25 азы размæ хъæбатырæй фæмард сты Остъаты Олег æмæ Алан

«Остъаты æфсымæртæ, о, цас сæрыстырдзинады æмæ уыцы иурæстæджы æрхæндæгдзинады æнкъарæнтæ сæвзæры адæймаджы зæрдæйы Олег æмæ Аланы нæмттæ  фехъусгæйæ… О, цас тых æмæ цас хъару уыд се взонг уæнгты ацы дыууæ цардбæллон æфсымæртæн. О, Стыр Хуыцау иу дзы истæйы æфсон уæддæр бакъуылымпы кодтаис сæ адзалы фæндагыл куы цыдысты, уæд. Иу дзы уæззау цæфæй рынчындонмæ уæддæр куы бахаудаид, уæд аирвæзтаид мæлæтæй. Фæлæ куыд фæзæгъынц, уымæ гæсгæ æнæ бонæмгъуыд мæлæт нæй…

Зынаргъ газеткæсæг, мæнæ нывы цы дыууæ æвзонг лæппуйы уыныс, уыдон уыдысты Ирыстоны хæдбардзинады активондæр бындурæвæрджытæй сæ иутæ. Ацы æвзонг дыууæ æфсымæры сæ Райгуырæн бæстæйы æмæ сæ радтæг адæмы сæрвæлтау сæ цард нывондæн куы æрхастой, уæд Аланыл цыд æрмæстдæр 19 азы 19 бон цухæй æмæ Олегыл та – 25 азы иу мæй æмæ 9 боны цухæй. Кæстæр æфсымæр Аланæн рацæрын бантыст æрмæстдæр 19 уалдзæджы æмæ хистæр æфсымæр Олегæн та æрмæстдæр – 25 уалдзæджы. Цы сты 19 æмæ 25 уалдзæджы ахæм цардбæллон лæппутæн. Æппындæр ницы! Нæ  бафсæстысты сæ уарзон Ирыстоныл, сæ хиуæттыл цин кæнынæй, нæ сын бантыст сæ цард нывондæн цæй тыххæй æрхастой, уыцы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад æрæййафын, хæдбар Ирыстоны рацæрын. Ахæм уæззау, æгъатыр хъысмæт схай кодта Стыр Хуыцау ацы хъæбатыр æмæ цæхæрцæст лæппутæн. Фæлæ сæ тох æнæхъуаджы  нæ фæци, абон  ахæм сæрæнгуырдты фæрцы Ирыстон цæры сабыр æмæ хæдбарæй.

2-æм июлы фæуазæг дæн Остъаты æфсымæрты рыстзæрдæ бинонтæм. Баййæфтон сæм уазджыты – Алан æмæ Олегы æмгæрттæй цалдæры. Уыдон æрвылаз дæр æрбацæуынц дыууæ æфсымæры райгуырæн бонтæм æмæ сын сæ ном ссарынц. 2-æм июлы Аланыл сæххæст уыдаид 44 азы… Ацы аз 16-æм августы Олегы райгуырдыл та сæххæст уыдзæн 50 азы.

Зынаргъ газеткæсджытæ ныр та уын уæ зæрдыл æрлæууын кæндзынæн ацы хъайтарты цыбыр, фæлæ ирд æмæ хъæбатыр цардвæндаджы тыххæй.

Остъаты Андрей æмæ Кокойты Венерæ сæ цард куы баиу кодтой æмæ сын Стыр Хуыцауы цæст æртæ хъæбулы – Олег, Азæ æмæ Аланы балæвар кæнын куы бауарзта, уæд ма сæхцæй амондджындæр кæй æнхъæлдтой æвзонг æмкъæйттæ. Дыууæ цардæмбалы банкъардтой хъæбулы стыр уарзт,  сæ хъæбулты цинæй радысты, дыууæ дæр фæллой кодтой æмæ сæ хъæбулты  царды раст фæндагыл æфтыдтой. Олег æмæ Алан ахуыр кодтой нæ горæты 10-æм астæуккаг скъолайы. Дыууæ дæр нымад уыдысты цæвиттойнаг ахуыргæнинæгтыл. Ахуырмæ æвзыгъд, активон хайад истой скъолайы æхсæнадон царды дæр, сæ иуæй иннæ – цæвиттойнагдæр. Кæстæр Алан уæлдай рæвдздæр уыдис математикæ æмæ спортмæ. Уый иу æмæ дыууæ хатты не скад кодта йæхицæн дæр æмæ йе скъолайæн дæр ахуырдзауты алыгъуызон олимпиадæты æмæ спортивон ерысты. Сæ ахуыргæнджыты ныхæстæм гæсгæ, сæ асимæ рæзти сæ зонд, сæ ахаст, сæ хъару. Къостайы загъдау: сæ архайд, сæ тыхмæ лæг кодта хæлæг… Остъаты бинонты кæстæр Алан уыд тæлфаг, цыргъзонд, хæларзæрдæ. Уый-иу кæм фæмидæг, уырдыгæй-иу райхъуыст хъазын, худыны хъæлæба. Адæм сæ цæст кæуыл æрæвæрынц, уымæй мæнгæй нæ фæзæгъынц, зæгъгæ, цæрыны гуырд нæу. Ахæм уыд Алан дæр. Скъолайы фæстæ каст фæци Дзæуджыхъæуы хъæууон хæдзарады фæдыл профессионалон ахуыргæнæндон. Бантыст ын ХИПИ-йы физматы факультеты 1-æм курс фæуын дæр. Йæ бирæ Кады грамотæтæм кæсгæйæ, адæймаг дисы бахауы, Ау, куыд ын бантыст уыйбæрц кады гæххæттытæ æрæмбырд кæнын. Уымæйдæр спорты хицæн æмæ хицæн хуызтæй: рог атлетикæйæ, диск æхсынæй, хъæбысхæстæй, афтæ ма математикæйы алыгъуызон олимпиадæты йе ‘нтыстыты тыххæй. Алы аз дæр иста дыууæ, æртæ Кады грамотæйы. Æнхъæлмæ йæм каст хорз фидæн, фæлæ… уыйау æвæстаг фæуæд йæ марджытæ.

