26-æм августы хуссарирыстойнаг адæм банысан кодтой дыууæ нысаниуæгджын боны – республикæйы хæдбардзинад банымадыл 12 азы сæххæсты бæрæгбон æмæ 20 сентябры та – Республикæ расидыныл 30-азы сæххæсты бон. Фæлæ, абон  мах уыцы нысаниуæгджын бонтæ нæ нысан кæниккам, гуырдзиаг-ирон хæсты райдианы ирон хъæбатыр лæппутæ  знаджы ныхмæ фидар куынæ фæлæуыдаиккой,  уæд.

    1990 азты Советон Цæдисы ныппырхимæ бынтондæр схæлæттаг адæмы цард, уæлдайдæр та чысылнымæц адæмты цард. Уæззау рæстæджытæ ныккодтой Хуссар Ирыстоны цæрджытыл дæр, алырдыгæй сæм залиаг кæлмытау лæбурын райдыдтой ирон адæмы цæрæнбонты æмæ цыфыддæр знæгтæ – гуырдзиаг тыхæйисджытæ. Бынтон уынгæджыйы уавæры бахаудтой ирон хъайтар лæппутæ, уыдоны бахъуыд сæ Райгуырæн зæхх, сæ мæдты, хоты, сæ цардæмбæлтты бахъахъхъæныны сæр. Гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды дæргъвæтин азты дæргъы хуссарирыстойнаг лæппутæ сæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнгæйæ цы стыр сгуыхтдзинæдтæ равдыстой, се ‘взонг уæнгты цас хъару разынд, уыдон царциаты диссагæн дзуринаг сты. Кинофильм «Спратак»-ы дунейы диссагæн цы 300 спартаконы баззадысты, уыдонæй ирон лæппутæ хъæбатырдæр разындысты, уыдонимæ абаргæйæ, ноджы стырдæр хъæбатырдзинæдтæ равдыстой. Уымæй дæр спартаконты ахуыр кодтой хæцын, фæлæ хуссарирыстойнаг лæппуты сæр куы бахъуыд, уæд сæ къухмæ фыццаг хатт райстой хæцæнгарз æмæ æцæг æхсарджын хæстонтæ фестадысты.

Гаглойты Болат, Джиоты Сергей, Хъодалаты Ацæмæз æмæ Джиоты Сослан

    Æрæджы редакцимæ æрбахуыдтам 1990 азты æхсæвæй-бонæй постыты чи лæууыд æмæ афтæмæй Райгуырæн зæхх гуырдзиаг тыхæйисджытæй чи хъахъхъæдта, уыцы къордтæй сæ иуы дыууæ хæстоны – Хъодалаты Ацæмæз æмæ Къæбысты Отары. Кæд  28 азæй фылдæр рацыд,  уæддæр уыцы трагикон азты цаутæ сæ зæрдыл лæууынц, раст цыма знон уыдысты, уыйау.

1992 азы уавæр бæрæг февзæрдæр. Дæргъвæтин рæстæджы дæргъы Цхинвал æппынæдзух  ис æхстыты бын, æхсынц тугмондаг сырдтæ горæты алы къуыммæ дæр, нæмыг кæуылфæнды сæмбæлæд, фæнды сывæллоныл, фæнды сылгоймагылд, кæнæ зæронд адæймагыл, уæлдай сын нал уыд лæгсырдтæн, сæ фæнд уыд æрмæстдæр ирон адæмы ныццæгъдын, фылдæры дзы скуынæг кæнын. Горæты сæрмæ хъæды æрбынат кодтой снайпертæ, кæцыты къухæй фæмард æмæ фæцæфтæ сты бирæ адæм. Иу уынгæй иннæ уынгмæ ахизæнтæ дæр нал уыд, горæт хуыдуг кодта… Уазал, æххормагдзинад, мæлæтхæссæг тасдзинад, алыварсон блокадæ, уыцы нымæцы информацион блокадæ дæр. Чысылнымæц ирон адæм фæдисы хъæр кодтой, фæлвæрдтой дунеон æмæхсæнадæн фехъусын кæнын Гуырдзыстоны фашистон режим, йæ сæргъ Гамсахурдия, афтæмæй ирон адæмæн радон хатт геноцид кæй аразынц, уый тыххæй,  фæлæ сын сæ тыхст хъæр  ничи хъуыста. Уымæ гæсгæ ирон лæппутæ сæхæдæг удуæлдай тохы бацыдысты сæхицæй бирæ фылдæр чи уыд æмæ алыгъуызон хæцæнгæрзтæй гæрзифтонг чи уыд, уыцы знаджы ныхмæ.

