Хæст… Фыдыбæстæйон хæст… Махæй алчи дæр зоны, цавæр нысаниуæг ис ацы цыбыр дзырдбастæн, уымæн æмæ федтам нæхи цæстæй, цы у хæст. Уый кæддæриддæр хæссы  тугкалд, мæлæт, зындзинæдтæ. 1941-1945 азты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты судзгæ æвзæгтæ  анхъæвзтой æппæт дунейыл, нæ баззад æвыдæй нæ чысыл Ирыстон дæр.  Уæд Хуссар Ирæй Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынмæ фæцыдысты 22 мин адæймаджы.   Абон махæн, хæсты быдыры ахæм дудгæбæттæ чи бавзæрста æмæ сæрибардзинады сæраппонд знаджы ныхмæ удуæлдай тох чи фæкодта, уыдоны фæдонтæн, бар нæй, цæмæй ферох кæнæм уыдонæй сæ иуы ном дæр. Уыдон махæн æрхастой сабырад æмæ  се  сгуыхтдзинæдтæ хъуамæ лæвæрд цæуой фæлтæрæй фæлтæрмæ.

Сылгоймаджы æрдз сфæлдыста цард рæсугъдгæнæг, хъæбултæн цард дæттæг æмæ бинонты артдзæст хъахъхъæнæгæй, фæлæ хъыгагæнæн æрвылхатт афтæ нæ рауайы. Ахæм рæсугъд амонд не ʻрхауд, 1941- 1945 азтæм йе ʻвзонгады æмгъуыд кæмæн æрхауд, уыцы сылгоймæгтæм дæр.  Уыдонæй чи баззад  йæ уарзонмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, чи – сидзæргæсæй, чи та сси  æппæт дунейы нæлгоймæгты æмрæнхъ фыдыбæстæ хъахъхъæнæг.

Абон мæн фæнды иу ахæм ирон чызджы кой ракæнын, кæцы цыд Фыдыбæстæйон хæстæн йæ райдайæнæй суанг йæ фæудмæ, ссис бирæ хорзæхтæ æмæ майданты хицау æмæ фæстæмæ йæ райгуырæн бæстæмæ сыздæхт  сæрæгасæй. Уый у  Къудухты Нинæ. Нинæ райгуырд 1919 азы   Бендеры хъæуы. Йæ фыды фыд Максим цардис ацы хъæуы, фæлæ иуафон сфæнд кодта  хуыздæр цардагур  Гурмæ алидзын.  Йе ʻмкъай раджы фæзиан ис, фæлæ уый, нæлгоймаг уæвгæйæ,  йæ фондз хъæбулы схъомыл кодта, зиан сæ никæуыл æруагъта, афтæмæй, æгъдауджын æмæ цæрдфæразонæй .

Максимы  фырттæй сæ иу Алекси йæ лæджы кары куы бацыд, уæд йæ цард баиу кодта Ленингоры районы Цъолды хъæуккаг чызг Гусойты Екатеринæимæ. Алекси æмæ Екатеринæйæн  райгуырд фараст хъæбулы. Зæнæджы хистæр Нинæйыл æртæ азы куы ацыд, уæд сæм Алексийы хистæр æфсымæр  Лексо йе ʻмкъаимæ æрцыдысты Бакойæ уазæгуаты. Нинæ афтæ рæсугъд чызг уыд,  æмæ æнæзæнæг æмкъæйттæн сæ зæрдæтæ бакъуырдта,   Нинæйы сæхицæн хъæбулæн акæныны хъуыды. Раргом кодтой сæ хъуыды бинонтæн æмæ кæд Алекси æмæ Екатеринæйæн тынг зын уыд сæ хъæбулимæ фæхицæн уæвын, уæддæр Алексийæн йæ бон не сси йе ‘фсымæрæн  «нæ» зæгъын.

Афтæмæй Нинæ æртæ аздзыдæй  фæхицæн ис йæ ныййарæг мад æмæ фыдæй æмæ дарддæр йæ царды бонтæ æрвыста Бакойы йæ фыды æфсымæры хæдзары.

Астæуккаг скъола каст  фæуыны фæстæ Нинæ бацыд медицинон ахуыргæнæндонмæ, уыд ма фæскомцæдисонты комитеты секретарь  дæр.  Уæд райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Фæскомцæдисонты комитет  ауагъта æмбырд æмæ æрсидтысты фæсивæдмæ Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ.  Уыцы æмбырды Нинæ дæр иста хайад æмæ йæхицæн хæсыл банымадта хæстмæ ацæуын. Æмбырды хайадисджытæ уыдысты иуæндæс чызджы, æмæ уыдонæй фараст æнæ рахъуыды-бахъуыдыйæ  райдыдтой сæхи цæттæ кæнын.  Нинæ уыцы бон алвыдта, йæ фæсонтыл йæ  сины сæрты онг цы сатæгсау дзыккутæ хаста, уыдон, æмæ изæры хæдзармæ æрбацыд афтæмæй.  Йæ хъомылгæнæг мад æмæ фыдæн ма цы æмбарын хъуыд, Нинæ цы сфæнд кодта, уый, бæргæ ма йын дзырдтой, цæмæй ма ацæуа, фæлæ Нинæ йæ фæнд нал аивта. Загъта «хæрзбон» йæ хиуæттæн æмæ ацыд Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынмæ.