Зæнæджы хистæр Олег зæрдæргъæвд уыд нывкæнынмæ æмæ фысджыты сфæлдыстад ахуыр кæнынмæ. Æрвылаз дæр-иу се скъолайы Хетæгкаты Къостайы райгуырæн бон куы нысан кодтой, уæд-иу поэты æмдзæвгæтæм гæсгæ конд нывтæй рафидыдтой скъолайы залы къултæ. Уыцы хъуыддагмæ Олег хаста стыр хайбавæрд. 1989 азы уый сарæзта сæрмагонд альбом Къостайы уацмыстæм гæсгæ конд нывтæй. Уыцы альбом уæды Пионерты æмæ скъоладзауты хæдзарæй æрвыст æрцыд Тбилисмæ (уæд нырма сабыр рæстæг уыд). Иу ахæм альбом та дзы баззад ам – Пионертæ æмæ скъоладзауты хæдзары. Скъола каст фæуыны фæстæ Олег йæ ахуыр адарддæр кодта горæт Новгороды хъæууонхæдзарадон институты.  Фæстæдæр йæхи раивын кодта Дзæуджыхъæуы аналогон институтмæ, фæлæ йын институт кæронмæ каст фæуын нал бантыст. Бæргæ зæрдæргъæвд уыдысты дыууæ æфсымæры дæр, бæргæ сæм æнхъæлмæ каст хорз фидæн. Сæ ахуыртæ каст фæуыдаиккой, сæхицæн æркодтаиккой цардæмбæлттæ, банкъардтаиккой хъæбулы стыр уарзт, фæлæ…

