Цыппæрæм райсом хуссарирыстойнаг фæсивæдон делегаци 130 адæймаджы скондæй афæндараст сты горæт Сочимæ, уым хайад райсдзысты Фæсивæдон дунеон фестивалы. Ацы фестиваль у уæрæхмасштабон æмæ цалдæр боны дæргъы цæудзæнис Сочийы федералон ахуырадон центр «Сириус»-ы базæйыл.

Фæсивæды дунеон фестиваль ауадзыны тыххæй бынаты æппæт уавæртæ дæр æрцыдис арæзт æмæ ныр уазæгуарзаг Сочи æмбæлы йæ æрыгон уазджытыл.

Хуссар Ирыстоны фæсивæд традицимæ гæсгæ æрбамбырд сты Театралон фæзуаты æмæ сæ ардыгæй фæндараст кодтой сæ ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджытæ. Уым сæм æнхъæлмæ каст дыууæ комфортабелон автобусы æмæ сæ бынатмæ чи фæхæццæ кæндзæн, уыцы паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ.

Фæсивæдæн сæ ахсджиаг балцы тыххæй арфæ ракæнынмæ æрбацыд нæ бæстæйы сæргълæууæг Гаглойты Алан дæр. Уый хъæлдзæг зæрдæйы равгимæ фембæлд семæ æмæ сæ бафæдзæхста, цæмæй куыд æмбæлы, ахæм бæрзонд æмвæзадыл равдисой Хуссар Ирыстоны. Уыдон дзырд радтой, кæй нæ фæхудинаг кæндзысты сæ республикæйы.

«Нæ зынаргъ, фæсивæд, абон мах æрбацыдыстæм Театралон фæзуатмæ, цæмæй уæ афæндараст кæнæм Сочимæ. Ахсджиаг хъуыддаджы фæдыл цæут æмæ хъуамæ фестивалы равдисат ирон культурæ  рæсугъд æмæ уæзданæй æмæ уын уый тыххæй арфæ кæнын. Кæрæдзи хъахъхъæнут æмæ æмзонд ут. Мах бæлвырд зонæм фестиваль уæ зæрдæмæ кæй фæцæудзæнис æмæ йæ бирæ рæстæг уæ зæрдыл кæй дардзыстут. Сымах уым алыгъуызон мадзæлтты руаджы фендзыстут æмæ базондзыстут бирæ ногдзинæдтæ æмæ уыдæттæ уæ зæрдыл ма бадарат, уый гæнæн нæй. Мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй уæ алчидæр æрæздæха хъæлдзæгæй æмæ æнæферохкæнинаг тæлмæнтимæ», – йæ арфæйы ныхасы банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг.

Фестивалы хайадисджытæн арфæ ракодта нæ республикæйы Фæсивæдон политикæ æмæ спорты комитеты сæргълæууæг Хуыбежты Руслан дæр. «Мæнæн тынг æхсызгон у уый æмæ Хуссар Ирыстонæй егъау делегаци кæй цæуы фестивалмæ. Уый фыццаджыдæр къухты бафтыд нæ паддзахады разамынады руаджы æмæ сын уый тыххæй зæгъын стыр бузныг», – банысан кодта Хуыбежты лæппу.

Фæсивæды дунеон фестиваль Сочийы йæ куыст райдайдзæн 1-æм мартæй æмæ аххæсдзæн 7-æм мартмæ. Æдæппæтæй уым хайад райсдзæн дыууын минæй фылдæр адæймаджы бæрц æмæ фестивалы фæлгæтты хуссарирыстойнаг делегаци адæмы базонгæ кæндзæн национ культурæимæ, уый тыххæй бацæттæ кодтой егъау программæ.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.