 2-æм астæуккаг скъолайы 3-аг къласы ахуыргæнинæгтæ сæ ахуыргæнæг Кæркуысты Мзияйы сæргълæудæй, Культурæйы министры хæдивæг Дзеранты Джульеттæ, нæ горæты библиотекæты сæргълæуджытæ, сывæллæтты ныййарджытæ æмæ æндæр уазджытæ. Уагдон уыд бæрæгбонвæлыст.

Мадзал байгом кодта библиотекæйы методист Мæргъиты Маринæ. Уый раарфæ кодта æрæмбырдæувджытæн бæрæгбоны цытæн. «Традицимæ гæсгæ æрвылаз дæр ацы бон æрбамырд вæййæм, цæмæй æрдзурæм библиотекæйы æмæ библиотекары профессийы тыххæй. Нæ царды, дунеон культурæйы историйы библиотекæты нысаниуæгæн саргъгæнæн дæр нæй. Уый у æхсæнады интеллектуалон æмæ социалон рæзты æнæфæхицæнгæнгæ хай. Библиотекæты сты уыцы зонындзинæдтæ, кæцыты сæ даргъ историон фæндагыл æрæмбырд кодтой алыгъуызон адæмты фæлтæртæ», – загъта уый.

Уый фæстæ ахуыргæнинæгтæ Цоциты Давид, Пæрæстаты Елизаветæ, Цхуырбаты Алан æмæ бирæ æндæртæ бакастысты библиотекæйыл фыст æмдзæвгæтæ. Уагдоны хатæны къулыл конд сты сæ активондæр чысыл чиныгкæсджыты нывтæ, уыдон ‘хсæн сты уæлдæр ранымад ах-уырдзаутæ дæр. 6-æм къласы ахуырдзау Гæбæраты Георги дæр нымад у активон чиныгкæсæгыл, уымæй дарддæр ма уый йе ‘мкарæнты ‘хсæн ссис 2-æм астæуккаг скъолайы уагъдцæуæг проект «Азы ахуыргæнинаг»-ы уæлахиздзау.

Мæргъиты Маринæ сывæллæттæн радзырдта, библиотекæтæ, кæй фæзындысты аст мин азы размæ! Уæд адæм нæма æрæмысыдысты гæххæтт, фæлæ библиотекæтæ уæвынд кодтой. Фыссæн æрмæг та адæмæн уыд цæрæгойты бакуыстгонд царм, кæцы лæууыд тынг зынаргъ. Фæстæдæр чингуыты æмæ фыстæджытæ фыссæн сæйраг æрмæг ссис гæххæтт. Æрæмысыдысты йæ китайæгтæ 2-æм æнусы», – дзырдта уый.

Æмдзæвгæтæ «Как бы жили мы без книг» бакастысты 5-æм æмæ 2-æм астæуккаг скъолаты ахуырдзаутæ Кокойты Мария æмæ Тедеты Захар.

Библиотекæйы методист куыд загъта, афтæмæй æрвылаз дæр  Сывæллæтты библиотекæйы уагъд æрцæуы акци «Азы чиныгкæсæг», зæгъгæ. Азы дæргъы уагдоны кусджытæ сæ хъус фæдарынц уæлдай активондæр чиныгкæсджытæм æмæ йæ фæстиуджытæм гæсгæ сбæрæг кæнынц активондæр чиныгкæсæджы. «Азы чиныгкæсæджы» ном райста 2-æм скъолайы 3-аг къласы ахуырдзау Пæрæстаты Елизаветæ. Уый библиотекæмæ цæуы скъолайы агъоммæйы кары куы уыд, уæдæй фæстæмæ. Лизæ ма ссис 2-æм скъолайы райдиан кълæсты уагъдцæуæг проект «Азы ахуыргæнинаг»-ы уæлахиздзау дæр.