1989-1991 азты Гуырдзыстоны ногæй райхъал фашизм æмæ хæст расидтысты ирон адæмы ныхмæ, сæ фæнд уыд ирон адæмы фæсурын. Ирыстоныл уæззау рæстæджытæ куы ныккодтой, уæд Олег ахуыр кодта 4-æм курсы, фæлæ райста академион улæфт. Æрцыд Цхинвалмæ æмæ æрлæууыд хæстон лæппуты фарсмæ. Уыцы иурæстæджы куыста дзулфыцæн комбинаты сменæйы хистæрæй. Ацы куыстуаты кусджыты ныхæстæм гæсгæ, Олег джипы уагъды хуызæн лæппу уыдис, куыд бакастæй, афтæ удыгъæдæй, æгъдауæй дæр. Йæ дарæсыл рыг абадын куыд нæ уагъта, афтæ йæ номыл, йæ адæймагдзинадыл дæр. Уайтагъд æй бауарзтой йе мкусджытæ. Тынг тарст зæрдæхудтæй, æнæрастдзинадæй. Дзул мæгуырау фых æмæ йæ уæзæй къаддæр уыдаид, уый никæмæн барста. Тынг тæригъæдгæнаг уыд, æххуыс кодта æххуысхъуаг адæймæгтæн. Карз хæстон рæстæджыты йæ инициативæйæ дзул æнæаргъæй лæвæрд цыд зæрæдтæ, рынчынтæ, зианджынтæн. Иу рæстæджы куыстуаты нал уыдис æнхъизæн æмæ Дзæуджыхъæуæй æрластой вертолетыл. Хъуыд горæты хуссарфарсмæ, вертолетон хаймæ ацæуын. Кæд тынг тæссаг уыд уырдæм ацæуын, уæддæр цардæй мæлæты ‘хсæн фæндагыл ацæуынмæ йæ ныфс бахаста Олег. Ацыд  дзулласæн машинæйы шофыр Цхуырбаты Толикимæ, æмæ куыддæртты æнхъизæн схæццæ кодтой комбинатмæ. Афтæ ма рынчындонмæ та фæхæццæ кодта Ленинграды цæрæг ирæттæ цы бирæ медицинон хостæ рарвыстой, уыдоны дæр. Иу рæстæджы комбинаты нал уыд ссад. Уæд иу æхсæвыгон Цæгат Ирыстонæй æрластой 12 машинæйы дзаг ссады голджытæ. Æвæстиатæй сæ хъуыд равдæлон кæнын æхстыты бын. Æмæ та ам дæр йæхиуыл нæ бацауæрста Олег – удуæлдай куыст фæкодта цалдæр æмбалимæ æмæ бафснайдтой ссады голджытæ. Олег йæ фыццаг удуæлдай ми сарæзта 1989 азы. Бынæттон гуырдзиæгтæн арт æмæ фæнык нал уыд, уагътой митингтæ, ирон тугæй ахуырст Жорданияйы тырыса-иу куы кæм æрсагътой æмæ куы та кæм. Иу бон Олег кæсы æмæ йæ сыхаг гуырдзиаджы хæдзары сæрæй фæйлауы гуырдзиаг тырыса. Лæппу амæсты, бауад æмæ тырыса раппæрста æмæ йæ йæ къæхты бын сæууæрста. Уæд æм уыдон ралæбурдтой æмæ йемæ загъд самадтой. Олег дæр сын радта аккаг ныхкъуырд, айстой лæппуйы фидар армы цæфтæ. Ацы цауы тыххæй Олегыл бакодтой уголовон хъуыддаг (!), æмæ йын куы иу тæрхондоны æвзæрстой йæ хъуыддаг куы та иннæйы. Æппынфæстагмæ Дзауы районы тæрхондоны уæды тæрхонгæнæг Гæбæраты Уырызмæг сæхгæдта ацы «уголовон хъуыддаджы»…

1991 азы январы гуырдзиæгтæ фынæй горæтмæ куы æрбахылдысты, уæд Остъаты æфсымæртæ сæ хæстон æмбæлттимæ бирæ тыхтæ бахардз кодтой знаджы Цхинвалæй фæсурыны тыххæй. Горæтæй сырд куы баййæфтой, уæд знæгтæ æрбынат кодтой гуырдзиг хъæуты æмæ уырдыгæй æхстой горæтмæ. Æрвылæхсæв дæр Эргнеты хъæуы иу бынатæй Цхинвалмæ æнæауæрдонæй æхстой ракетæтæ. Нæ лæппутæ йæ базыдтой, уырдæм кæй æрбацæуынц ракетæуадзæнтæ æвæрд кæуыл ис, ахæм хæдтулгæтыл. Æмæ аскъуыддзаг кодтой: æнæмæнг æй сæ спырх кæнын хъæуы. Фæлæ куыд, чи бахæсдзæн йæ ныфс? Уыцы хæс сæхимæ райстой, Афганистаны хæстон фæлтæрддзинад чи райста, не знæгтимæ удуæлдай тох чи кодта, уыцы легендарон Джиоты Владик (Басмач) æмæ Остъаты кæстæр фырт Алан. Дыууæ хъæбатыры сæ хæс сæххæст кодтой æнтыстджынæй.

1992 азы 13-æм июны Алан иннæ лæппутимæ цыд Присы хъæумæ тохмæ. Гуырдзиæгтæ æхстой танкæтæ æмæ БТР-тæй. Уыцы æнæмсæр тохы хъæбатырæй фæмард Алан. Уыцы аз ыл 2-æм июлы хъуамæ сæххæст уыдаид 19 азы… Алан цы тохы фæмард уым хайад иста йæ хистæр æфсымæр Олег дæр. Тохы рæстæджы фæцæф Олегы æмбал æмæ йæ уый йе ‘ккой рахаста. Згъудеры уырдыджы æфсымæртæ амбæлдысты. Алан Олегæй ракуырдта нæмгуытæ æмæ дарддæр ацыд йæ фæстаг тохы фæндагыл. Аланы амæлæт  Олег  йæхицæн нæ барста, кæй нæ баурæдта,  мæлæты дзыхмæ йæ кæй ауагъта, уый. Йæ зæрдæ йын хордта уыцы стыр маст.

