Немыцаг фашистон тыхæйисджытыл Уæлахизы 78 азы сæххæсты цытæн нæ горæты Хъайтарты Аллейы Æнусон арты раз æрвылаз дæр уагъд æрцæуы традицион мысæн мадзал. Ацы аз дæр ам хайад райстой бæстæйы къухдариуæгад, æхсæнады минæвæрттæ.
Мадзалы райдиан Æнусон арты раз сæрæгæсты номы кадæн æмæ 1941-1945 азты Райгуырæн бæстæйы сæрибардзинады сæрыл йæ уд чи рауæлдай кодта, уыдоны номыл бæстæйы сæргълæууæг Гаглойты Алан сæвæрдта Кады æмæ Мысынады гирляндæ.

Мадзалы хайад райстой Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, Парламенты депутаттæ йæ Сæрдар Æлборты Аланы сæргълæудæй, Хицауады Сæрдар Джусойты Константин, бæрнон кусджытæ, тыхон æмæ барадхъахъхъæнæг структурæты минæвæрттæ. Уыдон дæр дидинджытæ æмæ веноктæ сæвæрдтой Æнусон арты раз.

Бæстæйы разамонæг банысан кодта, Уæлахизы бон, æцæгæйдæр, кæй у «цæстысыгимæ бæрæгбон», уымæн æмæ уæлахиз нæ къухты бафтыд стыр аргъæй. Уæлахизы бæрæгбон, зæгъгæ, у стыр боны мысынад, кæцы сбæрæг кодта хæсты кæрон æмæ нæ фервæзын кодта нацизмы мæлæтхæссæг тæссагдзинадæй.

«Стыр Фыдыбæстæйон хæст Советон Цæдисы адæмтæн уыд уæззау фæлварæн. Уымæ гæсгæ Уæлахизы бон у, нацизм чи ныддæрæн кодта, уыцы фæлтæрæн нæ стыр бузныджы нысан», – дзырдта Президент.

Дарддæр банысан кодта, Хуссар Ирыстонæй знаджы ныхмæ тохтæм мингай хæстхъом фæсивæд кæй аивылдысты æмæ сæ фылдæр тохы быдырæй кæй нал æрыздæхтысты.

Уыдоны нæмттæ æрымысыны тыххæй бахатыд мадзалы хайадисджытæм æмæ сын, æмырæй алæугæйæ, ссардтой сæ рухс нæмттæ.

«Ирыстоны фырттæ æмæ чызджытæ сæ хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй райстой бирæ хорзæхтæ, уыцы нымæцы «Советон Цæдисы хъайтар»-ы нæмттæ дæр», – банысан кодта Президент.

Йæ ныхæстæм гæсгæ ныртæккæ фашизм ногæй схæцыд йæ сæрыл. Хуссар Ирыстон, зæгъгæ, 30 азы дæргъы тох кодта гуырдзиаг нацизмы ныхмæ. Æмæ ныртæккæ Украинæйы зæххыл Бандерайы фæстагæттæ куынæг кæнынц мингай сабырцæрæг æмбæстæгты.

«Донбасс æмæ Запорожьейы зæххыл нæ уæрæсейаг æфсымæртимæ иумæ хъæбатырæй тох кæнынц ирон хæстонтæ. Хъыгагæн, уыдон æхсæн ис, чи фæмард ахæмтæ. Мæ зæрдæ зæгъы уым уæвæг хæстонтæн, цæмæй æввахс рæстæджы сæрæгас æмæ æнæнизæй æрæздæхой сæ хæдзæрттæм», – банысан кодта уый.

Мадзалы рæстæджы ма Гаглойты Алан æмæ Марат Кулахметов дидинджытæ сæвæрдтой Советон Цæдисы Хъайтар Плиты Иссæйы бюсты раз.

Хæстон азты зарджыты зæлтæм нæ горæты астæуккаг скъолаты ахуыргæнинæгтæ равдыстой чысыл эпизод фронты салдатты цардæй, æххæст кодтой æфсæддон темæйыл зарджытæ.

Алы бинонтæн дæр сæхи æфсæддон истори ис, сæхи мысынад æмæ махæй алкæмæндæр ахсджиаг у, цæмæй нæ сывæллæттæ, уыдон сывæллæттæ хъуыды кæной уыцы стыр тохтæ, советон адæмы стыр сгуыхтдзинæдтæ.

Советон адæм фашизмыл куы фæуæлахиз сты, уымæй рацыд 78 азы. Уал азы мах сæрыстыр стæм, не ‘мзæххонтæй Стыр Фыдыбæстæйон хæсты тохы быдырты лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинад чи æвдыста, уыдонæй. Мах стæм уыцы хъæбатырты фæдонтæ æмæ сын дарддæр кæнæм сæ хæстон традицитæ. Уымæн æвдисæн сты, ныртæккæ Украинæйы зæххыл сæрмагонд æфсæддон операци уадзыны не ‘мзæххонтæ цы хъæбатырдзинæдтæ æвдисынц, уыдон дæр.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.