Нинæйы хо Еленæ куыд радзырдта, афтæмæй Нинæйæн йæ хæстон фæндæгтæ райдыдтой Турчы зæххæй. Фыццаг уал сæ акодтой уырдæм æмæ дыууæ къуыримæ уым  истой хæстон цæттæдзинад. Уый фæстæ Нинæ  рацыд хæстæн йæ карздæр фæндæгтыл, уыд Польшæйы, Румынийы, Венгрийы, Украинæйы, Керчы æмæ ныххæццæ ис суанг Берлины онг. Хъыгагæн, Нинæйы хæстон фæндæгты тыххæй бæлвырддæр бæрæггæнæтæ нæ баззадис йæ бинонтæм, фæлæ  йæ хо Еленæ куыд радзырдта, афтæмæй-иу уый арæх   æрымысыд,  Керчы дардыл цъыфдзасты  уæлцъарыл куыд  ленк кодтой советон  æдзард салдатты худтæ, цъыфдзасты дон та сæ тугæй сырх-сырхид куыд адардта. Ирон чызг бирæ федта хæсты уæззау  цаутæ, кæддæриддæр лæууыд фронты раззаг хаххыл, уыдта йæхи цæстæй йе ‘мхæстон æмгæртты фыдбойнаг  мæлæт,  тынг бирæ уыдысты йæ мысинæгтæ дæр,  фæлæ  Кавказаг  адæмæй сæ фылдæр ам, Керчы зæххыл, кæй ссардтой сæ адзал, уый йын йæ зæрдæ уæлдай тынгдæр къахта æмæ йæ нæ рох кодта.

Нинæ фронтæй йæ буары æрхаста знаджы нæмгуыты  схъистæ æмæ  сæ фæхаста йе уæнгты йæ царды фæстаг бонтæм.  Йæ хæстон хъайтардзинæдты бæрæггæнæтæ та уыдысты йæ бирæ хорзæхтæ. Фæлæ хъыгагæн,  уыдонæй   ныртæккæ Нинæйы бинонтæм иу дæр нал баззад, Нинæ хæстмæ Ирыстонæй кæй нæ ацыд, уымæ гæсгæ уыцы хорзæхтæ фæстæдæр лæвæрд æрцыдысты Гуры æфсæддон музеймæ æмæ абон сæ хъысмæт у æбæлвырд.  Нинæйы хо Еленæйы ныхæстæм гæсгæ, Нинæ йæ бинонтæм фронтæй цы фыстæджытæ æрвыста, уыдон дæр уыдысты сæхимæ, фæлæ уыдон та баззадысты Гуры районы сæ раздæры хæдзары.

1941 азæй 1945 азмæ  Нинæ цард йе ʻмхæстон æмгæртты цардæй, уыд æнувыд æмгар, ныфсхаст æмæ хъайтар сылгоймаг,   цæсгомджынæй тох кодта Райгуырæн бæстæйы сæрибардзинады сæраппонд. 1945 азы Нинæ æрцыд йæ бинонтæм сæрæгасæй, уый  фæстæ, куыд Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг, афтæ бацыд æфсæддон штабмæ Æфсæдтон Политикон зылды сусæг хайады кадрты сæргълæууæгæй.  Уым фембæлд Плиты лæппуйыл, баиу кодтой сæ цард æмæ сын райгуырд иу фырт.

Царды сусæгдзинæдтæй махæн тынг бирæ ис æнæмбаргæ,  куы адæймаджы иуæрдæм фæкъул кæнынц, куы та иннæ ʻрдæм. Нинæ кæд хæрз чысылæй фæхицæн ис йæ ныййарæг мад æмæ фыдæй, уæддæр афтæ рауад, æмæ йæ амæлæты фæстæ ныгæд æрцыд уыдон фарсмæ, Гуры районы Къуархийы хъæуы.

Къудухты Нинæ кæд Ирыстонæй нæ ацыд фронтмæ, уæддæр хаста ирон мыггаг, йе уæнгты зылд ирон туг æмæ уыд йæ адæмæн аккаг чызг, цæмæй абон мах уымæн йæ ном æнустæм баззайа, цы Ирыстоны райгуырд, уыцы адæмæй хæсты хайадисджыты нæмтты ʻхсæн.

Хуыгаты Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.