Адæймаг куыстуарзаг куы уа, уæд ын æрæнцой нæ вæййы, æппынæдзух змæлгæ фæкæны йæ хъуыддæгтыл. Ахæм фæллойгæнæг зындзинæдтæй нæ фæтæрсы. Фæтырны уыдон, æвæстиатæй, аскъуыддзаг кæнынмæ, цæмæй ног куысты сæргъы балæууа. Ахæм зондыл хæст у Къостайыхъæуы цæрæг Хуыбиаты Мити (Эдуард) дæр. Æвзонг дæр нал у, фæлæ нæма дæр нæу зæронд, рагæй фæстæмæ физикон куыстыл йæ къух нæ исы. Уый нæ, фæлæ куыстæй исы æхцондзинад, ахæм æхцондзинад дзы райсынц, йæ зæрдæмæдзæугæ фæллой йын чи фены, уыдон се ‘ппæт дæр.

Мити æрвылаз дæр йæ хæдзаргæрон зæххы фадыгмæ базилы агротехникæйы домæнтæм гæсгæ æмæ йе ‘ркæнгæ тыллæгæй барухс вæййы бинонты зæрдæ. Ацы аз дæр уалдзыгон кусгæ бонты æнцад нæ бадт, фыццаджыдæр уал йæ дыргъдонмæ базылд, бæлæсты хус æмæ уæлдай къалиутæ бахсæста æмæ сын схырыз кодта сæ алыварс мæр. Бацымыдис кодтон, дыргъбæлæстæй йæ хуымзæххы цытæ ис æмæ уыдон та сты фæткъуыбæласы цалдæр мыггаджы, стæй чылауи, æхсынцъы, алтъами, кæрдо, легъуи, королек, гранат æмæ æндæртæ. Хицæн бынат бацахста йæ сæндоны фæзуат дæр, уый дæр ивгъуыд аз фæззæгæй фæстæмæ æййафы хорз зылд æмæ ныр цуппæлтты уындæй рухс кæны адæймаджы зæрдæ. Уымæй дарддæр фырзад сты мæнæргъы, хъæлæрдзыйы къутæртæ. Йе ‘фсин Ханиффæимæ ма базилынц пъамидор, джитъри æмæ  цæхæрадоны æндæр халсæрттæм дæр æмæ се ‘ркæнгæ тыллæг вæййы бæркадджын. Дзæвгар фæзуат бацахстой хъæдуры хуымтæ æмæ кæд къæвдаджын аз у, уæддæр сæ барувы рæстæгæй-рæстæгмæ æмæ дзы хæснагæн иу хæмпæлгæрдæг дæр не ссардзынæ. Фæлæ иууыл диссаг адæймагмæ фæкæсы, куыд рæнхъгай æмæ сæ æмхуызон байтыдта, раст сæ цыма тауæн агрегат байтыдта, афтæ сты.

«Иурæстæджы мæ хуымзæххы цурты фæцæйцыд нæ Национ музейы директор Зассеты Мераб, фæсидт мæм æмæ мын арфæтыл схæцыд мæ хæрзгуыст зæххы фадыджы тыххæй. Æз, зæгъ, уыйбæрц рацардтæн, бирæ бынæттæм ацæуын, фæлæ ахæм хæрзгуыст цæхæрадон никуыма федтон æмæ мын бузныгтæ фæдзырдта», – зæгъы Мити. Æндæр æцæгæлон нæлгоймаг та йæм бахатыд, цæмæй йын фенын кодтаид, хъæдуры хуымтæ йын цы агрегат байтыдта, уый. Уайтагъд йæ зæххы фадыгæй къæпи раскъæфта æмæ йын æй мидбылхудгæйæ фенын кодта, зæгъгæ, мæнæ уый у мæ тауæн машинæ. Йæ хуымзæххы хицæн фадыджы тыд ницыма ис, фæлæ уый дæр æнæхъуаджы афтæ нæ ныууагъта, кæронæй дзы байтыдта насы мыггаг æмæ цæмæй иннæ культурæты ма хъыгдара, уый тыххæй сын уыцы фæзуат уыдзæн фаг.

Куыстуарзаг адæймаг

Хуыбиайы фырт канд йæ хуымзæххы нæу намысджын фæллойгæнæг, фæлæ ма уыимæ иумæ йæ хæстæ ныр 25 азы намысджынæй æххæст кæны хъæуы куыройы дæр. Хорз рæхсы куыройы дуртæ рацæгъдынмæ, стæй æндæр хъуыддæгтæм дæр æмæ йæ кæддæриддæр дары ифтонгæй. Рæстæджы цыдимæ нæ республикæйы куырæйттæ скадавар сты æмæ йæм се ссинæгтимæ æрбацæуынц алы бынæттæй. Бон нæма æрбацъæх, фæлæ уыцафон дæр се ссинæгтæ ссадта, Дзауæй йæм цы дыууæ нæлгоймаджы æрбацыд, уыдонæн. Фæлхасгæнджытæм ын ис хорз ахаст æмæ дзы кæддæриддæр баззайынц райгондæй.

                                                                               ХУЫБИАТЫ Никъала

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.