ЦÆРЫНÆН СЫН УЫДЗÆНИС КОМФОРТОН УАВÆРТÆ

Рæхджы нæ горæты цæрæг æвæгæсæг зæрæдтæн йæ дуæрттæ æрбакæндзæн ног цæрæн хæдзар – медико-социалон центр. Ацы объект арæзт æрцыд Инвестицион программæйы фæлгæтты. Йæ закъазгæнæг у Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрад. Аразгæ та йæ скодта арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Мегаполис Т».

Райдианы ацы объект арæзт цыдис туберкулезон диспансерæн, уымæн æмæ уый дæр уыдис æдзæллаг уавæры. Диспансеры бæстыхай иуæй рагон у, иннæмæй та бахъыгдард 2008 азы хæсты рæстæджы. Фæлæ уыцы рæстæджы зæронд, æвæгæсæг зæрæдты хæдзар дæр тынг кæй бахъыгдард, уымæ гæсгæ нæ республикæйы разамынад рахаста уынаффæ, цæмæй ног объект арæзт æрцæуа æвæгæсæг зæрæдтæн æмæ туберкулезон диспансер та æрцæуа капиталон цалцæг. Æмæ, æцæгæйдæр, æмбæлон цалцæг æмæ ног ифтонггæрзтæй ифтонг æрцыд туберкулезон диспансер. Зæрæдтæн та – нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм хæдзар  –  медико-социалон центр.

Ацы объектты ма уыдзæнис поллиативон хайад дæр. Уым та уыдзысты, профилактикон æххуыс кæй хъæуа сæ низ фæрогдæр кæныны тыххæй, ахæм рынчынтæ. Æмæ сын канд профилактикон æххуыс нæ цæудзæнис, фæлæ сын æххуыс кæндзысты психологон, социалон æгъдауæй дæр.

Ног объект арæзт æрцыд дыууæ хайæ: фыццаг хайы уыдзысты, поллиативон æххуыс кæй хъæуы, ахæм рынчынтæ медицинон хоимæ, уыдзæнис дзы, процедурæтæ кæм кæной, ахæм хатæн. Уым уыдзысты, административон-хæдзарадон, хосгæнæн, медицинон хотæ кæм уыдзысты, бухгалтер кæм бада, кусджыты, хæдзарадон æмæ сæйраг дохтыр кæм уа, уыцы хатæнтæ.

Объекты дыккаг хайы та уыдзæнис, дзаумæттæ æфснайд кæм цæуой, хæрæндон, медицинон басгæрст сын кæм уадзой, хистæр медицинон хо кæм уа, ординаторон æмæ æндæр техникон хатæнтæ.

Объекты кусы зынгсирвæзты сигнализаци. Арæзт дзы æрцыдысты донифтонгады æмæ канализацион хæххытæ, хатæнтæм уагъд æрцыдис хъæрмад.

Онкологийæ рынчынтæм здæхт цæудзæн уæлдай хъусдард, куыд медицинон, афтæ социалон æмæ психологон æгъдауæй дæр. Уый та хорзæрдæм æндавдзæн рынчынтыл æмæ сæ хиуæттыл дæр.

 

РÆЗЫ ТАГЪД ÆМÆ ГЪÆДДЖЫНÆЙ

Цырд темптæй рæзы нæ горæты ног гуырæн хæдзары бæстыхай дæр. Уый у æртæуæладзыгон бæстыхай гинекологион хайадимæ, уыдзæнис ма дзы гуырæн æмæ, сывæллæттæ цалынмæ нæ райгуырой, уæдмæ сæ ныййарджытæ кæм уой, ахæм хайад. Ног гуырæн хæдзары арæзт æрцæудзæнис, рынчынæй чи райгуырынц æмæ сæм кæм базилой, ахæм хайад дæр. Ахæм хайады сырæзт ахсджиаг хъуыддаг у. Уымæн æмæ-иу ахæм рынчын сывæллæтты арвыстой нæ республикæйæ æддæмæ.

Ахсджиаг у, ног гуырæн хæдзар кæй баиу кодтой республикон-соматикон рынчындонимæ, уый дæр. Ныр рынчын сылгоймагæн, дзырдæн, зæгъæм, кæд æнæмæнгхъæуæг уа соматикон рынчындоны йын анализтæ скæнын, уæд æй нæ хъæудзæнис уынгмæ рахизын, фæлæ гуырæн хæдзарæй фадат уыдзæн соматикон рынчындонмæ ахи-зынæн, кæнæ та йæ коляскæйыл баласынæн.

Ам уыдзæнис æппæт уавæртæ дæр æмæ зæрдæдарæн ис, нæ сылгоймæгты иу хай ныр кæй нал цæудзысты сывæллон арыны рæстæджы Цæгат Ирыстонмæ.

Ахæм гуырæн хæдзары сырæзтæй та ныфсбавæрæн ис, кæй фæфылдæр уыдзæнис сабиты нымæц нæ республиæйы.

Ног гуырæн хæдзары сметæйон аргъ у 325 милуан æмæ 100 мин сомы.

