Криминалон милицийы тагъд фердӕхты къорды (ОМСН) сырӕзтыл сӕххӕст 21 азы. Спецкъорды кусджытӕн сӕ профессионалон бӕрӕгбоны цытӕн раарфӕ кӕнынмӕ бацыдысты республикӕйы къухдариуӕгад Гаглойты Аланы сӕргълӕудӕй, мидхъуыддӕгты министрады къухдариуӕгад министр Гуыцмӕзты Аланы сӕргълӕудӕй, нӕ республикӕйы æндæр тыхон структурӕты минӕвӕрттӕ ӕмӕ ОМСН-ы ветерантӕ.

Бӕрӕгбоны цытӕн спецкъорды дислокацийы территорийыл рӕнхъон скондӕн сарӕзтой цытджын ралӕуд. Гуыцмӕзты Алан йӕ раныхасы зӕрдиаг арфӕйы  ныхӕстӕ загъта ацы къорды кусджытӕн ӕмӕ банысан кодта, зӕгъгӕ абоны бон барадхъахъхъӕнӕг органтӕ ӕнӕ ОМСН-ы ӕххуысӕй иунӕг сӕрмагонд операци дӕр нӕ саразынц.

«ОМСН-ы историмӕ куы акӕсӕм, уӕд дзы фенӕн ис райгуырӕн  бӕстӕйӕн иузӕрдион лӕггад кӕныны бирæ цӕвиттонтӕ. Ацы къорды кусджытӕй бирӕтӕ хорзӕхджын ӕрцыдысты республикӕйы уæлдӕр хорзӕхтӕй. Цалдӕрӕй та дзы сӕ мӕлӕт ссардтой Ирыстоны сабырдзинад  хъахъхъӕнгæйæ», – загъта   ведомствойы сӕргълӕууӕг.

Гуыцмӕзты Алан уӕлдай бузныджы ныхӕстӕ загъта ветерантӕн, кӕцытӕ егъау хайбавӕрд бахастой нӕ республикӕйы райрӕзтмӕ. Министры ныхӕстӕм  гӕсгӕ, абон спецкъорды цы ӕрыгӕттӕ хӕссынц службӕ, уыдонӕй ис ныфс бавӕрӕн, уымӕн  ӕмӕ цӕсгомджынӕй ӕххӕст кӕнынц сӕ разылӕууӕг хӕстӕ ӕмӕ цӕстыгагуыйау хъахъхъӕнынц, ветерантӕ сын цы хӕстон традицитӕ ныууагътой, уыдон.

Гаглойты Алан йӕ арфӕйы ныхӕсты банысан кодта ОМСН-ы цӕттӕдзинады бӕрзонд ӕмвӕзад.

«Сымах кӕддӕриддӕр цӕттӕ стут иууыл бӕрнондӕр хӕстӕ сӕххӕст кӕнынмӕ, хъахъхъӕнут ӕмбӕстӕгты ӕдасдзинад, уӕ фӕрцы фидар кӕны ӕхсӕнадон фӕтк ӕмӕ закон», – загъта Президент.

Гаглойты Алан спецкъордӕн балӕвар кодта автомашинӕ «УАЗ Патриот», кӕцы нӕм ӕххуысы хуызы ӕрӕджы ӕрӕрвыста Цӕцӕны Республикӕйы президент Рамзан Кадыров. Сӕ службӕйон хӕстӕ цӕсгомджынӕй кӕй ӕххӕст кодтой, уый фӕдыл цалдӕр кусӕджы та хорзӕхджын ӕрцыдысты майдантӕй «За службу на страже мира в Южной Осетии» ӕмӕ «Защитник Отечества»- йӕ. ОМСН-ы командирӕн та лæвæрд æрцыд «Республикӕ Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕг органты сгуыхт кусӕг»-ы кадджын ном. Уымӕй уӕлдай ма булкъоны пагӕттӕ президенты къухтӕй райста ОМСН-ы командиры хӕдивӕг Плиты Владимир.

Кӕронбӕттӕны ОМСН-ы кусджытæ инсценировкæйы хуызы равдыстой эпизодтæ – æхсæнгарзимæ цырд архайынæй, гæр-зифтонг фыдгæнджыты æрцахсыны операци æмæ ма æндæртæ.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.