Уæллаг рæнхъыл рахизæрдыгæй къорды командир Коцты Геннади. Дæллаг рæнхъыл галиуæрдыгæй Бестауты Алег

Æдæппæтæй ацы къорды уыдысты 12 хæстон лæппуйы: Коцты Геннади, Къæбысты Отар, Хъодалаты Ацæмæз, Тадтаты Тариел, Куымæридтаты Александр (Кисия), Джиоты Сослан, Джиоты Сергей, Бестауты Алег, Гаглойты Болат, Харебаты Зауырбег, Тадтаты Алан æмæ Плиты Игорь. Къорды хистæр уыд Коцты Геннади, кæцы иуæй куыста барадхъахъхъæнæг органты, иннæмæй та къорды лæппутæй уыд азтæй хистæр æмæ хорз сарæхст йæ хæстæ сæххæст кæнынмæ  хæстон операцитыл къухдариуæг кæнгæйæ.

«Коцты Геннади нæ æрæмбырд кодта æмæ нын загъта, зæгъгæ, дам, куыд зонут, афтæмæй  нæ Фыдыбæстæ бахауд уæззау уавæры æмæ йæ хъуамæ куыдфæндыйæ дæр бахъахъхъæнæм. Фæлæ сымахæй кæд исчи фæнд кæны Хуссар Ирыстонæй ацæуынмæ, уæд, табуафси, ацæуæт, тыхæй никæйы бауромдзыстæм. Фæлæ, дам, æй æз фидарæй зонын сымахæй ардыгæй ацæуинаг кæй ничи у, уый. Фыццаг рады нæ хæс уыд исты хæцæнгæрзтæ ссарын, науæд нæ къухы бынтондæр куы ницы уыдаид, уæд цы хъуамæ арæзтаиккам. Бантыст уал нын дыууæ автоматы, дыууæ карабины æмæ пулемет Дегтярева самал кæнын. Афтæ ма цыдæр амæлттæй нæ къухты бафтыд автоматон гарнатæхсæн АГС æмæ пулемет ДШК ссарын дæр. Æмæ  уæд нæ хъуыддæгтæ бæрæг фæхуыздæр сты», – радзырдта нын Хъодалаты Ацæмæз.

Къорды лæппутæ сæйраджыдæр постыты лæууыдысты Гудзабары, Гафезы уынджы æмæ ЦАРЗ-ы. Ацы лæппуты къордæй дарддæр ма Мамсырайы фырты уынджы уыд ноджыдæр цалдæр къорды æмæ-иу уыцы къордтæй сæ иуы лæппутимæ дæр иумæ лæууыдысты постыты. Хъодалаты Ацæмæзмæ уыд АГС, кæцы у тынг уæззау хæцæнгарз. Иу постæй иннæмæ-иу æй куы хаста, уæд-иу æм барвæндæй фæкастысты хæрзæвзонг лæппутæ Санахъоты Гришик (Ирыстоны хъайтар), Санахъоты Мишик, Джиоты Мишик (Халигали), Гассеты Ибрагим æмæ æндæртæ. Хæстон лæппутæ-иу сæ кæд постытæм семæ цæуын дæр нæ уагътой, кæй сын тарстысты, уымæ гæсгæ, уæддæр сæ цы урæдта. Ацы къорды лæппутæ æххуысмæ цыдысты сæ сæр-иу кæм бахъуыд, уырдæм, уыцы нымæцы районтæм дæр. Знауыры районы дæр уыдысты цалдæр хатты. Уыцы æндыгъд рæстæджы ацы районы гуырдзиаг вертолет кæд æндæр къорды лæппутæ  æрæппæрстой, уæддæр операцимæ сæ хайбавæрд бахастой Коцты Геннадийы къорды лæппутæ дæр. Афтæ ма иу хатт Знауыры районы уæвгæйæ, Лопаны хъæуы къорды лæппутæй цалдæр, уыцы нымцы Хъодалаты Ацæмæз дæр чысыл ма бахъæуа гуырдзиæгты дзыхмæ бахауой, фæлæ амондджын ирвæзт акодтой. Иу карз тохы рæстæджы Гудзабары хъæуы йæ къах фæцæф Гаглойты Болатæн æмæ йæ бахъуыд йæхицæн хос кæныны сæр.