 

РАЙГУЫРД ДЫККАГÆЙ

Æхсызгон цау у, нæ горæты Вокзалгæрон уынджы ног рæвдауæндон рæхджы йæ дуæрттæ кæй æрбакæндзæн æмæ та ногæй уырдыгæй сабиты цинæйдзаг хъæлæба кæй хъуысдзæнис, уый.

2008 азæй фæстæмæ лæууыд хъæдхъиутæй æмæ-иу йæ фæрсты ахизгæйæ, зæрдæ ныккæрзыдта. Ныр райгуырд дыккагæй. Зæрдæ райы йæ арæзтадæй. Объект аразы хуссарирыстйнаг арæзтадон подрядон организаци «Бадо». Уый ма ахæм халдих рæвдауæндон сарæзта Дменисы хъæуы дæр æмæ нымад æрцыд нæ республикæйы хуыздæр рæвдауæндæттæй сæ иуыл.

Вокзалгæрон уынджы рæвдауæндоны ныртæккæ кæнынц мидæггагон куыстытæ: инженерон хызæгтæ æмæ сантехникон куыстытæ рæхджы баконд æрцæудзысты. Куыст цæуы хъæрмад саразыныл, æвæрд æрцыдысты пластикон рудзгуытæ, архайынц йæ территорийы хæрзарæзтадыл дæр, аразынц сывæллæттæн хъазæн фæзуат.

Ацы рæвдауæндон арæзт цæуы 100 сывæллонæн. Уыдон дих æрцæудзысты фондз къордыл æмæ дзы алы къордæн дæр уыдзæнис йæхи хатæн. Рæвдауæндоны ма уыдзæнис, сывæллæттæ кæм хъазой, ахæм хатæнтæ, музыкалон кабинет. Сæрмагонд хатæнтæ ма дзы уыдзæнис психолог æмæ методистæн. Уыдзæнис сын, æппæт домæнтæн дзуапп чи дæтдзæнис, ахæм сæрмагонд хæринаггæнæн.

Ацы рæвдауæндоны арæзтад уæлдай æхцондзинад æрхæсдзæн Вокзалгæрон уынджы цæрджытæн, уымæн æмæ сæ сывæллæтты кæнынц горæты æндæр æмæ æндæр рæвдауæндæттæм. Уый та зындзинад æвзæрын кæны куыд ныййарджытæн, афтæ сабитæн дæр.

Уæдæ ма баззадис цыбыр рæстæг азы кæронмæ æмæ рæвдауæндон йæ дуæрттæ æрбакæндзæн нæ чысыл æмбæстæгтæн.

 

АРÆЗТ ЦÆУЫНЦ ГЪÆДДЖЫНÆЙ

Гуыбаты æфсымæрты уынгыл цы дыууæ цæрæн корпусы арæзт цæуы, уыдоны дæр арæзтадон куыстытæ цæуынц æнæрлæугæйæ. Фыццаг объекты архайынц 5-æм уæла-дзыджы цар æмбæрзыныл, уый фæстæ æрæвналдзысты агъуысты сæр æмбæрзыны куыстытæм.

Ныртæккæ дзы кусынц 80 кусæджы бæрц. Уыдон дих сты цалдæр къордыл. Иутæ дзы кæнынц къултæ амайыны куыст, иннæтæ – къулсæрдæн куыстытæ, аннæтæ уадзынц коммуникацион хæххытæ, кæнынц сантехникон куыстытæ.

Дыууæ объекты дæр уыдзæнис фæндзгай бахизæнтæ. Фатертæ сты 1, 2 æмæ 3 хатæнонтæ. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ иухатæнон хæдзарæн йæ фæзуат кæй у 44 квадратон метры, 2 хатæнонтæ сты 61 квадратон метры, 3 хатæнонтæ та – 85 квадратон метры. Корпустæй сæ иуы арæзт æрцæудзæнис пандус сахъатджын адæймæгтæн, цæмæй коляскæ сæрибарæй хиза мидæмæ.

Ацы хæдзæртты арæзтады бахынцыд æрцыд зæх-хæнкъуысты ныхмæ æдасдзинад бахъахъхъæнын дæр. Фæразон уыдзысты зæххæнкъуыстæн.

Корпустæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзысты фидæн азы кæронмæ. Аразгæ та сæ кæны СТМ-ЮГ.

 

ХИ БАХИЗЫН ХЪÆУЫ ГРИППÆЙ

Ныртæккæ фæззæгæй зымæгмæ ахизыны рæстæг кæй у, уымæ гæсгæ уæлдай тæссаг вæййы фæрынчын уæвынæн.

Нæ горæты ныртæккæ бирæ ис, гриппæй чи фæрынчын сты, ахæм сывæллæттæ æмæ хистæр кары адæм дæр. Уый та тæссаг у адæймаджы æнæниздзинадæн, дæхи дзы куынæ бахизай, уæд йæ фæстиуджытæ хорз нæ уыдзысты. Уымæ гæсгæ санэпидемиологон станцы кусджытæ фæдзæхсынц цæрджыты, цæмæй гриппы ныхмæ скæной вакцинæтæ. Дохтыртæ куыд дзурынц, уымæ гæсгæ рынчынæн фæфидардæр вæййы йæ иммунитет æмæ йын уæд тæссаг нæу гриппæй фæрынчынæн.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.