Октябры мæйы эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæн, нæ горæты Хъайтарты уынджы кæрон цы бирæуæладзыгон хæдзар сырæзт, уый. Уым ныртæккæ цæуы æфснайæн куыстытæ. Хæдзар сарæзта арæзтадон фирмæ «СТМ-Юг», кæцымæ стыр фæлтæрддзинад ис ахæм хæдзæрттæ аразыны хъуыддаджы. Фæстаг рæстæджы нæ республикæйы территорийыл цы егъау арæзтадтæ сырæзт, уыдонæн сæ фылдæр сарæзта  «СТМ-Юг». Хæдзары ис 75 фатеры – иу, дыууæ æмæ æртæхатæнонтæ. Иухатæнон фатеры фæзуат у 43,5 кв. м., дыууæхатæнон – 50  кв.м. æмæ æртæхатæноны та – 83,5 кв.м. Ам раздæр цы аварион хæдзар уыд, уымæ абаргæйæ фатертæ ныр сты бирæ уæрæхдæр, райдзастдæр æмæ дзуапп дæттынц нырыккон домæнтæн, цы æрмæджытæй арæзт æрцыдысты, уыдон сты гъæдджын. Раздæр ам цы хæдзар уыд, уый дæр сырæзт 1983 азы. Бирæуæладзыгон хæдзарæн уый стыр æмгъуыд нæу. Фæлæ хæдзар 2008 азы 8-æм августы хæсты Гуырдзыстоны хотыхджын æфсæдтæ уæззау артиллерийы æхстыты бын фæкодтой. Цы 60 фатеры дзы уыд, уыдонæй бынтон басыгъд 17. Хæсты фæстæ æндидзынгæнæн куыстытæм куы бавнæлдтой, уæд хъуамæ раивтаиккой ацы хæдзары æмбæрзт дæр. Куыстытæ æбæрæг аххосæгтæм гæсгæ ныддаргъ сты æмæ бирæ рæстæг уæлхæдзар æнæ ‘мбæрзтæй баззад. Къæвдайы дæттæ фæцыдысты фатертыл æмæ разиан кодтой, хæстæй ма æвыдæй кæцы фатертæ баззадысты, уыдонæн дæр. Афтæ цардысты сæ хицæуттæ сæ мидæг. Хæдзары уавæр сбæрæг кæныны тыххæй Арæзтад æмæ архитектурæйы министрад Цæгат Ирыстонæй æркодта экспертон къамис. Уыдон сбæрæг кодтой, хæдзар аварион кæй у, æмæ йын сцалцæггæнæн кæй нæй. Хæдзары цæрджытæ сæ уавæр бамбæрстой, фæлæ сæ хъуыддаг скъуыддзаг кæй нæ цыд, уымæй тыхстысты, кæд æмæ сын цы  уавæрты араздзысты сæ хæдзар, уый тыххæй сын лæмбынæг дзуапп ничи лæвæрдта. Азæй-азмæ сын æргъæвтой сæ фарст. Бирæтæ бафæлладысты æнхъæлмæ кæсынæй æмæ бавнæлдтой сæхи фæрæзтæй сæ фатертæ цалцæг кæнынмæ. Хæдзары цæрджытæй сырæзт къорд, кæцытæ æппынæдзух цыдысты хъаст кæнынмæ алы инстанцитæм, фæлæ сын сæ дзуапп уыд, ома, багæдзæ кæнын хъæуы.

Бибылты Анатоли РХИ-йы Президентæй æвзæрст куы æрцыд, уæд та сæ хъаст уымæ дæр бахастой. Уый сын ныфс бавæрдта 2020-2022 азы Инвестпрограммæмæ сын хаст кæй æрцæудзæн сæ хæдзары арæзтад. Куыддæр Гуыбаты æфсымæрты уынджы ног хæдзар арæзт фæцис, афтæ уырдæм конд æрцыдысты цæрджытæ æмæ аразджытæ дæр бавнæлдтой уыцы бирæуæладзыгон хæдзар пырх кæнынмæ. Æмæ ныр мæнæ, æмгъуыдæй раздæр сырæзт хæдзар. Ныр Ног азы размæ уырдæм конд æрцæудзысты цæрджытæй Гуыбаты æфсымæрты уынджы цæрын кæй нæ фæнды, уыдон.

Арæзтадон фирмæ «СТМ-Юг»-ы минæвæрттæ куыд зæгъынц, афтæмæй  амы, раздæры цæрджытæй, фæстæмæ йæ фатеры цæрын чи равзæрста, уыдонæй бирæтæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсынц, хæдзар кæд сцæттæ уыдзæн, уымæ. Кæд ЦАРЗ-ы район дæр æмæ фатертæ дæр сæ зæрдæмæ цæуынц, уæддæр сæ фæстæмæ фæнды, кæм сахуыр сты, уырдæм. Раздæр хæдзары раз уыд къуындæг. Цæрджытæ, хæдзары раз цы гаражтæ æмæ мæнгагъуыстытæ фæцарæзтой, уыдон бынаты ныр сырæзт сывæллæттæн фæзуат æмæ зæронд кары адæм сæ фæллад кæм уадзой, ахæм бынат дæр.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.