26-æм августы банысан кодтам нæ республикæйы хæдбардзинад банымайыныл 13 азы сæххæсты  бон, 20 сентябры та  банысан кæндзыстæм Республикæ расидыныл 31 азы сæххæсты бон. Фæлæ, абон  мах уыцы нысаниуæгджын бонтæ нæ нысан кæниккам, гуырдзиаг-ирон хæсты ирон хъæбатыр лæппутæ  знаджы ныхмæ фидар куынæ фæлæуыдаиккой,  уæд.

1889-1992 азты гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды райдианæй фæстæмæ гуырдзиаг фашистты къухæй бирæ ирон цардбæллон лæппутæ бацарæфтыд сты. Уыдонæй бирæтæ æвæстаг фесты, бирæтæ та дзы нæ бафсæстысты сæ хъæбулты уарзтæй, ныууагътой сæ сидзæртæй. Абон уæ  базонгæ кæндзынæн иу ахæм æдзард  хъайтары цыбыр, фæлæ ирд цардвæндагимæ. Цардысты дыууæ амондджын æмкъайы Цхинвалы 8-æм июны уынджы, æмæ, куыд фæзæгъынц, уыдысты фæрæты хъæдæй барст. Тедеты Евген æмæ Гаглойты Замирæ цардысты кæрæдзи æмбаргæйæ, Стыр Хуыцауы цæст сын бауарзта æртæ фырыхъулы хуызæн фырт балæвар кæнын куы бауарзта, уæд. Ныййарджытæ сæ хъæбултыл цæрддзу кодтой æмæ сæ царды раст фæндагыл æфтыдтой. Евген куыста Бендеры астазон скъолайы директорæй æмæ Замирæ та – ахуыргæнæгæй. Цалдæр азы ацы хъæуы скъолайы бакусыны фæстæ дыууæ цардæмбалы кусын райдыдтой горæты. Евген  куыста æндæр æмæ æндæр бæрнон бынæтты. Уыд зæрæдты хæдзары директор дæр. Суанг йæ амæлæты боны онг та уыд уазæгдон «Алан»-ы директор. Замирæ та куыста хъомылгæнæгæй нæ горæты сабидæттæй сæ иуы. Фæстæдæр бинонтæ хæдзар сарæзтой Гудзабары хъæуы æмæ уырдæм рацыдысты цæрынмæ.  Цард сæм йæ мидбылты бæргæ худт, фæлæ æм-бойны сæ амондджын цард æрбайхæлд гуырдзиаг тыхæйисджыты къухæй.

1989 азы ноябры мæйы Тедеты Евген, йæ цардæмбал Замирæ æмæ сæ кæстæр фырт Вадик сæ хъуыддæгты фæдыл ацыдысты Сухуммæ æмæ фæстæмæ здæхгæйæ бахаудтой гуырдзиæгты къухмæ. Æрбакодтой сæ Мегъврекисы хъæумæ æмæ сæ бакодтой 3-уæладзыгон къанторæйы бæстыхаймæ. Сæ паспорттæ сын байсыны фæстæ Евген æмæ Вадимы акодтой ныккæндмæ, Замирæйы та скодтой 3-аг уæладзыгмæ, цыран уыд бирæ ирон сылгоймæгтæ, бирæтæ дзы уыдысты чысыл сабитимæ. Куы æризæр, уæд сæм иу гуырдзиаг лæг æрбадзырдта, зæгъгæ, уæ Гаглойтæй чи у, уый мемæ рацæуæт. Куыд рабæрæг, афтæмæй Евгенæн Замирæ æмæ Вадимы мæтæй йæ зæрдæ срыст æмæ йæ инфаркт ныццавта. Гуырдзиаг сырдтæ бамбæрстой, лæджы хъуыддаг хорз кæй нæу, уый æмæ йын загътой, зæгъгæ, дын дæхи ауадздзыстæм, фæлæ дæ фырт ам баззайдзæн. Фæлæ лæг цæхгæр не сразы ууыл æмæ сын уæд æндæр гæнæн нал уыд æмæ сæ рауагътой. Евгены ма бæргæ баластой Цхинвалы рынчындонмæ, фæлæ йын дохтырты бон дæр ницыуал бацис æмæ иу мæйы фæстæ, 1990 азы январы  цардæй ахицæн. Фæлæ Тедеты бинонты æнамонддзинæдтæ ууыл нæ фесты, разæй сæм æнхъæлмæ каст ноджы стырдæр цæф…

