Зæхкусæг афæдзы алы рæстæджы дæр æрулæфт нæ зоны. Стæй ма хæдзардзин, куыстуарзаг хъæууон фæллойгæнæг йæ зæрдыл дары уый, æмæ цыфæнды куыстмæ дæр хъуамæ дарай бæрнон ахаст. Уæд, æнæмæнгдæр, дæ фæззæджы æркæнгæ бæркад уыдзæн зæрдæйы фæндиаг, барухс дзы уыдзæн дæ зæрдæ.

Ахæм куыстуарзаг, хъаруджын фæллойгæнджытæм хауынц Ленин-горы районы механизатортæ Габиты Хвича, Хуриты Сослан æмæ Дриаты Тамаз дæр. Ацы æртæ сæрæн зæхкусæджы сæхи никуы атигъ кæнынц цыфæнды хъæууонхæдзарадон куыстыл дæр æмæ сæ уый тыххæй райгонд сты районы разамонджытæ дæр.

Раззагон æртæ фæллойгæнæджы цы хойрагон культурæтæ  байтыдтой, уыдон ныртæккæ сты бабæстон кæнинаг. Æфсиртæ бур адардтой æмæ уый та нысан кæны, хуымгæрдæн кæй æрбалæууыд.  Уыцы ахсджиаг æмæ æнæаргъæвгæ куыст сæ рох нæу æмæ къуырийы размæ бавнæлдтой сæ тыллæг æфснайынмæ. Хоргуыстгæнæгæн æхсызгондзинады æнкъарæнтæй йæ зæрдæ барухс вæййы, тыллæгæрзад бæркадджын куы вæййы, уæд. Не сты къæмдзæстыг комбайнертæ дæр, цыбыр рæстæгмæ уал сын бантыст Орчъосан æмæ Цъинагары быдырты 200 гектарæй фылдæр ныккæрдын. Тракторон бригадæйы бригадир, раззагон комбайнер Габийы фырт куыд радзырдта, афтæмæй алы гектарæй дæр, астæуккаг нымадæй, исынц 20-22 центнеры. Мæгуырау боныгъæдтæ сæ кæд нæ бахъыгдарой, уæд сæ тыллæгæфснайд æрцæудзæн цыбыр æмгъуыдтæм æмæ æнæсæфтытæй.

                                                                  ХУЫБИАТЫ Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.