Стыр Фыдыбæстæйон хæсты историйы тынг бирæ ис, ферохгæнæн кæмæн нæй, ахæм цаутæ. Уыдонæй алкæцыимæ дæр баст сты адæмы хæрзæбонæн, йæ удыл æнауæрдгæйæ, æппæт дæр чи арæзта, уыдоны нæмттæ. Ахæм хъайтар æмæ сæрæнгуырд сылгоймагыл нымад у уырыссаг чызг Соколова Нина дæр.   

Соколова Нина райгуырд 1912 азы, горæт Череповецкы. Йæ ныййарджытæ уыдысты бирæсывæллонджын бинонтæ, нæ сын уыд фаг кусæг тых æмæ Нинамæ, куыд зæнæджы хистæр, афтæ тынг раджы æрхауд йæ мадæн æххуыс кæныны хæс. Афтæмæй сабибонтæй фæстæмæ сахуыр ис уæззау куыстыл, уыд зындзинæдтæн фæразон æмæ  æппæтмæ æвзыгъд чызг. 1931 азы Нина  астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ, бацыд  Доны транспорты инженерты институтмæ. Фæстæдæр æрвыст æрцыд донбыны сæрмагонд нысаниуæджы куыстыты экспедицитæм. Ацы хайад кодта фæдæлдонуæвæг объектты хæрдмæ сисыны, фæсарæйнаг æмæ фыдыбæстæйон науты ирвæзынгæнæн, наулæууæнты арæзтæдтæ æмæ донбын алыгъуызон хæтæлтæ уадзыны куыст. Экспедицийы сæргълæууæг Фотий Крылов цæмæй Нинайæн, сылгоймаг уæвгæйæ, бар радтаид доны бын 10 метрæй фылдæр æрфæны ныххизынæн, уый тыххæй йæ бахъуыд Михаил Калининæй сæрмагонд бардзырд райсын. Калинин радта ахæм бардзырд, æмæ Нина райдыдта донбынты цæуæг экспедициты хайад исын, ссис историйы фыццаг сылгоймаг-дæлдондзог. 1939 азы Баренцевойы денджызæй райдыдта йе службæйы фыццаг бонтæ, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты райдайынмæ бæрæг фæфылдæр йæ фæлтæрддзинад æмæ йæ архайд ахъаз фæцис хæстон дуджы. Йæ дæлхайад кодта, æфсæддон архайдтыты фæстиуæгæн чи ныппырх, уыцы донбыны объектты æндидзынгæнæн куыстытæ. Систой-иу доны бынæй хæцæнгæрзтæ, продукттæ, кодтой æндæр зын æмæ тæссаг куыстытæ. 1941 азы Невæйаг Дубровкæйы арæзт æрцыд аварион-ирвæзынгæнæн къорд, кæцыйы сæйраг хæстæм хауд танктæ æмæ артиллери ласынæн доны бынты фæндаг айгæрдын. Уыцы рæстæджы фæдæлдон сты цалдæр науы продукттæ   хæцæнгæрзтимæ. Уыдонæй Нинæйы ирвæзынгæнæг къорд доны бынæй сластой 4 мин голлагæй фылдæр мæнæу æмæ блокадæйы уæвæг ленинградæгтæ цалдæр боны æххормаджы фæстæ  райстой дзулы продукттæ. Ленинградæгтæ ма æййæфтой æртаджы хъуагдзинад дæр, кæцы уыд æнæмæнгхъæугæ, хæстон техникæйы кусын кæнынæн.  Цалдæр боны æмгъуыдмæ Нинайы отряд сарæзтой доныбынты фæндæгтæ æмæ блокадæйы уæвæг Ленинград ифтонг æрцыд æртагæй.

Уыцы аз ма дæлдондзогты раз æвæрд æрцыд Ленинграды фронт æмæ Мæскуыйы ‘хсæн телефоны бастдзинад сифтонг кæныны хæс. Телефоны хахх хъуыд донбынты ауадзын. Ам дæр та Нинайы отряд равдыста фæлтæрддзинад æмæ цыбыр æмгъуыдмæ сифтонг кодтой бастдзинад.

Иуахæмы Нина, Мæскуымæ куыстуатон балцы цæугæйæ, амбæлд Ленинграды фронты æндидзынгæнæн куыстыты сæргълæууæг Иван Зубковимæ æмæ йын загъта йæ ног фæнд  Ладогы доны бынты æртагуадзæн хæтæл ауадзыны тыххæй. Уыцы фæнд уайтагъд ист æрцыд Хъахъхъæнынады комитеты къухдариуæгады ‘рдыгæй æмæ  цыбыр рæстæджы фæстæ  комитет йæ къух æрфыста  донбынты æртагуадзæн хæтæл 50 бонмæ ауадзыны проектыл. Легендарон æрыгон сылгоймаг Нина Соколова уыд уыцы  историон проекты автор æмæ йæ арæзтады сæйраг архайæг дæр.  Нинайы отряд ацы проект сæххæст кæныны бакодтой зынгæ куыст. Æппæт зындзинæдтæм нæ кæс-гæйæ, хæтæлуадзæн куыстытæ фесты æмгъуыдæй раздæр; 29 километры дæрццæгæн хæтæл, кæцыйæ 21 километры уыд доны бын 35 метры æрфæны  уагъд æрцыд 43 боны æмгъуыдмæ, кæд ын лæвæрд уыд 50 боны, уæддæр. Фæстæдæр уыцы хахх рахуыдтой «царды артери».

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæудмæ Нинæ ссис Æфсæддон-денджызон тыхты инженер-дæлбулкъон. Ладогы арæзтадон куыстыты рæстæджы фæцæф ис дыууæ хатты, 644 сахаты, ома, 43 арæзтадон бонтæй 27 фæкуыста донбынты. Дыууæ хатты хорзæхджын æцыд Сырх стъалыйы ордентæй, дыууæ хатты – Фыдыбæстæйон хæсты 2-аг къæпхæны ордентæй æмæ «Кады нысан»-æй.  Райста инженер-булкъоны цин. Фыдыбæстæйон хæсты фæстæ куыста М.В. Фрунзейы номыл Уæлдæр æфсæддон-денджызон ахуыргæнæндоны (фæстæдæр – Санкт-Петербурджы æфсæддон-денджызон институт), каст гидравликæ æмæ гидродинамикæйы курс. Схъомыл кодта дыууæ хъæбулы – лæппу æмæ чызг.

2001 азы 90-аздзыдæй йæ цардæй ахицæн ис Стыр Фыдыбæстæйон хæсты архайæг иунæг сылгоймаг-дæлдондзог Соколова Нина. Нинайы ном хаст у Санкт- Петербурджы Сыгъзæрин чиныгмæ. Йæ ном ын сæнусон кæныны цытæн йæ райгуырæн боны 100 азы юбилеймæ йæ цæрæн хæдзары къулыл баконд æрцыд мемориалон фæйнæг.

Æрмæг бацæттæ кодта

ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.