Джиоты Сергей цард Белорусийы. Уый æрцыд Цхинвалмæ йæ хиуæттæм æмæ йæхи цæстæй куы федта йæ райгуырæн Ирыстон уæззау уавæры кæй бахауд, уый, уæд фæстæмæ нал аздæхт æмæ активон хайад иста знаджы ныхмæ тох кæныны операциты. Иу ахæмы ДШК-йæ Театралон фæзуатмæ гуырдзиæгты куы æхста, уæд йæхицæн дæр фæцæф йæ ных. Хъыгагæн, абон сæрæгас нал у, фæмард трагиконæй автомобилон катастрофæйы. Афтæ ма абон нæ фарсмæ нал сты Джиоты Сослан, Тадтаты Тариел æмæ Харебаты Зауырбег дæр. Джиоты Сергей æмæ Джиоты Сослан сæ амæлæты фæстæ хорзæхджын æрцыдысты «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы» æмæ Хуыбылты Валерийы номыл майдантæй.

1992 азы, цалынмæ Хуссар Ирыстоны зæххмæ фидауынгæнæг тыхтæ не ‘рбацыдысты, уæдмæ ацы лæппуты къорд баиу Коцты Грийы къордимæ. Се штаб уыд Тбилисы уынджы цы сывæллæтты цæхæрадон ис, уым. Къорды лæппутæй-иу иутæ ацыдысты постытæм æмæ-иу иннæтæ та баззадысты штабы æмæ афтæ кæрæдзи ивтой. Бестауты Олегæн уыд ЗИЛ машинæ æмæ ууыл ласта куыд сабыр цæрджыты, афтæ хæцæнгæрзтæ дæр. Къорды лæппутæ Тадтаты Тариелы хуыдтой музыкант, уымæн æмæ уый йæ карабинæй кодта цахæмдæр музыкалон æхст. Ахæм æхст кæнын йæ къухы куыд æфтыд, уый, дам, абон дæр нæ зонæм. Гаглойты Болат хæцыд Абхазы дæр, цыран йæ хъæбатырдзинæдты тыххæй хорзæхджын æрцыд ацы республикæйы паддзахадон хорзæхтæй. Уыд ахæм цау дæр, Коцты Гена йæ хæстон æмбæлттæ Тадтаты Тариел æмæ Харебаты Зауырбегимæ ныхъуызыдысты гуырдзиаг хъæу Никъозы акъоппытæм, цыран амардтой цалдæр гуырдзиаджы æмæ сын рахастой сæ хæцæнгæрзтæ.

«1992 азы 31-æм октябры  мæхъæлы хæст кæй райдыдта, уый тыххæй Коцты Геннади фехъуыста фынджы фарсмæ йæ гуырæн бон куы нысан кодта, уæд. Уый уайтагъд йæ къорды лæппуты æрбамбырд кодта æмæ ныхæццæ сты Дзæуджыхъæумæ. Ацы лæппутæ стыр хайбавæрд бахастой Карца æмæ «Южный»-йы мæхъæлон тугмондаг сырдтæй асыгъдæг кæныны хъуыддагмæ. Иу ахæмы, Карцайы мæхъæлон бамбæхст хæдзары æмæ уырдыгæй æхста. Мидæмæ бацæуын æм ничи уæндыд. Уæд Джиоты Сергей айтæ-уйтæ нал фæкодта, бахста йыл гранат æмæ йæ афтæмæй скуынæг кодта. Тынг ныфсхаст уыдысты куыд Джиоты лæппу, афтæ къорды иннæ дзæнæты бадинаг лæппутæ дæр. Бæргæ æвгъау уыдысты мæлынæн, фæлæ хъысмæтæн цы загъдæуа…», – йæ зæрдыл æрлæууыдысты уыцы азты цаутæ Къæбысты Отарæн дæр.