«Æрвылаз дæр нæ библиотекæмæ æрбацæуы вæййы 2000 чиныгкæсæджы бæрц. Сывæллæтты фæнды æрмæст кæсын нæ, фæлæ хъазын дæр. Уый тыххæй нæм ис сæрмагонд хъазæн хатæн стъолы хъæзтытимæ, удæгас къуым, сывæллæттæн сæ бон вæййы цæрæгойты фенын, бахæрын сын кæнын. Ис нæм сфæлдыстады зонæ дæр, цыран сывæллæттæн сæ бон у ныв кæнын, алыгъуызон дзаумæттæ аразын. 2016 азæй фæстæмæ нæм архайы проект «Я самый умный – я много читаю». Библиотекарь æмæ ахуыргæнæг иумæ фæкусынц. Абон мæ фæнды ра-хицæн кæнын 2-æм скъолайы райдиан кълæсты ахуыргæнæг Кæркуысты Мзияйы. Уый тынг хорз æмбары чиныджы нысаниуæг æмæ тырны йæ хъомылгæнинæгтæн чиныг бауарзын кæнынмæ, стыр куыст кæны ацы здæхты æмæ йын уый тыххæй зæгъæм стыр бузныг. Йæ къласы къулыл ауыгъд ис стенд «Хуыздæр чи-ныгкæсæг», цыран алы ахуырдзауæн дæр ис йæхи конверт, æмæ ног чиныг ба-кæсыны фæстæ сывæллон гæххæтты сыфыл ныффыссы цы чиныг бакæсы, уый фæдыл йе нкъарæнтæ, йæ эмоциты тыххæй. Сыфы нывæры конверты æмæ уый тыххæй райсы баллтæ. Уый фæстæ сын саразынц хатдзæгтæ æмæ афтæмæй сбæрæг кæнынц азы хуыздæр чиныгкæсæджы», – радзырдта Мæргъиты Маринæ.

Сывæллæттæн ауагъта викторинæ дæр æмæ уыдон дæр райзæрдæйæ дзуаппытæ лæвæрдтой.

Æрæмбырдуæвджытæн бузныджы ныхæстæ загъта уагдоны директор Джиоты Аллæ. Уый раарфæ кодта библиотекæты кусджытæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн. Загъта, хæрзæрæджы сын «Россотрудничество»-йы минæварады сæргълæууæг Сергей Скворцов кæй балæвар кодта чингуыты стыр парти æмæ дзы баззадысты райгондæй.

«Æрæджы сорганизаци кодтам поэт Икъаты Владимиры мысæн изæр æмæ дзы, æгæрыстæмæй, уырыссаг сывæллæттæ дæр кастысты ирон æвзагыл æмдзæвгæтæ, кæцы нын уыд уæлдай æхсызгондæр. Нæ куысты нын нæ фаг кæнынц чингуытæ. Сывæллæтты хъæуы иллюстрацигонд чингуытæ. Сæрдыгон улæфтыты нæм ноджы фылдæр сывæллæттæ фæцæуы. Æппæт дæр аразæм сывæллонæн чиныг бауарзын кæныны тыххæй», – загъта уый.

Джиоты Аллæ бахатыд сывæллæттæм, цæмæй фылдæр кæсой чингуытæ æмæ афтæмæй исой зонындзинæдтæ. Библиотекæйы кусджытæ æмæ æрыгон чиныгкæсджытæн раарфæ кодтой Дзеранты Джульеттæ æмæ Æвзæнгты республикон библиотекæйы директор Дриаты Нателæ.

Мæргъиты Маринæ Кады грамотæйæ схорзæхджын кодта Пæрæстаты Лизæйы æмæ йын радта зæрдылдарæн лæвæрттæ. Лæвæрттæ райстой хуыздæр чиныгкæсджытæ дæр. Мадзалы кæрон зарæджы æхцон зæлты бын сывæллæттæн се ‘ппæтæн дæр балæвар кодтой футболкæтæ.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.