20-æм сентябры цытджын парады фæстæ боны 13:00 сахатыл Пионерты парчы байгом ис традицион ирон къæбицы равдыст. Ам Хуссар Ирыстоны дзыллæ уæрæхæй минас кæнгæйæ банысан кодтой цины бæрæгбон. Ардæм фæуазæг сты уазджытæ æмæ хицауады разамонджытæ нæ республикæйы Президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй. Æртæ уæливых æмæ бæгæныйы кæхцимæ фыццаг сæ размæ рацыдысты горæт Цхинвалы администрацийы минæвæрттæ. Ракуывтой бæрæгбоны цытæн æмæ ирон æгъдаумæ гæсгæ дзаггарз авæрдтой бæстæйы сæргълæууæгмæ. Стыр бæрæгбоны фæдыл Гаглойты Алан ракуырдта Хуыцауыл хорзæхтæ Хуссар Ирыстоны æппæт цæрджытæн, æмæ сын уый фæстæ зæрдиаг арфæ ракодта.

«1990 азы 20-æм сентябрь Хуссар Ирыстоны историйы ахсы ахсджиаг бынат. Нæ куырыхон хистæртæ Республикæ расидыны тыххæй фыццаг къахдзæфтæ куы сарæзтой, уæдæй рацыд 33 азы. Уый уыд нæ ирон адæмы фæндвидар бæллиц сæрибардзинад æмæ хæдбардзинадмæ æмæ абон мах цæрæм хæдбар паддзахады. Ныр та радон хатт нысан кæнæм нæ иууыл нысаниуæгджын æмæ ахсджиагдæр бæрæгбонтæй сæ иу æмæ мæ фæнды зæрдиаг арфæ ракæнын нæ адæмæн. Хуыцау зæгъæд, цæмæй не ‘ппæт дæр цæрæм сабыр арвы бын æнæниз æмæ амондджынæй! Абон уæ къæбицтæ куыд бæркадджын æмæ хъæлдзæг сты, афтæ бæркадджын æмæ зæрдæрухс уæнт уæ хæдзæрттæ дæр!», – йæ арфæйы ныхасы банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг.

Уый фæстæ Гаглойты Алан æмæ уазджытæ ацаходыдтой фæрныг фысымты уæливыхтæй, бæрæгбоны цытæн ракуывтой æмæ раарфæ кодтой ирон хæринæгтимæ сæ чи зонгæ кодта, уыдонæн. Бузныджы ныхæстæ дзырдтой хæрзад хæринæгтæ чи æрцæттæ кодтой, уыдонæн дæр. Дарддæр республикæйы къухдариуæгад æмæ уазджытæ разылдысты районты къæбицтыл дæр æмæ ирон традицимæ гæсгæ алкæмæн дæр раарфæ кодтой дзаггарзæй. Уыдон сыл иууылдæр æмбæлдысты фæндыры цагъд æмæ ирон зарджытимæ, кæмдæрты та уыд хъазт дæр.

Традицион ирон къæбицы равдыст

Ирон къæбицы равдыстмæ нæ республикæйы районтæй æрластой бæркадджын фæззыгон фæлхас. Хъæздыг уыдис алкæцы фынг дæр, се ‘ппæт дæр бацархайдтой, цæмæй сæ фынгтæ рауадаиккой аив фæлыст, хæрзад æмæ бæркадджын. Районты минæвæрттæ се ‘ппæт дæр сæхи æвдыстой хорз фысымтæй æмæ уымæй ирон фæззыгон къæбицы равдыст рауад тынг цымыдисон. Фынгтæ уæз кодтой ирон къæбицы æппæт традицион æмæ æнæтрадицион хæринæгтæй, фæззæджы æркæнгæ равзаргæ тыллæг – экологион æгъдауæй сыгъдæг дыргътæ æмæ халсæрттæй.

Равдысты фæстæ парчы фæзуаты нæ республикæйы сфæлдыстадон къордтæ сарæзтой хъазт æмæ сæм адæм кæсынтыл фесты.

Бæрæгбоны хъæлдзæг нывтæй радис адæймаджы зæрдæ. Уадз æмæ нæ республикæйы, кæддæриддæр, уæнт æнæниздзинад, фарн, бæркад æмæ амонд!

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.