Ног азы агъоммæ бирæ хорз цаутæ æрцыдис нæ республикæйы царды. Эксплуатацимæ лæвæрд æрцыдысты къорд цæрæн хæдзæрттæ, социалон æмæ æндæр нысаниуæджы объекттæ.

Сæ  Ног азыл стыр цины æнкъарæнтимæ сæмбæлдысты Цхинвалы районы Дменисы хъæуы  Дзанайты æмæ Бибылты бирæсывæллонджын бинонтæ дæр. Нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли сын сæ къухтæм радта ногарæзт хæдзæртты дæгъæлтæ. Хæдзæрттæ арæзт æрцыдысты хæрзаудæн фонд «Иууон Алани»-йы финансон фæрæзтæй.

Хæдзæртты бинонты ныхæстæм гæсгæ сын тынг бахъыгдард сты 2008 азы августы хæсты рæстæджы. Уæд Дменисы хъæуыл кодта тугуарæн. Æхстой йæ алырдыгæй – Уанатæй, Ередæй, Ксуисæй, Дисеуæй. Рæмудзæн æрмæг комкоммæ æрхауд Бибылты Русланы хæдзарыл æмæ ссыгъдис. Дзанайты Амираны хæдзар кæд судзгæ нæ бакодта, уæддæр йæ фарсмæ цы рæмудзæн минæтæ æрхаудтой, уыдонæй афтæ ныппырх æмæ йæ мидæг цы сывæллæттæ уыдис, уыдон ма цыдæр амондæн удæгасæй аирвæзтысты. Уæдæй абонмæ кæд ацы хæдзæртты бинонтæ хъизæмайраджы цард кодтой æмæ алы инстанцитæм сæ хъаст хастой, уæддæр æрмæстдæр, ныр, Ног азы хæдразмæ ног цæрæн хæдзæртты хицæуттæ баисты. Хæдзæртты цæрынæн арæзт æрцыд æппæт уавæртæ дæр.

Бибылты Анатоли ацы бинонтæн хæдзæртты дæгъæлтæ дæттыны рæстæджы уыдонæн зæрдæбын арфæтæ ракодта. Йæ цæст сын бауарзта, цæмæй сыл сæ алы Ног азтæ дæр дзæбæх æмæ æнæнизæй цæуой.

«Цалдæр азы хъизæмайраг царды фæстæ, ныр уæ Ног аз банысан кæндзыстут рæсугъд, райдзаст, цæрынæн комфортон уавæртæ кæм ис, ахæм хæдзæртты æмæ сæ амондджынæй цæрут. Кæстæрарæх уæт уæ хæдзæрттæ», – загъта Президент.

Ног хæдзæртты хицæуттæн зæрдæбынæй раарфæ кодта Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæг Мамытаты Вахтанг дæр. Йæ раныхасы уый банысан кодта, хæсты рæстæджы нæ республикæйы районтæй иууыл стырдæр зиæнттæ кæй æрцыд Цхинвалы районы хъæуты цæрджытыл.

«Бузныг нæ Президентæн, уый стыр хъусдард здахы нæ районы хъæуты цæрджыты уавæртæ фæхуыздæр кæнынмæ. Бирæ сарæзта цæрджытæн æмæ дард-дæр дæр араздзæнис. Адæмы бæргæ афтæ фæнды, цæмæй алцыдæр тагъд арæзт æрцæуа, фæлæ æвиппайдæй алцæмæн аразæн нæй. Бирæ арæзт цæуы æмæ дарддæр дæр æнæхъусдардæй нæ баззайдзæнис, цæрынæн æмбæлон уавæртæ кæмæн нæй, уыдонæй иу æмбæстаг дæр», – загъта районы сæргълæууæг.

Хæдзæртты хицæуттæ сæ рады бузныг загътой паддзахады сæргълæууæгæн. «Йæ архайд адæмы хæрзæбонæн у æмæ йæ адæмы хорзæх уæт. Мах зæрдæтæ куыд барухс сты, афтæ рухс цард кæнæд йæхæдæг дæр», – загъта хæдзары хицæуттæй сæ иу –  Дзанайты Амиран.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ацы азы кæронмæ ног цæрæн хæдзæртты дæгъæлтæ лæвæрд кæй æрцæудзысты Цхинвал æмæ нæ республикæйы районтæй – 28 бинонтæн. Афтæ ма афæдзы дæргъы арæзт æмæ цалцæг æрцыдысты 30 муниципалон цæрæнуаты, раивдæуыд 150 цæрæн хæдзæртты æмбæрзтытæ.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.