2020 АЗ РАСИДТ ÆРЦЫД МЫСÆН АЗÆЙ

УФ-йы Президент Владимир Путины Барамындæй 2020 аз Уæрæсейы расидт æрцыд мысæн æмæ кады азæй историон мысынад бахъахъхъæнын æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты 75 азы сæххæсты сæраппонд. Мадзал ауадзыны хæс æвæрд æрцыд организацион комитет «Победа»-йыл.

ХЪÆУЫ НÆ НЫХАС КÆНЫН

Украинæйы президент Владимир Зеленский уæрæсейаг лидер Владимир Путинæн фехъусын кодта йæ фæндоны тыххæй, зæгъгæ, йæ фæнды сæрмагонд фембæлд саразын АИШ, Стырбритани, Герман æмæ Францы сæргълæуджыты хайадистæй. Зеленскийы ны-хæстæм гæсгæ, фембæлд æхсызгонæй райсдзæн Минскы Белорусийы президент Александр Лукашенко. Кремлы фехъусын кодтой, зæгъгæ, лæмбынæг базонгæ уыдзысты Зеленскийы фæндонимæ.

ДОМЫНЦ САНКЦИТÆ БАКÆНЫН

УФ-йы Паддзахадон Думæйы депутаттæ æрсид-тысты бæстæйы хицауадмæ Гуырдзыстоны ныхмæ санкцитæ бакæныны тыххæй æмæ бавдыстой æмбæлон документ. Документы нысан æрцыд Гуырдзыстоны ныхмæ экономикон мадзæлттæ райсыны нысанмæздæхтдзинады тыххæй. Паддзахадон Думæйы бамбарын кодтой, зæгъгæ, Гуырзыстоны сæвзæргæ уавæр дзуры бæстæйы радикалон тыхтæ кæй фидардæр кæнынц, уый тыххæй, кæцытæ ахъаз кæнынц дыууæ бæстæйы ‘хсæн ахастытæ фæкарздæр  кæнынæн.

ÆРЦЫД АИШ-МÆ

Катары эмир Тамим бин Хамад Аль Тани æрцыд Иугонд Штаттæм Дональд Трампимæ баныхæстæ ауа-дзыны тыххæй. Фембæлды сæйрагдæр темæтæй иу у Иран. Катар Персидаг донбакæлæны у иунæг паддзахад, кæцыйæн ис стабилон ахастытæ Иранимæ. Уыцы ахстыты тыххæй йын, æгæрыстæмæй, блокадæ сарæзта Саудоваг Арави. Вашингтонæн Катар гæнæн ис суа æхсæны лæг Иранимæ диалог æрбæстон кæныны тыххæй, кæд Урс хæдзары бафæнда, уæд.

СНОГ КОДТОЙ БАЗАРАДОН БАНЫХÆСТÆ

АИШ æмæ Китай сног кодтой консультацитæ базарадон быцæу æрбæстон кæныны тыххæй. Базарадон баныхæсты америкæйаг минæвæрттæ Роберт Лайтхайзер æмæ финансты министр Стивен Мнучин ацы проблемæйыл æруынаффæ кодтой Китайы паддзахадон со-веты вице-премьер Лю Хэ æмæ коммерцийы министр Чжун Шанимæ. АИШ-ы делегаци æввахс рæстæджы  хъуамæ бабæрæг кæна Пекины баныхæстæ адарддæр кæныны тыххæй. Баныхæстæ сног кæныны тыххæй уынаффæ къухты бафтыд 28-29 июны Осакайы «большая двадцатка»-йы саммиты фæлгæтты Дональд Трамп æмæ Китайы лидер Си Цзиньпины фембæлды рæстæджы. Трамп ныфс бавæрдта китайаг товартыл ног тарифтæ кæй нæ бакæндзæн, уымæй.

ÆРСИДТ ИРАНМÆ

АИШ-ы президент Дональд Трамп фехъусын кодта, зæгъгæ, Ираны хъæуы йæхи бахизын ядерон програм-мæйы фæдыл хъусынгæнинæгтæй. Трампы ныхæстæм гæсгæ, Тегеранмæ никуы уыдзæн ядерон хæцæнгарз. Уый ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, Иран хъуамæ уа арæхстджындæр ядерон программæйы фæдыл бадзырдты къордæй рахизыны тыххæй хъусынгæнинæгты.

   РАВÆРДТОЙ  ÆФСÆДДОН  КОНТИНГЕНТ

Туркы гарзджын тыхтæ Сирийы арæныл равæрдтой йæ масштабтæм гæсгæ æнæпрецедентон æфсæддон контингент. Дзыллон информацийы фæрæзты хъусын-гæнинæгтæм гæсгæ, фæстаг мæйты Сирийы арæнмæ раконд æрцыдысты туркаг æфсады 80 мин салдаты, афтæ ма артиллери æмæ бронетехникæйы стыр нымæц. Куыд хъусынчындæуы, уымæ гæсгæ туркаг æфсæдты къордæй спайда кæндзысты курдты къордты ныхмæ хæстон операцийы, кæцытæ контроль кæнынц Сирийы территорийыл цæугæдон Евфраты хурскæсын хайы.

                           ПРОТЕСТТÆ

Гуырдзыстоны столицæ Тбилисы ныр цалдæр боны уагъд цæуынц протестон акцитæ. Активисттæ домынц бæстæйы мидхъуыддæгты министры отставкæ, афтæ ма телеканал «Рустави2»-йæ та домынц хатыр ракурын УФ-йы Президент Владимир Путины адресыл æнæцензурон ныхæсты тыххæй. Горæты центры протестон акцийы хайадисджытæй дарддæр сты барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ, кæцытæ уромынц æмбæстæгты.

          АСАСТА  СЫЛГОЙМАДЖЫ  КЪУХ

Гуырдзыстоны раздæры президент Михаил Саакашвили æмæ йæ фарсхæцджытæ змæстытæ сарæзтой Одес-сæйы тæрхондоны бæстыхайы. Уым æркастысты горæты мэр Геннадий Труханов завод «Краян»-ы бал-хæныны тыххæй хъуыддаджы фæдыл тæрхонмæ. Саакашвили бафæлвæрдта тæрхон кæм кастысты, уыцы залмæ батонын. Уый йæ хъус нæ дардта йæ алыварс цæуæг цаутæм æмæ ныццавта йæ рæзты чи рацæйцыд, уыцы ацæргæ сылгоймаджы, кæцыйæн бахъуыд медицинон æххуыс бакæнын.

Информацион агентадты  

Хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.