Евгены тæхудиаджы хуры хуызæн кæстæр хъæбул Вадим райгуырд 1961 азы 12-æм июлы. Астæуккаг ахуырад райста нæ горæты 3-æм астæуккаг скъолайы.  Архайдта спортæй, уарзта нывтæ исын, физикон æгъдауæй фидæрттæконд лæппу æххуыс кодта йæ фыдæн хæдзарон куыстыты. Уый дæр йæ ныййарджытау равзæрста ахуыргæнæджы дæсныйад. 1985 азы  ХИППИ-йы историон-филологон факультет каст фæуыны фæстæ кусын райдыдта Синагуры астæуккаг скъолайы ахуыргæнæгæй, уыцы-иу рæстæджы уыд ахуыры хайы сæргълæууæг дæр. Иу азы   фæстæ та ссис ацы скъолайы директор. Æркодта цардæмбал æмæ йын фæзынд чысыл чызг дæр. Иу дзырдæй, бæргæ хорз цыдысты йæ хъуыддæгтæ Вадимæн, фæлæ иу уысммæ æрбайхæлд йæ амондджын цард, йæ хорз фæндтæ æрдæгыл банцадысты гуырдзиаг æнæадæймæгты аххосæй. Йæ сабыр цард фæцис 1989 азы ноябры мæйы, йæ Райгуырæн Ирыстон уæззау уавæры куы бахауд, уæд.

Нæ сагсур лæппутæ, уыдоны нымæцы Вадим дæр слæууыдысты  сæ Райгуырæн зæхх знагæй бахъахъхъæнынмæ. Уый ныууагъта йæ куыст Синагуры астæуккаг скъолайы æмæ æрлæууыд райгуырæн бæстæ хъахъхъæнджыты рæнхъы. Æртæ азмæ æввахс лæууыд постыты Цхинвалы хуссар хайы, Гудзабары районы. Вадим хæстон лæппутæн йæ ныййарджыты хæдзары сарæзта штаб. Уый æрæмбырд кодта лæппуты  æмæ сарæзтой къорд. Къорды хистæр уыд Кокойты Юри æмæ уый фæстæ та – Кокойты Джабо. Вадим ном-хыгъд сарæзта, лæппутæй чи кæм æмæ кæд хъуамæ лæууыдаид, уый тыххæй. Сæ хæдзары уæлхæдзармæ фæхастой 50 голладжы змис. Къорды лæппутæй иу – Коцты Мельсик Абхазæй æрхаста  иу гранат æмæ йын Вадим загъта, зæгъгæ, ацы гранатæй хъуамæ спырх кæнæм знаджы танк. Æмæ, æцæгæйдæр, изæры Вадим æмæ Мельсик ныхъуызыдысты Никозы хъæуы кæронмæ æмæ знаджы танктæй иу спырх кодтой.

Лæппутæ Гудзабармæ æрбахизæнты сæвæрдтой бетон къултæй баррикадæтæ. Гуырдзиæгтæ зыдтой, уым нæ лæппутæ кæй лæууынц, уый æмæ сæм æввахс æрбацæуын сæ ныфс нæ хастой, фæлæ сæ æппынæдзух дардæй æхстой. Уырдæм-иу сæм арæх бацыдысты Хъуылымбегты Торез æмæ Хуыбылты Валери. Кæм сæм уыд хæцæнгæрзтæ дæр, фæлæ сын уæдмæ Хубул æрласта бирæ автоматтæ æмæ ма уæд лæппуты цинæн кæрон кæм уыд. Уавæр æндыгъд кæй уыд, уымæ гæсгæ Вадим йæ цардæмбал Ларисæ æмæ йæ чысыл чызг Иннæйы арвыста Курскмæ Ларисæйы хомæ. Замирæ йæ фырты сайдта, зæгъгæ дæ сывæллон рынчын у, мысы дæ æмæ сæ иу цъус рæстæгмæ уæддæр абæрæг кæн. Фæлæ Вадим йæ фæндыл никуы сразы, загъта-иу ын, зæгъгæ, æз мæ сæр куы бафснайон, уæд ма лæппутæн цы цæсгомæй равдисдзынæн мæхи.

