Фосдарды куыстыл лæуд у Цхинвалы районы Тъбеты хъæуы цæрæг æвзонг адæймаг Цхуырбаты Иван. Ацы хæдзарвæндагæн фыдæлтæй фæстæмæ хъæууонхæдзарадон куыстытæ æххæст кæнынмæ уарзондзинад баззад, сæхи никуы атигъ кодтой зæххы куыст æмæ фосдард рæзын кæнынæй.

Алы хатт дæр сын уыд зæрдæрухсгæнæн æнтыстытæ æмæ сæ хæрзиуæгон архайдæй цæ-виттон æвдыстой æндæртæн дæр.

Йæ хистæрты хорз хъуыддæгтыл хæст у Иван, æмæ намысджынæй фæллой кæны, куыд хисæрмагонд, афтæ фермерон хæдзарады дæр. 2007 азы аскъуыддзаг кодта фермерон хæдзарады сæргъ слæууын æмæ йын бантыст, цыбыр рæстæгмæ йæ фермæ «Тъбет» районы хæдзарадты ’хсæн раззагдæрты рæнхъы æрлæууын кæнын. Хæдзарадмæ ма ис цалдæр гектары зæхх, Иван æй бакусы йæ агротехникæйы домæнтæм гæсгæ æмæ дзы райсы зæрдæйы фæндиаг тыллæг.

Цхуырбайы фырт йæ хæдзарадмæ æрбахуыдта куыстуарзаг æмæ хъуыддаг цырын кæныныл иузæрдион æвзонг лæппу Бибылты Мэлсы æмæ дыууæйæ дæр тырнынц зæхгуыст æмæ фосдарды къабæзты раппæлинаг фæстиуджытæм.

Афтæ у ныртæккæ дæр, дыууæ хæдзардзин фермеры бацархайдтой мæр тауынæввонг æр-кæнынмæ æмæ уал бахуым кодтой 60 гектары. Куыддæр уалдзыгон кусынæн бæзгæ бонтæ æрбалæууой, афтæ дзы байтаудзысты хъæбæрхор æмæ цъойы культурæтæ.

Хæдзарадæн хорз æнтыстытæ вæййы фосдарды дæр. Рæстæгыл фосæн æрæфтауц кæнынц холлаг æмæ æдыхстæй арвитынц сæ зымæгон бонтæ. Ныртæккæ уал сæм ис 50 стуры æмæ райдыдтой цот кæнын: ис уал сæм 7 роды, æдæппæт та уыдзысты 25. Хорз хъуыддаг у, хæдзарад йе ‘ркæнгæ продукцийæ кæй фæкæсы нæ горæты цæрджытæм, уый дæр.

«Тъбет»-ы хæдзарад йæ куысты уыцы фæстиуджытыл не ’рлæудзæн, йæ фæнд у дарддæр ноджы фылдæр æнтыстытæ равдисын æмæ сын бантысæд.

Хуыбиаты Никъала