Фæлæ йæ цæмæй зыдта Олег, йæхицæн дæр бирæ цæрæнбонтæ кæй нал ис, уый. Йе фсымæры амæлæты фæстæ æрæнцой нал зыдта, йæхи æппæрста иу карз тохæй иннæмæ. Уыцы æнамонд бон, 1992 азы 7-æм июлы йе ‘мбал фæцæф æмæ йæ баласта рынчындонмæ. Уым сын ныфсы ныхæстæ дæр фæдзырдта. Фæстæмæ куы рацæйцыд, уæд фæцис мæлæтдзаг цæф. Æмæ та Остъаты Андрушы хæдзар дыккаг хатт кæуинаг фæцис.

Уый размæ Олег комбинатмæ æрбацыд æмæ йе ‘мкусæгæн афтæ бакодта: «Знаг æгæр скарз, лæбуры алырдыгæй. Ды уал ам мæ бæсты дæр бакус, стæй  æз та фæсхæст бакусдзынæн дæ бæсты». Фæлæ йын нал бантыст йæ куыстмæ æрбаздæхын æмæ йе ‘мбалы æмæ йæхи бæсты дæр бакусын… Уыцы æнамонд бон сæ фыд йæ кæстæр æдзард лæппуйы 40-æм бонмæ кусæрттаг ласынмæ уыд. Æмæ, дам, кæд цæфæй нæ мæлыс, уæд дын уый та – рæхуыст… Дыууæ æфсымæры дæр фесты æвæстаг…

Остъаты бинонтæн уыцы æнамонддзинæдтæ фагыл нæ банымадта хъысмæт. Сæ иунæг чызг Азæйы цардæмбал Бабуцидзе Янис сын уыд æртыккаг фырты хуызæн. Уымæн йæ мад ирон уыд. Фæлæ йæхæдæг кæд гуырдзиаг уыд, уæддæр нæ лæппутимæ хæцыд знæгты ныхмæ. Хъомыл кодтой сæ чызг Джуляйы. Фæлæ та уымæн дæр разынд цыбыр цæрæнбон. Дзæуджыхъæуæй Азæимæ рацæйцæугæйæ, бахаудтой аварийы æмæ де знаг дæр афтæ. Цыбыр рæстæгмæ Остъаты бинонтыл æрцыд æртæ уæззау зианы. Уас, сæ тæригъæд æфтыд фæуæд сæ марджыты фæдыл. 1998 азы амард Олег æмæ Аланы рыстзæрдæ фыд, йæ зæрдæ не сфæрæзта ахæм уæззау цæфтæн.

Фæлæ цард дарддæр кæны, кæд зæрдæскъуыд ныййарæг мады зæрдæ, æгæрыстæмæй, хуры зынг тынтæ дæр нал тавынц æнæ йæ дыууæ фыртæй, уæддæр йæ бонтæ æнæады тынд кæны йæ чызг æмæ йæ чызджы хъæбулты æфсæрмæй. Йæ хъæбул Азæ йæ амонд дыккагæй ссардта æмæ йе цардæмбалимæ хъомыл кæнынц сæ фырт Георгийы. Джуля дæр йæ амонд ссардта æмæ йын ис дыууæ сывæллоны. Остъаты æфсымæрты ном та цæрдзæн æнустæм. Цы уынджы цардысты, уый абон хæссы Остъаты æфсымæрты  ном. Ирон адæмæй алчидæр хæсджын у, цæмæй макуы ферох кæной ахæм хъæбатырты нæмттæ. Абон 5-æм скъолайы кæрты уæлмæрды æвæрд ис урс дурцырт дыууæ нывимæ. Цырты бын мæрдæнцой кæнынц дыууæ хъайтар æфсымæры – Алан æмæ Олег. Нæ горæты ма фенæн ис сæ номыл дыууæ сау цыртæн дæр, цыран фæмард сты, уыцы бынæтты.  Мæскуыйы æмæ 8-æм июны уынгтæ кæм иу кæнынц, уым  ис мадзура, хæрзæгъдау Олегы цырт. Дыккаг цырт та ис Згъудеры схæрдгæнæны – уый та у цардбæллон, дзырдарæхст, хъæлдзæг Аланы цырт. Дыууæ æфсымæрæн сæ фæстæ ницы баззад ацы цыртытæй дарддæр…

Кæронбæттæны мæ фæнды иу ахсджиаг хъуыддагыл æрдзурын. Цæвиттон, гуырдзиаг-ирон хæсты райдианы хъæбатырæй чи фæмард,  уыдонæй йæ амæлæты фæстæ хорзæхджын ничи æрцыд Ирыстоны уæлдæр хорзæх – Уацамонгæйæ. 1989-1992 азты фæмардуæвæг хъайтарты хиуæттæй кæимæ фæнды дæр куы фæныхас кæнæм, уæд нын сæ алчидæр равдисы йе нæразыдзинад ацы æнæрæстдзинады тыххæй. Хорз уаид, æмæ æмбæлон органтæ  куы аскъуыддзаг кæниккой ацы ахсджиаг фарст.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.