Уыд ахæм цау дæр: Никозæй гуырдзиæгтæ сæндæттыл æрбахъуызыдысты комкоммæ Евгенты хæдзары æмбонды онг, фæлæ сæ лæппутæ фæсырдтой. 1992 азы июлы мæйы хъуамæ Хуссар Ирыстонмæ æрцыдаиккой фидауынгæнæг тыхтæ. Уый базонгæйæ, гуырдзиаг сырдтæ уæлдай тынгдæр æхсын райдыдтой Цхинвалы, хъуамæ ирæттæй амардтаиикой, куыд гæнæн уыд, афтæ фылдæр. Цхинвалмæ æрбаирвæзыны тыххæй ныр та знаг равзæрста æндæр фæндаг – Гудзабары аргъуаны цурты. Æхстытæ сытынг сты. Аргъуаны цурмæ ссыдысты знæгты БТР-тæ æмæ æхстой хæдзæртты. Вадим лæгæй-лæгмæ сæмбæлд иу гуырдзиагыл. Фæхъæр ыл кодта: «Цæмæ æрбацыдыстут, цы уæ хъæуы Ирыстонæй? «Загъта йын, зæгъгæ уæ  горæтмæ нæ бауадздзыстæм. Фæлæ йæ уæдмæ знæгтæ фæстейæ фехстой. Нæ-мыг ын скарста йæ хуылфыдзаума, уæд-дæр ма автоматы магазин равдæлон кодта знæгты æхсгæйæ. Уый фæстæ иннæ лæппутæ скуынæг кодтой БТР æмæ Гудзабары сисын нæ бауагътой.

Лæппутæ Вадимы ластой иуцалхон къухуæрдоныл, уымæн æмæ нæ уыд машинæтæ æмæ тагъд æххуысы станцмæ та фæдзурæн нæ уыд – нæмгуытæ телефоны хæххытæ кæй аскъуыдтой, уымæ гæсгæ. Фæтæгены рухсмæ йын сарæзтой операци, скалдтой йын йæ лыстæг тъæнгтæ иууылдæр, уымæн æмæ иууылдæр уыдысты хуынчъытæ. Дыккаг бон æй райсомæй вертолетыл аластой Дзæуджыхъæумæ. Уым ын сарæзтой ноджы иу операци, фæлæ йын уым дæр дохтырты бон не ссис баххуыс кæнын. Æнæхъæн мæйы дæргъы уый цы хъизæмæрттæ бавзæрста, ууыл дзурын уæлдай у. Йæ цæсгом бургъуыз райста, тынг смæллæг ис. «Йæ царды фæстаг бон арвыста йæ бинонтимæ. Йæ хистæр æфсымæр Тиму-рæн бафæдзæхста  йæ чысыл чызджы, зæгъгæ, схъомыл-иу æй кæн. Цхинвайлæгтæй-иу æм чифæнды дæр ма æрбацыдаид, алкæйы дæр-иу афарста, зæгъгæ, Ирыстонæн нæ баххуыс кæндзысты, цы уыдзæн йæ фидæн. Алкæйы дæр фарста йæ Фыдыбæстæйы хъысмæты тыххæй. Кæд  йæхи уд уынгæджы уыд, уæддæр фæстаг сулæфты онг дæр хъуыды кодта йæ радтæг ирон адæмыл. Йæ фыццаг фарст æмæ йæ фæстаг ныхæстæ дæр  уыдысты Ирыстоныл», – радзырдта мын цæссыгкалгæйæ йæ рыстзæрдæ мад Гаглойты Замирæ.

