Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты клуб «Аполлон»-ы уæнгтæ  цæгатирыстойнаг делегаци Беслæны скъолайы раздæры амынæттимæ æмæ «Матери Беслана»-йы комитеты æмсæрдар Сидахъты Ритæимæ æртæбонон балцы уыдысты «Мады цæссыг»-ы цады.

«2004 азы Беслæны 1-æм астæуккаг скъолайы æрцæугæ трагедийæ цалдæр азы фæстæ Бестауты Бала фæндон бахаста, цæмæй Хъелы уæлвæз бынаты цæдтæй сæ иуы схоной ацы сывæллæтты номыл. 2009 азы уый «Беслæны мæдты»  уæнгтимæ схызт уырдæм. Сæхæдæг федтой ацы цады. Уым æвæрд æрцыд мысæн фæйнæг æмæ 2019 азы цады официалонæй схуыдтой Беслæны фæмардуæвæг сывæллæтты тыххæй мысынадæн», – радзырдта Къацты Олеся.

Клубы ацы балцы хайад райстой 64 адæймаджы. «Цадмæ дыууæ хатты схызтысты «Беслæны мæдты» комитеты уæнгтæ. Ныр та уырдæм фæхуыдтам беслæйнаг скъолайы раздæры амынæтты. Куы сын фехъусын кодтам нæ фæндоны тыххæй, уæд сæ тынг бафæндыд цадмæ схизын. Æдæппæтæй Цæгат Ирыстонæй балцы хайад райстой 11 адæймаджы Сидахъты Ритæйы сæргълæудæй. Уый ныр æртыккаг хатт схызт ацы бынатмæ. «Уыдис нын стыр къорд. Æрæмбырд кодтам студентты, цæмæй уыдон фылдæр базоной ацы трагедийы тыххæй, афтæ ма немæ ацыдысты клубы ветерантæ. Базонгæ æмæ схæлар сты цæгатирыстойнаг фæсивæдимæ. Нæ рады, мах цæгатирыстойнаг фæсивæды базонгæ кодтам студентон клуб «Аполлон»-ы традицитимæ. Уыдон разындысты æргом æмæ хæларзæрдæ адæймæгтæ, махимæ зарыдысты æмæ худтысты. Мах та уыдонимæ куыдтам беслайнаг трагедийы фæмардуæвæг сывæллæтты тыххæй. Уый уыд эмоционалон æгъдауæй тынг хъæздыг балц», – загъта Къацты чызг.

Клуб «Аполлон»-ы сæргълæууæджы ныфс ис, балцы хайадисджыты ‘хсæн хæлардзинад кæй адарддæр уыдзæн, уымæй. Ацы фæндоны фарс рахæцыд Беслæны 1-æм скъолайы раздæры ахуыргæнинаг Мысыкъты Ацæмæз. «Бавзæрстам æнахуыр эмоцитæ, стыр райгондæй баззадыстæм балцы организатортæ Къацты Олеся æмæ Бестауты Балайæ, афтæ ма клубы диссаджы фæсивæдæй. Хорз уаид, ацы балцытæ куы суаиккой традицион æмæ Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны фæсивæд кæрæдзимæ куы цæуиккой æмæ куы ныхас кæниккой, уый. Махæн тынг ахсджиаг у иу идея, иу хъуыды, зæгъгæ, Ирыстон у иу», – банысан кодта Мысыкъты Ацæмæз.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ балцы хайадисджыты майкæтыл фыст кæй уыд: Иу хъысмæт, иу адæм, иу Ир. Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ цæгатирыстойнаг фæсивæд семæ кæй æрбахастой Беслæны 1-æм астæуккаг скъолайы æрцæугæ æгъатыр трагедиимæ баст чингуытæ, кæцыты балæвар кодтой клуб «Аполлон»-æн.

  Нæ уацх.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.