Адæмы царды бирæ ис алы æмæ алыгъуызон бæрæгбонтæ. Ацы бæрæгбонтæй алкæмæн дæр ис хицæн нысан, фæлæ нын сæ кадджындæртæй сæ иу у Уæлхизы бæрæгбон. Азтæ кæрæдзийы ивдзысты, фæлæ уæддæр Стыр Фыдыбæстæйон хæсты æвирхъау цаутæ рох нæ уыдзысты.

Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ Хуссар Ирыстонæй цы бирæ фæсивæд ацыд, уыдонæй сæ иу уыд Джиоты Чъекъойы фырт Константин дæр. Хуыдтой ма йæ Кебыл дæр. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты уæззаудзинад æмæ зындзинад Джиоты Константин цытæ бавзæрста, уыдон дардыл дзуринаг сты. Йæхæдæг куыд дзырдта, уымæ гæсгæ 1941 азы ахуыр кодта Сталиниры аэроклубы, 1942 азы 10-æм апрелы та йæм æрсидтысты Сырх Æфсады рæнхъытæм. Уыцы рæстæджы уый ахуыр кодта Сталиниры педтехникумы. Константинмæ æфсадмæ куы æрсидтысты, уæд фыццаг бахауд фæсауæрцон полкмæ фæлæ 1942 азы июлы мæйы нысангонд æрцыд 157-æм хицæн æхсæг бригадæмæ, кæцы уыд 9-æм æфсады сконды. Фыццаг Джиоты Константин уыд наводчик, стæй та ссис 76-мм  сармадзанты командир.

Йæ фыццаг тохы тыххæй æнкъард æмæ сæрыстырæй дзырдта, зæгъгæ, сын уый уыд хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинад равдисыны фæлварæн. Уыцы тох уыд 1942 азы 17-æм ноябры Илцерскийы станицæйы цур.

Райсом раджы немыцаг фашистты 90 танчы, бронетранспортертæ æмæ дыууæ батальон фистæгæфсад абырстой Сырх Æфсады позицитæм, фæлæ сыл сæмбæлдысты дзуаппон æхстимæ. Знаг æнхъæл нæ уыд ахæм цæф райсыныл æмæ схæццæ сты, стыхстысты, афтæмæй фæстæмæ лыгъдысты. 16 немыцаг танчы баззад тохы быдыры, чи ма дзы аирвæзт  уыдон та лидзинаг фесты.

Станицæ Илцерскæйы бын тохы немыцаг æфсадæн уыд фæстаг бафæлвæрд Грознæмæ, Махачкаламæ æмæ Бакумæ абырсыны.

Ацы карз тохы фæстæ Джиоты Константин хорзæхджын æрцыд хъæбатырдзинады майданæй æмæ йæ блиндажы та райстой партийы уæнгтæм кандидатæй.

1943 азы 7 январы Константин уæззау цæфтæ фæцис Кавказы сæрыл тохы æмæ бахаудта горæт Бакуйы госпиталмæ. Фæсахъатджын иу цæстæй дæр. Уымæ нæ кæсгæйæ, Константин госпиталæй куыддæр рацыд, афтæ та ацыд тохы быдырмæ – фронтмæ æмæ фæстæмæ йæ райгуырæн зæхмæ æрыздæхт 1945 азы уæлахизимæ.

Уæдæ, Джиоты Константин уыд уыцы диссаджы хъаруджын фæлтæрæй, кæдон æппæт дунейæн се ‘хсар æмæ лæгдзинады фæрцы сæрибар æмæ сабырад чи æрхастой.

Рæстæг цыд, æмæ адæм дæр царды фæндтæ кодтой, тырныдтой рæсугъд фидæнмæ, фæлæ та уæдмæ Советон хицауад ныппырх æмæ ирон адæмæн дæр схæццæ сæ цард. Кæцæй æнхъæл уыд Константин дæр тас кæй уыдзæн йæ фыдæлты зæххыл, сабыр Хуссар Ирыстоны уæзæгыл ногæй фашизмæн æвдисæн.

Джиоты Константин йæ педагогон архайды фæстаг азты куыста горæт Цхинвалы скъола-интернаты хъомылгæнæгæй æмæ 1989 азы 23-æм ноябры йæ хъомылгæнинæгтимæ уыд нæ горæтмæ æрбацæуæны, цы ран нæ адæм равдыстой хъайтардзинады диссæгтæ – нæ горæтмæ не ‘рбауагътой гуырдзиаг колоннæты.

Уыцы бон интернаты хъомылгæнинæгты иу хай ацыд сæ хæдзæрттæм. Ин-тернаты ма чи баззади хъомылгæнинæгтæй уыдонæн æхсæвæр бахæрын кодтой æмæ сæ арвыстой фынæйкæнынмæ сæ уæттæм. Сæ хъомылгæнæг Джиоты Константин куыддæр рахызт уатæй, афтæ хистæркъласонтæ рудзгуытæй рагæппытæ кодтой æмæ сæ ных сарæзтой горæты æрбацæуæны æрдæм, цы ран сыййæфтой тынг бирæ адæм.

Джиойы фырт  куы базыдта йæ хъомыл-гæнинæгтæ ахъуызыдысты интернатæй, уæд уый дæр сæ фæстæ атындзыдта.

Леуахийы иннæ фарс та адæм парчы æмбонды æфсæйнæгтæ тыдтой æмæ лыгъдысты гуырдзыйы ныхмæ. Иу ахæм мæцъис фæцис Кебылы дæр æмæ йæ фæндаг дарддæр акодта горæты æрбацæуæны ‘рдæм. Уым йæ хъомылгæнинæгты баййæфта хъахъхъæнджыты раззагон рæнхъыты æмæ  суанг райсоммæ фæ-лæууыдысты уым, стæй æрыздæхтысты интернатмæ. Рæстæг дарддæр афтæ æрдомдта æмæ интернаты рауагъдонтæ дæр слæууыдысты райгуырæн бæстæйы хъахъхъæнджыты рæнхъыты, истой активон хайад знæгты ныхмæ тохты.

Æппæт ацы хабæрттæ Джиоты Константин иу хатт ракодта йæ сыхаг сгуыхт нывгæнæг Саулохты Муратæн. Саулохы фырт Кебылы ныхæстæм гæсгæ сныв кодта мæнæ ацы ныв, цыран фæстаг пъланыл нынныв кодта Ирыстоны символтæ – хæхтæ æмæ мæсгуытæ, æмæ уыдон фоныл та Джиоты Константины йæ хъомылгæнинæгтимæ, уыдон гæрзифтонг сты æфсæйнаг мæцъистæй æмæ дуртæй.

Константинæн йæ зæрдæ тынг рысти æппæт уыцы æвирхъау цаутæ уынгæйæ, æмæ йын ацæрын бирæ нал бантыст.

Джиоты Константин Чъекъойы фырт ССРЦ-ы Сæйраг Советы Президиумы барамындæй хорзæхджын æрцыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фыццаг къæпхæны орденæй, ацы хорзæхы æмрæнхъ Джиоты фырт хорзæхджын уыд æндæр ордентæ æмæ майдантæй.

Бекъойты Майя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.