Фæнды мæ сæрмагондæй цалдæр ныхасы Хъодалаты Ацæмæзы тыххæй зæгъын. Ацы цæхæрцæст лæппуимæ базонгæ дæн 1992 азы июны мæйы Дзæджыхъæуы Китайы фæзуаты цы рынчындон ис, уым. Кæд ын йæ ныййарджытæ – зынгæ ирон фысджытæ Хъодалаты Герсан æмæ Наниты Асиаты рагæй зонын, уæддæр сын сæ лæппу Ацæмæзы фыццаг хатт уæд федтон. Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ 1992 азы мæ хъæбултæ гуырдзиаг снайперы нæмыджы схъистæй куы фæцæф сты, уæд мах дæр мæ чызг Ларисæимæ ацы рынчындоны хос кодтам. Хуссар Ирыстонæй цæфтæн сæ фылдæры ластой уырдæм. 1992 азы июны мæйы иу рæстæджы гуырдзиаг тыхæйисджытæ ТЭК куы систой æмæ уырдыгæй горæт алыгъуызон хæцæнгæрзтæй куы æхстой, уæд Ацæмæз æмæ Коцты Геннади фæцæйцыдысты Тельманы уынджы, хъуамæ ахызтаиккой зæронд хидыл æмæ базыдтаиккой гуырдзиæгты тыххæй исты зонæнтæ. Фæлæ гуырдзиаг нæмгуытæ ихуарæгау кодтой æмæ дзы сæ иу сæмбæлд Ацæмæзы рахис къахыл, нæмыг бахъыгдардта къахы стæг. Уыцы рæстæджы Тельманы уынджы лæууыд ЗИЛ машинæ æмæ йæ ууыл баластой рынчындонмæ, цыран ын бакодтой фыццаг медицинон æххуыс. Æртыккаг бон æй Бестауты Олег аласта Цæгат Ирыстонмæ. Беслæны цы быдырон æфсæддон госпиталь равæрдтой, уым ын сарæзтой операци æмæ йæ уый фæстæ арвыстой Дзæджыхъæуы Китайы фæзуаты цы рынчындон ис, уырдæм.

Кæй зæгъын æй хъæуы, арæх-иу  абæрæг кодтон Ацæмæзы йæ палатæйы. Уымæн йе ‘взонг уæнгты уыйбæрц хъару уыд, йæ цæстытæй уыйбæрц ныфсхастдзинады цæхæр калд æмæ мæхинымæры ахъуыды кодтон, зæгъын, Ацæмæзы хуызæн хъæбатыр гуырдтæ цы адæмæн ис, уыцы Хуссар Ирыстон  састы бынаты никуы баззайдзæн. Ацæмæзмæ кæсгæйæ, мæ бауырныдта Ирыстонæн йæ фидæн хорз кæй уыдзæн, уый.  Лæппу-иу йæ цæф къахмæ æркаст тыхстгъуызæй æмæ æппынæдзух дзырдта, зæгъгæ, тагъддæр мæ къахыл куы слæууин, уæд лæппуты фарсмæ балæууин, науæд, зæгъ, тæригъæд сты, æххуыс кæнын сын хъæуы. Йæ хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй Хъодалаты Ацæмæз хорзæхджын æрцыд «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы» æмæ «Хæстон лæггæдты тыххæй» майдантæй.

Уыдон ма куыд загътой, уымæ гæсгæ сæ цæрæнбонты дæр никуы ферох уыдзæн уыцы тыхст рæстæджы Театралон фæзуаты сæ зонгуытыл лæугæйæ ирон тырысайæн пъа кæнгæйæ ард куыд хордтой æмæ афтæмæй тохмæ куыд цыдысты, уый тыххæй. Ацы цауы тыххæй дзургæйæ дыууæ нæлгоймагæн дæр сæ зæрдæтæ суынгæг сты…

Абон мах Ацæмæз æмæ йæ хæстон æмбæлтты фæрцы  цæрæм сæрибар Ирыстоны. Цытджын æгъдауæй фæнысан кæнæм нæ бæрæгбонтæ. Ирон хæстон лæппутæн сæ тох æнæхъуаджы нæ фæцис. Хæдбар Ирыстоны цæрынц сæ хъæбултæ, сæ хъæбулы хъæбултæ, сæ ныййарджытæ, сæ хиуæттæ, се ‘мтуг ирон адæм. Мах æй та алчидæр хæсджын у, цæмæй нæ зæрдыл дарæм гуырдзиаг-ирон хæсты райдианты знаджы ныхмæ фидар чи фæлæууыд æмæ Ирыстоны хæдбардзинадæн бындур чи æрæвæрдта, уыцы хъæбатыр лæппуты сгуыхтдзинæдты тыххæй.

Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ, уæ цæрæнбонтæ нын бирæ уæд, æмæ уæ радтæг Ирыстоны зæххыл цæрынæй бафсæдут уæ хъæбултæ æмæ уе ‘ввахс адæмимæ!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.