Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста, Æхсæнадон химæисæнмæ чи бахатыд, уыцы æмбæстæгты. 5 ноябрæй 9 ноябрмæ республикæйы сæргълæууæг æркаст 15 æмбæс-таджы куырдиатмæ, кæцытæн сæ проблемæ баст уыд цæрæнуатимæ.

Цхинвалы районы Присы хъæуы цæрæг Пухаты Ксения Президентæн радзырдта йæ зын уавæры тыххæй: йæ фырт æмæ чызг амардысты гуырдзыйы агрессийы æндæр æмæ æндæр рæстæджыты, 2008 азы та йæ хæдзар ныппырх. Уый Президентмæ бахатыд, цæмæй йын йæ хæдзар сцалцæг кæной.

Бибылты Анатоли бахæс кодта, цæмæй фарст сахуыр кæной æмæ уый фæстæ скъуыддзаг æрцæудзæн, цалцæг кæнын, æви ног хæдзар саразын хъæуы, уый.

Зын уавæры сты Дзабиты Луизæйы бинонтæ дæр, кæцы цæры Цхинвалы районы Къусреты хъæуы. Йæ цард-æмбал Битеты Павел æмæ йæ лæппу сты фыццаг къорды инвалидтæ. Уыдонæн сæ хæдзар бахъыгдард ис хæстон архайдтыты рæстæджы, йæ лæппуйæн та йæ бон нæу цæуын æмæ йæ хъæуы инвалидон коляскæ.

Паддзахады сæргълæууæг Дза-биты Луизæйæн ныфс бавæрдта, хæдзар аразын кæй райдайдзысты иннæ азы райдианы. Уый ма бахæс кодта, цæмæй æлхæд æрцæуой инвалидон коляскæ æмæ хостæ.

Цхинвалы районы Къостайыхъæуы цæрæг Дзуццаты Галинæйы хæдзары арæзтад дæр райдайдзысты 2019 азы.

«Мах Къостайыхъæуы цалдæр хæдзар сарæзтам, дæуæн дæр æй сараздзыстæм», – загъта Бибылты Анатоли.

Дзауы районы Хслебы хъæуы цæрæг Цхуырбаты Хасаны хæдзар дæр цалцæггонд æрцæудзæн.

Цхинвалы районы Дменисы хъæуы цæрæг Джиголаты Сенотæйы куыр-диат цæрæн вагон ын рахицæн кæныны тыххæй равзарын Президент бахæс кодта парти «Иугонд Алани»-йы лидер Тадтаты Аланæн.

«Парти «Иугонд Алани» районы цæрджытæн регуляронæй æххæст кæны ахæм æххуыс.  Æз бахатдзынæн, цæмæй дæуæн дæр рахицæн кæной цæрæн вагон», – загъта Президент.

Болататы Хатуна радзырдта, зæгъгæ, экспертизæйы хатдзæгтæм гæсгæ Цхинвалы Хъайтарты уынджы йæ хæдзары 71 проценты у пырх æмæ цæры ныккæнды.

Бибылты Анатоли бахæс кодта, цæмæй хæдзар капиталон цалцæг æрцæуа. Ахæм хæс ма уый радта Кæсæбиты Линдайы  æмæ Тедиашвили Тинайы хæдзæртты тыххæй дæр.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.