1-æм июны Театралон фæзуаты уыд бæрæгбонон мадзал Сывæллæтты хъахъхъæныны æхсæнадæмон боны цытæн. Йæ организатор уыдис Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитет.

Мадзалмæ æрбацыдысты скъолайы агъоммæ æмæ скъолайы кары сывæллæттæ. Афтæ ма æвзонг цардæмбæлттæ сæ сабитимæ. Сывæллæтты ирхæфстой аргъæутты персонажтæ, аниматортæ, мысыдысты сын хъæлдзæг хъазтытæ. Сывæллæттæ сæхæдæг дæр асфальтыл нывтæ кодтой.

Рæзут сыгъдæг арвы бын амондджынæй!

Æрвылаз дæр ацы бæрæгбон уæрæхæй банысан кæнынц Хуссар Ирыстоны. Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны ахуыргæнинæгтæ Ногдзауты парчы  сарæзтой сæ конд нывты равдыст. Ам ма сæ куыстытæ рæгъмæ рахастой æвзонг техникты станцы хъомылгæнинæгтæ дæр. Плиты Рудольф уæй кæнынмæ равæрдта йæ куыстытæ хъæдæрмæгæй конд хæдзарон дзаумæттæ. Ам, Ногдзауты парчы æвдыст цыд аргъау-спектакль дæр «Арвы айдæн», зæгъгæ. Бацæттæ йæ кодтой Сывæллæтты галуаны уæлæмхас ахуырады сабитæ.

Сабитæм раарфæ кæнынмæ ардæм æрбацыд РХИ-йы Президенты цур Сывæллоны  барты фæдыл æвджиддар Джиоты Аэлитæ. «Арфæ уын кæнын сывæллæтты хъахъхъæныны боны цытæн. Алы паддзахад дæр йæ сæйрагдæр хъæздыгдзинадыл нымайы сабиты. Сымах стут нацийы фидæны ныфсытæ, сомбоны цард аразджытæ, царды нысан. Ацы бæрæгбон банысан кæныны аххосаг ма у уыцы-иу рæстæджы æхсæнады зæрдыл æрлæууын кæнын, сывæллæттыл аудын кæй хъæуы. Мах, хистæрты раз сабитæ хъуамæ сæхи æнкъарой хъахъхъæдгондæй, цæмæй тырной сомбоны сæ Райгуырæн бæстæйæн исты пайда æрхæссынмæ», – дзырдта Сывæллоны барты фæдыл æвджиддар.

Рæзут сыгъдæг арвы бын амондджынæй!

Джиоты Аэлитæ ма сывæллæттæн æмæ сæ ныййарджытæн загъта сабыр арвы бын цæрыны фæндиæгтæ. Дарддæр хъуыст сывæллæтты хъæлдзæг хъæлæба. Бон раздæр та омбудсмен бабæрæг кодта сывæллæтты рынчындоны йе ‘нæниздзинад банывыл кæныны охыл дзы цы сабитæ хуыссы, уыдон. Сæрмагонд æфсæддон операцийы хæстонтæй чи фæмард, уыдон сывæллæттæм сæрмагондæй бацыд хæдзæрттæм президентæй лæвæрттимæ. Нæ горæты Донецкæй цы лигъдæттæ ис, уыдон сывæллæттæм дæр фæуазæг адджинæгтæ æмæ аниматортимæ. 1-æм июны цы сабитæ фæзынд а-дунемæ, уыдон ныййарджытæ дæр райстой лæвæрттæ æхцайы фæрæзты хуызы.

Сывæллæтты хъæхъхъæныны боны цытæн мадзæлттæ уагъд æрцыд Къуайса æмæ Цхинвалы районы дæр. Бæрæгбоны цытæн бацæттæ кодтой сæрмагонд программæтæ.

Уазæгты Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.