Фыдбылызæн бирæ нæ хъæуы, фæзæгъынц. Уый афтæ у, æндæра декабры хъарм бонтæй иу аходæнафон зынджы хай нæ бауыдаид Цхинвалы районы Тъбеты хъæуы цæрæг Гаглойты Алыксандры хæдзар. Фыдбылызы рæстæджы хæдзары бинонтæй уым ничи уыд æмæ хъæдын бæстыхайы арты æвзæгтæ цыбыр рæстæгмæ иууылдæр бацахстой. Зынгхуыссынгæнджытæ бæргæ цырд архайдтой, фæлæ уыдонæн дæр сæ бон нал баци хæдзар аирвæзын кæнын. Бинонтæ зымæджы къæсæрыл тыхст уавæры бахаудысты, дарддæр кæм цардаиккой, ууыл уыд сæ хъуыды. Фæлæ та ацы хатт дæр нæ Республикæйы Президент Бибылты Анатоли бинонты æнцой балæууыд, бахæс кодта, цæмæй сын самал кæной цæрæн вагон. Уыцы ахсджиаг хæс æххæст æрцыд æмæ сæм ацы бонты фæхæццæ, 30 квадратон метры бæрц йæ фæзуат кæмæн у, ахæм вагон. Уымæй дарддæр ма сын Президент ныфс бавæрдта цæрæн хæдзар саразынæй дæр æмæ уæд бынтон фæхуыздæр уыдзысты сæ цардуагон уавæртæ. Ахæм аудындзинады тыххæй Гаглойты бинонтæ бузныг сты Бибылы фыртæй æмæ йын зæгъынц сæ иууыл хуыздæр фæндиæгтæ.ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.