Цхинвалы районы Ирыхъæуы цæрæг Сабанты Славик ивгъуыд аз алы хуыцаубоны стыр базары уæй кодта йæхи æрконд халсæрттæ – джитъри, пъамидор. Фæстагмæ йæм æлхæнджытæ бынатмæ цæуын райдыдтой.

Куыстуарзаг æвзонг лæппу йæ амалиуæгад скусын кодта дыууæ азы размæ. Йæ бизнес райтынг кæныны хуызы хицауадæй 250 мин сомы кредит райста æмæ йын уый тынг фæахъаз ис. «Амалиуæгад райдайын æнцон нæу, баст у бæрæг зындзинæдтимæ, хатт тæссаг вæййы фæрæзтæ дзæгъæлы бахардз кæнынæн. Ныртæккæ мæ хъæрмуат кæм ис, уый мæ фыдæлты зæхх уыд. Æз мæ-хæдæг Цæгат Ирыстоны хъомыл кодтон. Мæ ныййарджыты мын ардыгæй 1992 азы асырдтой гуырдзиаг фашисттæ. Уым Октябрскийы хъæуы æрцардыстæм. Зæххы куыст уарзтой мæ ныййарджытæ æмæ чысыл зæххы гæппæлыл алцы дæр зайын кодтой. Фæлæ-иу арæх мысыдысты, ацы бынаты сын цы уæрæх азмæлæнтæ уыд, уыдон. Уымæн сфæнд кодтон, фæстæмæ мæ фыдæлты зæхмæ æрцæуын», – зæгъы Славик.

Сабанты лæппумæ хъуыддагæн  фаг фæрæзтæ нæ уыд. Фæлæ фехъуыста, хицауад кæй æххуыс кæны, бизнес-план чи бацæттæ кæны, уыдонæн. Экономикæйы райрæзты министрады сæрмагонд къамисы йын разыйы ныхас куы загътой, уæд йæ цинæн кæрон нал уыд. Рахицæн ын кодтой 250 мин сомы. Фæлæ уал уæдмæ æвзонг нæлгоймаг хъаруйæ самал кодта каркастæ. Кредиты хуызы æхцатæй хъæрмад æркодта æмбæлон уагмæ, йæ фæрстæ йын бамбæрзта целлофанæй, сарæзта йæм донхæргæнæнтæ.  Йæ сæр та йын сагъуыста лексанæй. «Фыццаг аз ныссагътон пъамидоры садзæнтæ æмæ сæ ауæй кодтон. Дыккаг аз та пъамидортæ æмæ джитъритæ мæхæдæг схъомыл кодтон. Тынг зæрдиагæй сæ истой нæ горæты цæрджытæ», – зæгъы лæппу.

Хъæрмуаты ма задис цæхæрайы сыфтæ дæр. Уыдон та-иу Сла-вик ауæй кодта горæты кæрдзынгæнæг къæбицтæн. Ахæм уагдæтты хицæуттæм ис нитраттæ æвдисæг  аппараттæ. Æмæ-иу куы бамбæрстой цæхæрайы сыфтæ экологон æгъдауæй сыгъдæг сты, уæд та-иу æм ногæй бахатыдысты, цæмæй æрбахæсса йæ продукци. Дыккаг азы тыллæгæй дæр райгонд уыд Славик, фæлæ йæ хъæрмуаты фæрстæ лексанæй баивыныл ацыдысты йе ‘хцатæ. Æвзонг амалиуæггæнæг зæгъы, зæгъгæ, хъæрмуат капиталон арæзт куы нæ уа, уæд тæссаг у, йæ куыстытæ дзæгъæлы куы фæуой, уымæй. Уымæн æмæ тыхдымгæтæ æмæ ихуардтытæ куы вæййы, уæд хъæрмуаты фæрстæ  целлофантæй æмбæрзт сты æмæ ныскъуыдтæ вæййынц. Уый ма зæгъы, зæххы куыст, дам, чи кæны, уый хъуамæ алцæмæдæр лæууа цырд. Иу бон дæр, дам, бæрæгæй фæзыны, иу куыст иннæйы æййафы.

Ацы аз та Славик сфæнд кодта йæ хъæрмуаты æрыскъæфтæ байтауын. «Æз хъæуы хъомыл кодтон. Мæхи цæстæй уыдтон, мæ мад-иу æрвылаз дæр уыцы иу бынаты куыд тыдта пъамидортæ æмæ джитъритæ. Кæд-иу сæм иттæг хорз зылд, уæддæр-иу зæрдæйы фаг тыллæг нæ лæвæрд-той. Интернеты  хызæджы хъæууон хæдзарады продукттæ æрзайыны тыххæй специалисттæ куыд амонынц, афтæмæй алы аз дæр ивын хъæуы халсарты бынæттæ, уæд, дам, хуыздæр тыллæг дæтдзысты.

«Гагадыргътæй æппæты тагъддæр æрыскъæф срæгъæд вæййы. Майы мæйы райдианы радты фыццаг тыллæг æмæ ма сентябры дæр æрзайы. Æрыскъæфмæ æнцон зилæн нæу, ис ын сæрмагонд биологон миниуджытæ. Куы нæ йæм зонай зилын, уæд дын æмбæлон тыллæг нæ ратдзæн. Мæ ныййарджытæн дæр-иу цæхæрадоны уыд æрыскъæфтæ сагъд, фæлæ уырдыгæй иу къусыдзагæй фылдæр никуы æртыдтой. Специалист амоны, зæгъгæ, æрыскъæфыл «рихитæ» куы разайы, уæд æм уæлдай хуыздæр зилын хъæуы. Арæх æй хъæуы рувын. «Рихитæй ныууадзын хъæуы сæ ставддæры, иннæты та сыскъуынын.  Æртæ азæй фылдæр уадзын æй нæ хъæуы, стæй хъуамæ уыцы бын ногæй баивай. Ацы гагадыргъ бирæ уарзы хъарм, фæлæ æнæфæразон у хуры тæвдæн, уæлдайдæр, зæххы уымæлад цъус куы вæййы. Гæнæнуæвгæйæ йæ садзын хъæуы, фаг рухс кæдæм нæ хæццæ кæны, ахæм рæтты. Зæгъæм, æрыскъæф апрелы мæйы хъуамæ æрцæуа донхæр. Апрелы мæйы уæлдæфы хъæрмад æмæ уымæлад цас æмбæлы, уыйбæрц куы уой, уæд тыллæг вæййы бирæ хæрзаддæр æмæ ставддæр. Хъæрмад хъуамæ уа 28 градусы, зæххы уымæл та – 85 проценты. Æрыскъæфы сорттæ сты 200 бæрц. Фæлæ мах уавæрты хорз зайынц «Мишук», «Восток» æмæ «Королевская».

Ацы куыстытæм йæ хъус аздахын кæй фæнды, уыдонæн Славик амоны, цæмæй сæ садзой фæл-мæн куыстгонд зæххыл. Раздæр пъамидор æмæ джитъри кæм сагъд уыд, ахæм зæххыл. Зонын хъæуы уый дæр, æмæ æппæты тæссагдæр æрыскъæфæн у зулкъ. Йæ зæнг ын ахæры. Æрыскъæфмæ ма æмхиц у зокъониз дæр. Цæмæй йыл ма бахæца, уый тыххæй йæ рагуалдзæджы хъæуы нитрофинæй бапырх кæнын.

Сабанты Славик фидарæй зæгъы, майы мæйы райдианы нæ горæты базары бынæттон æрыскъæфтæ кæй уæй кæндзæн.

Уазæгты Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.