Тедеты Вадимы æвзонг зæрдæ йæ кусынæй æрлæууыд 11-æм июлы. Ногираг лæппу йын сарæзта чырын æмæ йæ 13-æм июлы раластой Дзæуджыхъæуæй. Æхсæвы баззадысты Уанелы йæ мад Замирæйы цæгаты. 14-æм июлы йæ æрластой Гудзабармæ, йæ хæдзармæ, стæй йæ уырдыгæй рахастой æмæ йæ баныгæдтой 5-æм астæуккаг скъолайы кæрты. Вадимы Цхинвалмæ куы æрластой, раст уыцы бон Хуссар Ирыстонмæ æрбацыдысты Æмхæццæ фидауынгæнæг тыхтæ дæр.  Рауад афтæ, цыма Вадим йæ фæстаг фæндагыл цæугæйæ, эстафетæ радта фидауынгæнæг тыхтæм, кæцыты æрбацыд ирон адæмæн уыд стыр бæрæгбоны хуызæн. Фæлæ Вадим нал бацин кодта фидауынгæнæг тыхты æрбацыдыл дæр.

Вадим нал æрæййæфта, афтæ тынг цæмæ бæллыд, уый – йе ‘фхæрд æмæ хæствæллад Ирыстоны сæрибар æмæ хæдбарæй фенын. Куы йын  бантыстаид хæдбар Ирыстоны  иу цъус рæстæг рацæрын, куы йын бантыстаид ахæм стыр циндзинад банкъарын, фæлæ йын хъыс-мæт æндæр фæндаг схай кодта…

Вадим, хъæр мæрдтæм дæр хъуысы æмæ дæм фехъуысæд Ирыстон  ныр 13 азы нымад паддзахад кæй у, уыцы цины хабар. Фехъуысæд дæм уый дæр, æмæ ды  Дада кæй дæ. Ды чысылæй сидзæрæй цы хъæбулы ныууагътай, уый йæ амонд ссардта æмæ йын фæзынд  хъæбул дæр. Тедеты Вадимыл 12-æм июлы сæххæст уыдаид 60 азы, фæлæ йæ хиуæтты, зонгæты мысынады баззадис 31-аздзыдæй. Вадимы хистæр æфсымæр Тимур дæр йæ музыкалон курдиатæй рухс кодта сценæмæкæсджыты зæрдæтæ «Бонвæрон»-ы солист уæвгæйæ. Уымæн дæр йæ къæхтæ фæцæф сты 1992 азы æмæ бирæ тухитæ бавзæрста. Йæ кæстæр æфсымæр Вадим рынчындоны куы амард, уæд йæ сæр къултыл фæхоста æмæ уæдæй фæстæмæ йæ сæр йæ риссынæй нал банцадис. 2018 азы Дзæуджыхъæуæй æрцыд йæ мады абæрæг кæнынмæ æмæ æвиппайды йæ сæр тынг срыст. Бæргæ ма йæ аластой рынчындонмæ, фæлæ уый дæр цæрынхъуагæй цардæй ахицæн. Зæгъæн ис афтæ, æмæ иу бинонтæй æртæйæ – Евген, Вадим æмæ Тимурыл сæ хур ахуыссыд гуырдзиаг знæгты аххосæй. Уас сын сæ тæригъæд баззайæд!

Мах иууылдæр хæсджын стæм, цæмæй абон Ирыстон сабыр арвы бын кæй фæрцы цæры, уыцы лæппуты ма рох кæнæм æмæ сын кад кæнæм, уымæн æмæ уыдон сты нæ дуджы æцæг хъайтартæ. Абон мах уыдоны фæрцы цæрæм сабыр цардæй, кæнæм сомбоны плæнттæ, хъомыл кæнæм нæ сывæллæтты, цæуæм нæ куыстытæм… Стыр бузныг уын, Ирыстоны хъайтартæ! Рухсаг ут ноджыдæр!

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.