Æвæдза, диссаг у хъысмæт, кæй кæдæм акæндзæн, кæй цæуыл бафтаудзæн, уый развæлгъау зын базонæн вæййы, фæзоны йæ, æрмæстдæр, уыцы фæндæгтæ чи снывæнды, уый, уый та у адæймаджы хъысмæт.

Бæрæг нæ уыд Къудухты Нинæйы хъысмæт дæр, цæмæй йæ зыдта чысыл чызг, йæ дарддæры царды йæм цы æнхъæлмæ кæсы.  Нинæ Цхинвалы районы Бендеры хъæуы райгуырд мæгуыр зæхкусæг бинонты ‘хсæн. Йæ ныййарджытæ Алекси æмæ Гусойты Екатеринæ кæд куыстуарзаг уыдысты, уæддæр сын хæххон хъæуы уабæрæг уавæртæ нæ уыд æмæ цыбыркъух уыдысты. Нинæ уыд сæ фыццаг хъæбул. Уый æртæ азы онг хъомыл кодта йæ ныййарджытимæ, стæй йæ йæ хъысмæт ахаста Бакомæ.

Алексийы æфсымæр  Саша цардагур раджы ацыд Бакомæ, уым куыста æмæ фæрæзджын бæргæ уыд, фæлæ йын зæнæг нæ уыд. Уый нæ рох кодта йæ райгуырæн бæстæ æмæ-иу æрвылаз дæр æрцыд йæ хъæумæ. Радон хатт куы ‘рцыд Бендермæ, уæд бахатыд йе ‘фсымæрмæ, цæмæй йын æртæаздзыд Нинæйы радтаид,  зæгъгæ, дæуæн ис æндæр зæнæг дæр æмæ ма дын ноджыдæр уыдзæн. Нинæйы та æз схъомыл кæндзынæн мæхи номыл, хъуаг æппындæр ницæмæй уыдзæн, мæ ис, мæ бон иууылдæр уый уыдзысты. Екатеринæ бæргæ нæ разы кодта йæ чызджы йæ тиуæн радтыныл, фæлæ йæм хистæртæ бахатыдысты, ома, дæ тиу хъæздыг лæг у, æмæ дæ чызгæн уыимæ хуыздæр уыдзæн, æмæ,  уый дæр сразы.

Æцæгæйдæр, Нинæ йæ фыдыфсымæрмæ æппындæр ницы хъуагдзинад æййæфта, хъомыл кодта хъæздыг уавæрты.  Фыдыфсымæр архайдта, цæмæй чысыл чызг йæ ныййарджыты æмæ йæ райгуырæн хъæуы дæр ма рох кæна, æмæ-иу æй алы сæрд дæр æркодта Бендермæ йæ ныййарджытæм.

Скъоламæ бацæуын афон ын куы уыд, уæд æй бакодта уырыссаг скъоламæ. Скъолайы хистæр кълæсты ахуыркæнгæйæ уыд скъолайы фæскомцæдисы организацийы нымæрдар. Нинæ зæрдæргъæвд уыд, ахуыр кодта хæрзтыл æмæ  скъола каст фæцис æнтыстджынæй.

Уалынмæ райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст – фашистон Герман æрбабырста Советон Цæдисмæ.

Нинæ сфæнд кодта бархионтæй хæстмæ ацæуын. Нинæйæн даргъ дзыккутæ уыд æмæ сæ алвыдта, йæхи лæппуйы арæзт скодта. Йæ хъомылгæнджытæ йæ афтæмæй куы федтой, уæд дурдзавдæй аззадысты. Нинæ сын куы бамбарын кодта йæ фæндон, уæд бæргæ архайдтой йæ фæнд ын аивыныл, фæлæ фæндвидар чызг нæ басаст. Банысангонд бон йе ‘мбæлттимæ æрбацыдысты Бакойы æфсæддон къамисариатмæ æмæ уырдыгæй бархионтæй ацыдысты Райгуырæн бæстæ фашисттæй бахъахъхъæнынмæ.

Нинæйæн йæ хæстон фæндæгтæ райдыдтой Керчæй. Активон хайад иста Керчы æрдæгсакъадахы тохты. Уый фæстæ йæ йæ хæстон фæндæгтæ акодтой Европæйы бæстæтыл æмæ ныхæццæ Берлины онг дæр, уым æй æрæййæфта Уæлахизы бон. Уырдыгæй ирон чызг бирæ хæстон хорзæхтимæ æрыздæхт Бакомæ æмæ кусын райдыдта æфсæддон организацийы  Фæскавказы æфсæддон зылды уæлдæфон кадрты хайады хистæрæй. Уым фæкуыста, цалынмæ пенсийы нæ ацыд, уæдмæ. Уый фæстæ Нинæ Бакойæ æрыздæхт йæ райгуырæн хъæумæ æмæ æрцард йæ ныййарджыты хæдзары, куы фæзиан, уæд ныгæд æрцыд Къудухты хъæуы уæлмæрды йæ ныййарджыты фарсмæ.

Йæ хæстон сгуыхтдзинæдтыл дзурæг сты йæ бирæнымæц хорзæхтæ, фæлæ, Нинæйы кæстæр хо Еленæ куыд радзырдта, афтæмæй, уыдон æвæрд сты горæт Гуры музейы. Еленæйы бæргæ фæнды уырдыгæй сæ рахæсса æмæ сæ Хуссар Ирыстоны Национ музеймæ радта, фæлæ йын фæсарæйнаг паспорт кæй нæй, уый тыххæй йæ бон Гуырдзыстонмæ ацæуын нæу.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.